Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

118 СӔР

Карз быцӕу, уӕлдӕр чи у, уый фӕдыл

Карз быцӕу, уӕлдӕр чи у, уый фӕдыл

МАТФЕЙЫ 26:31–35 МАРЧЫ 14:27–31 ЛУКАЙЫ 22:24–38 ИОАННЫ 13:31–38

  • ЙЕСО ДЗУРЫ, УӔЛДӔР ЧИ У, УЫЙ ТЫХХӔЙ

  • ЙЕСО РАГАЦАУ ЗАГЪТА, ПЕТР КӔЙ НӔ БАСӔТДЗӔН, КӔЙ ЙӔ ЗОНЫ, УУЫЛ

  • ЧЫРЫСТИЙЫ ФӔДЫЛДЗӔУДЖЫТЫ БАЗОНӔН ИС СӔ УАРЗОНДЗИНАДӔЙ

Йесо йӕ апостолтимӕ фӕстаг изӕр куы уыди, уӕд сын сӕ къӕхтӕ ныхсадта ӕмӕ сын афтӕмӕй равдыста, кӕрӕдзийӕн сӕрныллӕгӕй кӕй хъуамӕ лӕггад кӕной. Уый апостолтӕн хъуамӕ стыр зонды хос фӕуыдаид. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ кӕд Хуыцауыл иузӕрдион уыдысты, уӕддӕр нырма сӕ мӕт уыди, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл (Марчы 9:33, 34; 10:35–37). Ӕмӕ та сӕ лӕмӕгъдзинад фӕстаг изӕр дӕр йӕ сӕр сдардта.

Апостолты ’хсӕн «карз быцӕу» рауад, «уӕлдӕр сӕ чи хъуамӕ уа, ууыл» (Лукайы 22:24). Ахъуыды-ма кӕн, ногӕй та кӕй фӕбыцӕу сты, уый Йесойӕн куыд зын уыдаид! Цымӕ ныр та цы сараздзӕн?

Ахӕм зондыл хӕст кӕй уыдысты, уый тыххӕй сӕ хылы бын нӕ фӕкодта, фӕлӕ та сын ацы хатт дӕр сабырӕй загъта: «Ацы дунейы паддзӕхтӕ сӕхи адӕмӕн ӕлдӕрттӕ кӕнынц, ӕмӕ, адӕмыл йӕ бар кӕмӕн цӕуы, уыдоны хӕрзгӕнджытӕ хонынц. Сымах та афтӕ ма кӕнут. [...] Чи у уӕлдӕр: фынгыл бадӕг ӕви лӕггадгӕнӕг?» Ӕмӕ сын стӕй сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ӕдзухдӕр сын фӕзминаг цӕмӕй уыд, уый. Загъта сын: «Ӕз та уын дӕн лӕггадгӕнӕгау» (Лукайы 22:25–27).

Кӕд апостолтӕм цыдӕр хъӕндзинӕдтӕ уыди, уӕддӕр зын рӕстӕджыты Йесойы иунӕгӕй никуы ныууагътой. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ загъта: «Ӕз уемӕ аразын бадзырд паддзахады тыххӕй, мӕ Фыд мемӕ куыд сарӕзта бадзырд паддзахады тыххӕй, афтӕ» (Лукайы 22:29). Апостолтӕ уыдысты Йесойы иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ. Ӕмӕ семӕ бадзырд кӕй скодта, уымӕй сын бӕлвырд бамбарын кодта, уӕларвон Паддзахады йемӕ паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты.

Фӕлӕ сӕм кӕд ахӕм диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ каст, уӕддӕр нырма ӕнӕххӕст зӕххон адӕймӕгтӕ уыдысты. Йесо сын загъта: «Сайтан куырдта, цӕмӕй мӕнӕуау луӕрст ӕрцӕуат». Мӕнӕу-иу куы луӕрстой, уӕд-иу алырдӕмты ныппырх (Лукайы 22:31). Стӕй ма сын загъта: «Ахсӕв мӕ уе ’ппӕт дӕр ныууадздзыстут, уымӕн ӕмӕ фыст у: „Фыййауы ӕрцӕвдзынӕн, ӕмӕ фысты дзуг алырдӕмты фӕлидздзӕн“» (Матфейы 26:31; Захари 13:7).

