Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

109 СӔР

Дины разамонджытӕн бауайдзӕф кодта

Дины разамонджытӕн бауайдзӕф кодта

МАТФЕЙЫ 22:41–23:24 МАРЧЫ 12:35–40 ЛУКАЙЫ 20:41–47

  • ЧЫРЫСТИ КӔЙ ФЫРТ У?

  • ЙЕСО ЙЕ ЗНӔГТЫ ЦӔСТМӔ МИТӔ ХУРМӔ КАЛЫ

Дины разамонджытӕн сӕ бон нӕ сси Йесойы адӕмы цӕсты бафтауын кӕнӕ йӕ ныхасӕй ӕрцахсын, ӕмӕ йӕ ромӕгты къухтӕм раттын (Лукайы 20:20). Ӕмӕ сын ныр, 11 нисаны, кувӕндоны Йесо фат сӕхирдӕм фӕзылдта ӕмӕ бӕлвырд бамбарын кодта, чи у, уый. Йӕхӕдӕг сӕ бафарста: «Цы хъуыды кӕнут Чырыстийы тыххӕй? Кӕй фырт у?» (Матфейы 22:42). Чырысти, ома Мессийӕ, Давиды байзӕддаг кӕй хъуамӕ уыдаид, уый алчидӕр зыдта. Ӕмӕ йын ӕндӕр цы хъуамӕ загътаиккой! (Матфейы 9:27; 12:23; Иоанны 7:42).

Ӕмӕ сӕ уӕд Йесо бафарста: «Ӕмӕ йӕ уӕд Давид Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разӕнгардӕй йӕ Хицау куыд хоны? Афтӕ куы дзуры, зӕгъгӕ, „Йегъовӕ мӕ Хицауӕн загъта: „Бад мӕ рахиз фарс, цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ“. Уӕдӕ йӕ кӕд Давид йӕ Хицау хоны, уӕд йӕ фырт куыд у?» (Матфейы 22:43–45).

Фарисейтӕ хъусӕй лӕууыдысты, уымӕн ӕмӕ афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, ӕмӕ сӕ Ромы ӕфсондзы бынӕй Давиды байзӕддаг, хуымӕтӕг зӕххон адӕймаг, фервӕзын кӕндзӕн. Фӕлӕ сын Йесо сӕ хъус ӕрдардта Давиды ныхӕстӕм – Псаломы 110:1, 2 стихты цы фыст ис, уымӕ. Ӕмӕ сын афтӕмӕй бамбарын кодта, Мессийӕ ӕнӕуи зӕххон хицау кӕй нӕ уыдзӕн. Мессийӕ у Давидӕн йӕ Хицау, ӕмӕ уал нырма хъуамӕ Хуыцауы рахиз фарс бадтаид ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ райстаид бартӕ йӕ къухмӕ. Ахӕм дзуаппы фӕстӕ ма Йесойӕн йе знӕгтӕ цы хъуамӕ загътаиккой!

Йесо фарисейтимӕ куыд ныхас кодта, уымӕ хъуыстой йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр чидӕртӕ дӕр. Ӕмӕ ныр йе ’ргом уыдонмӕ аздӕхта ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхста, чиныджыдӕснытӕй ӕмӕ фарисейтӕй уӕхи хизут, зӕгъгӕ. Уыдон «ӕрбадтысты Моисейы бынаты», цӕмӕй адӕмӕн Хуыцауы Закъон амыдтаиккой. Уымӕ гӕсгӕ Йесо йӕ ныхасмӕхъусджытӕн загъта: «Цыдӕриддӕр [уын] дзурынц, уый кӕнут, сӕ хъуыддӕгтӕ та сын ма фӕзмут, уымӕн ӕмӕ, цы дзурынц, уый сӕхӕдӕг нӕ аразынц» (Матфейы 23:2, 3).

