6 СӔР
Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы сывӕллон
-
ЙЕСОЙӔН СУНӔТ СКОДТОЙ, ФӔСТӔДӔР ТА ЙӔ КУВӔНДОНМӔ ӔРБАХАСТОЙ
Иосиф ӕмӕ Марийӕ уайтагъд Назаретмӕ нӕ аздӕхтысты, фӕлӕ ма Вифлеемы иуцасдӕр баззадысты. Ӕмӕ Йесойыл аст боны куы сӕххӕст, уӕд ын Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ сунӕт скодтой (Левит 12:2, 3). Уымӕй уӕлдай ма израилӕгтӕм ахӕм ӕгъдау дӕр уыди, ӕмӕ-иу ноггуырд лӕппуйыл ном дӕр уыцы бон сӕвӕрдтой. Иосиф ӕмӕ Марийӕ сӕ фырты схуыдтой Йесо, зӕд Гавриил сын куыд загъта, афтӕ.
Рацыд мӕйӕ фылдӕр. Йесойыл цыди 40 боны, ӕмӕ йӕ йӕ ныййарджытӕ ахастой Иерусалиммӕ. Вифлеемӕй уырдӕм цалдӕр километры йеддӕмӕ нӕ уыд. Закъоны фыст уыди, зӕгъгӕ, лӕппуйы райгуырдӕй 40 боны куы рацӕуа, уӕд мад хъуамӕ кувӕндоны нывонд ӕрхӕсса, йӕ сыгъдӕггӕнӕн бонтӕ кӕй фесты, уый номыл (Левит 12:4–8).
Ӕмӕ Марийӕ дӕр афтӕ бакодта. Нывондӕн ӕрхаста дыууӕ гыццыл цъиуы. Уымӕй бӕрӕг у, Иосиф ӕмӕ Марийӕ хъӕздыг кӕй нӕ уыдысты. Закъонмӕ гӕсгӕ ӕрхӕссын хъуыди, афӕдз кӕуыл нӕма цыд, ахӕм фыркъа ӕмӕ бӕлон кӕнӕ ӕхсинӕг. Фӕлӕ адӕймагӕн йӕ къух уыйбӕрц куы нӕ амыдтаид, уӕд та-иу йӕ бон ӕрхӕссын уыди дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕлоны. Уӕдӕ Марийӕ нывондӕн ӕрхаста, йӕ бон цы уыд, уый.
Кувӕндоны Иосиф ӕмӕ Марийӕмӕ ӕрбацыд ацӕргӕ лӕг, Симеон, зӕгъгӕ. Йегъовӕ йын раргом кодта, цалынмӕ, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Чырыстийы, кӕнӕ Мессийӕйы, нӕ фена, уӕдмӕ кӕй нӕ амӕлдзӕн. Гъемӕ уыцы бон Симеоны сыгъдӕг тых сразӕнгард кодта, цӕмӕй кувӕндонмӕ ацыдаид. Уым Симеон федта Иосиф ӕмӕ Марийӕйы сӕ ноггуырд лӕппуимӕ.
Симеон Йесойы йӕ хъӕбысмӕ райста ӕмӕ Хуыцауӕн арфӕ кӕнын райдыдта: «Ныр, Дунедарӕг Хуыцау, куыд загътай, афтӕ дӕ цагъары уадзыс, ӕмӕ ныр фарнимӕ ӕрӕнцайдзынӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз федтон, адӕмы чи фервӕзын кӕндзӕн, уый. Ды йӕ ӕрцӕттӕ кодтай, ӕмӕ йӕ федтой ӕппӕт адӕмтӕ. Уый у, адӕмтыл цы ӕмбӕрзӕн ис, уый чи сисдзӕн, уыцы рухс ӕмӕ дӕ адӕм Израилӕн – йӕ кад» (Лукайы 2:29–32).
Иосиф ӕмӕ Марийӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд сӕ дисӕн кӕрон нал уыди. Симеон сын раарфӕ кодта ӕмӕ стӕй Марийӕйӕн загъта, йӕ лӕппу лӕвӕрд кӕй у, «цӕмӕй уый тыххӕй Израилы иутӕ фӕкӕлой, иннӕтӕ та сӕ къахыл слӕууой», ӕмӕ йӕхӕдӕг та, цыма йӕ зӕрдӕйы стыр кард ахызт, афтӕ кӕй фӕуыдзӕн (Лукайы 2:34).
Уыцы бон ма кувӕндоны уыд ноджыдӕр иу адӕймаг – 84-аздзыд ус-пехуымпар Аннӕ. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Аннӕ ӕдзухдӕр кувӕндоны уыд. Гъемӕ раст уыцы сахат Иосиф, Марийӕ ӕмӕ гыццыл Йесомӕ бацыд. Аннӕ Хуыцауӕн арфӕ кӕнын райдыдта ӕмӕ, уым чи уыди, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр Йесойы тыххӕй дзырдта.
Уӕдӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕ куыннӕ хъуамӕ цин кодтаиккой, кувӕндоны сыл цы диссаджы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоныл! Уыцы хабӕрттӕ иууылдӕр ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ сӕ фырт уыди, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, Уый.