Фӕлӕ Петр стыр дзыхӕй дзырдта: «Се ’ппӕт дӕр дӕ куы ныууадзой, уӕддӕр дӕ ӕз никуы ныууадздзынӕн!» (Матфейы 26:33). Ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта, ахсӕв уасӕг дыууӕ хатты нӕма ныууасдзӕн, афтӕ дзы кӕй зӕгъдзӕн, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ дарддӕр йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ӕз зӕрдиагӕй куывтон дӕу тыххӕй, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма фесафай. Ӕмӕ куы ’рфӕсмон кӕнай, уӕд-иу де ’фсымӕрты бафидар кӕн» (Лукайы 22:32). Фӕлӕ уӕддӕр Петр йӕхимӕ марӕн кӕрдтӕ хаста: «Демӕ мӕ амӕлын куы бахъӕуа, уӕддӕр афтӕ нӕ бакӕндзынӕн» (Матфейы 26:35). Ӕмӕ афтӕ дзырдтой иннӕ апостолтӕ дӕр.

Уӕд Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ хъӕбултӕ, иу гыццыл ма дӕн уемӕ. Агурдзыстут мӕ, фӕлӕ, дзуттӕгтӕн куыд дзырдтон, ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм сымахӕн уӕ бон ацӕуын нӕу, зӕгъгӕ, афтӕ зӕгъын ныр сымахӕн дӕр». Ӕмӕ стӕй йӕ ныхас адарддӕр кодта: «Ӕз уын дӕттын ног фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзийы уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы. Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоанны 13:33–35).

Петр уый куы фехъуыста, ӕмӕ Йесо семӕ гыццыл рӕстӕг йеддӕмӕ нал уыдзӕн, уӕд ӕй бафарста: «Хицау, ӕмӕ кӕдӕм цӕуыс?» Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм дӕуӕн ныртӕккӕ нӕу дӕ бон мӕ фӕдыл ацӕуын, фӕлӕ фӕстӕдӕр рацӕудзынӕ мӕ фӕдыл». Цы зӕгъынмӕ хъавыд, уый Петрӕн йӕ зонд нӕ ахста, ӕмӕ йын загъта: «Хицау, ныртӕккӕ цӕуылнӕ у мӕ бон дӕ фӕдыл ацӕуын? Дӕу тыххӕй ӕз мӕ уд дӕр ратдзынӕн» (Иоанны 13:36, 37).

Уый фӕстӕ Йесо йӕ апостолтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Галилейӕйы сӕ хъусын кӕнынмӕ куы арвыста, уыцы хабар. Уӕд сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй семӕ мадӕр ӕхцадон ахастаиккой, мадӕр – хызыны хӕринаг (Матфейы 10:5, 9, 10). Ӕмӕ сӕ бафарста: «Уӕд, мыййаг, истӕмӕй цух ӕййӕфтат?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Ницӕмӕй!» Фӕлӕ сӕ дарддӕр та цы кӕнын хъуыди? Йесо сын радта ахӕм разамынд: «Ныр та уӕ ӕхцадон кӕмӕ ис, уый йӕ йемӕ райсӕд, афтӕ хызын дӕр. Хъама кӕмӕ нӕй, уый та йӕ уӕлӕдарӕс ауӕй кӕнӕд ӕмӕ дзы хъама балхӕнӕд. Зӕгъын уын: фыст цы у, уый хъуамӕ мӕныл сӕххӕст уа, ома, „фыдгӕнӕгыл ӕй банымадтой“, уымӕн ӕмӕ, мӕн тыххӕй фыст цы у, уый ныртӕккӕ ӕххӕст кӕны» (Лукайы 22:35–37).

Йесо сын, тагъд цы хъуамӕ ӕрцыдаид, уый кой кодта: фыдгӕнджытимӕ йӕ хъӕдыл байтындздзысты, ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ карз ӕфхӕрд ӕййафдзысты. Йӕ апостолтӕм афтӕ каст, ӕмӕ уымӕ цӕттӕ сты. Уымӕ гӕсгӕ йын загътой: «Хицау, мӕнӕ ам ис дыууӕ хъамайы!» Уый та сын загъта: «Фаг сты» (Лукайы 22:38). Дыууӕ хъамайы сӕм кӕй уыд, уый фӕрцы фӕстӕдӕр Йесойӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй ма сын ноджыдӕр иу ахсджиаг хъуыддаг бамбарын кодтаид.