Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

10 СӔР

Йӕ ныййарджытимӕ ацыд Иерусалиммӕ

Йӕ ныййарджытимӕ ацыд Иерусалиммӕ

ЛУКАЙЫ 2:40–52

  • ДЫУУАДӔСАЗДЗЫД ЙЕСО АХУЫРГӔНДЖЫТӔМ ФАРСТАТӔ ДӔТТЫ

  • ЙЕСО ЙЕГЪОВӔЙЫ ХОНЫ, «МӔ ФЫД», ЗӔГЪГӔ

Ӕрхӕццӕ уалдзӕг. Ӕмӕ та Иосифы бинонтӕ сӕхи рӕвдз кодтой, цӕмӕй та ацы аз дӕр сӕ хиуӕттӕ ӕмӕ се ’мбӕлттимӕ Иерусалиммӕ ацыдаиккой. Цыдысты Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ, Закъоны куыд фыст уыд, уымӕ гӕсгӕ (Дыккаг закъон 16:16). Назаретӕй Иерусалиммӕ уыд 120 километры бӕрц. Бинонтӕ иууылдӕр сӕхи цӕттӕ кодтой ӕмӕ уыцы хъӕлдзӕг уыдысты. Дыууадӕсаздзыд Йесо уӕлдай зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ каст бӕрӕгбонмӕ. Тагъд та кувӕндон йӕхи цӕстӕй фендзӕн!

Йесо ӕмӕ йӕ бинонтӕн Куадзӕн иу боны бӕрӕгбон нӕ уыд. Куадзӕны фӕстӕ цы бон уыд, уымӕй-иу райдыдта Донгонд дзулты бӕрӕгбон, ӕмӕ-иу уыцы бӕрӕгбон ахаста авд боны (Марчы 14:1). Донгонд дзулты бӕрӕгбоны бонтӕ дӕр нымадтой Куадзӕны бонтыл. Иерусалимы-иу цас фесты, стӕй ма-иу фӕндагыл цас бахъуыдысты, уыцы рӕстӕг-иу ӕмткӕй ахаста дыууӕ къуырийы бӕрц. Фӕлӕ уыцы аз Йесойы тыххӕй сӕ балц дзӕвгар фылдӕр ахаста. Иерусалимӕй фӕстӕмӕ куы цыдысты, уӕд цыдӕр хабар ӕрцыд. Цавӕр хабар?

Иосиф ӕмӕ Марийӕ фӕстӕмӕ дӕр сӕ хиуӕттӕ ӕмӕ се ’мбӕлттимӕ цыдысты ӕмӕ ӕнхъӕлдтой, Йесо уыдонимӕ ис. Фӕлӕ ӕхсӕв сӕ фӕллад суадзынмӕ куы ’рлӕууыдысты, уӕд ӕй не ссардтой. Ӕмӕ йӕ уӕд се ’мбӕлццӕтты ’хсӕн агурын райдыдтой, фӕлӕ семӕ дӕр нӕ разынд. Сывӕллон цыдӕр фӕци! Уӕд Иосиф ӕмӕ Марийӕ йӕ агурӕг фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхтысты.

Ӕнӕхъӕн бон ӕй фӕцагуырдтой, фӕлӕ йӕ не ссардтой. Нӕ йӕ ссардтой дыккаг бон дӕр. Ӕртыккаг бон сӕ фырты кувӕндоны алы къуымты фӕцагуырдтой ӕмӕ йӕ кӕддӕр дзуттаг ахуыргӕнджыты ’хсӕн бадгӕ ссардтой. Йесо ахуыргӕнджытӕм хъуыста ӕмӕ сӕм фарстатӕ лӕвӕрдта, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр дис кодтой, куыд ӕмбаргӕ уыд, ууыл.

Марийӕ йӕ бафарста: «Хъӕбул, уый нын цы ми бакодтай? Дӕ фыдимӕ дӕу агурынӕй нӕ сӕрӕн куы ницыуал зыдтам» (Лукайы 2:48).

Йесомӕ диссаг фӕкаст, йӕ ныййарджытӕ, кӕм хъуамӕ уыдаид, уый кӕй нӕ зыдтой, ӕмӕ сӕ бафарста: «Ӕмӕ мӕ цӕмӕн агуырдтат? Нӕ йӕ зыдтат, ӕз мӕ Фыды хӕдзары кӕй дӕн? Ӕндӕр кӕм хъуамӕ уыдаин?» (Лукайы 2:49).

Стӕй Йесо йӕ ныййарджытимӕ Назаретмӕ ӕрыздӕхт ӕмӕ дарддӕр дӕр сӕ коммӕ каст. Йесо рӕзыд ӕмӕ зондджынӕй-зондджындӕр кодта. Ӕмӕ кӕд нырма хӕрз ӕрыгон уыд, уӕддӕр ӕй Хуыцау дӕр ӕмӕ адӕм дӕр бирӕ уарзтой. Куыд уынӕм, афтӕмӕй Йесо йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ фӕзминаг уыд, йӕ зӕрдӕ Хуыцауы хъуыддӕгтимӕ баст кӕй уыд, ӕрмӕст уымӕй нӕ, фӕлӕ, йӕ ныййарджыты кӕй нымадта, уымӕй дӕр.