Уый фӕстӕ сын Йесо сӕ цӕстмӕ митӕй кӕцыдӕрты кой скодта: «Сӕ ныхтыл ӕмӕ сӕ цӕнгтыл Закъоны ныхӕстимӕ цы къоппытӕ дарынц, уыдон фестырдӕр кӕнынц». Дзуттӕгтӕй иуӕй-иутӕ сӕ ныхтыл кӕнӕ сӕ цӕнгтыл дардтой гыццыл къоппытӕ. Сӕ мидӕг-иу уыди скъуыддзӕгтӕ Закъонӕй. Фӕлӕ фарисейтӕ уыцы къоппытӕ фестырдӕр кодтой, цӕмӕй сӕхи равдыстаиккой, мах Закъоныл тынг ӕнувыд стӕм, зӕгъгӕ. Йесо ма ноджыдӕр загъта, «сӕ уӕлӕдарӕсы хаутӕ та даргъдӕр фӕкӕнынц», зӕгъгӕ. Израилӕгтӕ-иу сӕ уӕлӕдарӕсы фӕдджитыл хъуамӕ скодтаиккой хаутӕ. Фӕлӕ-иу фарисейтӕ уыцы хаутӕ иннӕтӕй даргъдӕр фӕкодтой (Нымӕцтӕ 15:38–40). Ӕппӕт уыдӕттӕ арӕзтой «адӕмы цӕстмӕ» (Матфейы 23:5).

Кадмондаджы низӕй Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр хызт нӕ уыдысты, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ ахӕм уынаффӕ радта: «Сымах ахуыргӕнӕг мачи хонӕд, уымӕн ӕмӕ уын иу ахуыргӕнӕг ис, сымах та уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут. Стӕй зӕххыл уӕ фыд дӕр макӕй хонут, уымӕн ӕмӕ уын иу Фыд ис – уӕларвон Фыд. Разамонджытӕ дӕр уӕ мачи хонӕд, уымӕн ӕмӕ уын иу Разамонӕг ис – Чырысти». Уӕдӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕхимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кастаиккой ӕмӕ сӕхи куыд хъуамӕ дардтаиккой? Йесо сын загъта: «Уе ’хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд лӕггадгӕнӕг. Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн» (Матфейы 23:8–12).

Уый фӕстӕ Йесо цӕстмӕхъус чиныджыдӕснытӕн ӕмӕ фарисейтӕн загъта ахӕм карз ныхӕстӕ: «Додой уӕ къона, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ! Цӕстмӕхъустӕ! Сымах адӕмӕн уӕларвон паддзахады дуар ӕхгӕнут – уӕхӕдӕг дӕр нӕ хизут мидӕмӕ, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут» (Матфейы 23:13).

Йесо фарисейтӕн карзӕй бауайдзӕф кодта, Йегъовӕйы цӕсты сӕйрагдӕр цы у, уый кӕй ницӕмӕ дардтой, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, уыдон дзырдтой: «Исчи кувӕндонӕй куы расомы кӕна, уӕд ницы кӕны, фӕлӕ кувӕндоны сызгъӕринӕй чи расомы кӕна, уымӕн йӕ сомы ӕнӕсӕххӕстгӕнгӕ нӕй». Ӕмӕ афтӕмӕй равдыстой, куырмытӕй уӕлдай кӕй нӕ уыдысты. Кувӕндонӕй сын йӕ сызгъӕрин сӕйрагдӕр уыди. Адӕм дзы Йегъовӕйӕн кӕй куывтой ӕмӕ йӕм ӕнгомдӕр кӕй кодтой, уый сӕм нымады дӕр нӕ уыд. Стӕй «ницӕмӕ дардтой» Хуыцауы «Закъоны сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕ», ома «рӕстдзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинад» (Матфейы 23:16, 23; Лукайы 11:42).

Йесо уыцы фарисейтӕн загъта: «Куырм разамонджытӕ! Уӕ сӕн фӕрсудзгӕ кӕнут, цӕмӕй дзы къогъо ма уа, теуайы та ныхъуыргӕ акӕнут!» (Матфейы 23:24). Сӕ сӕны къогъо куы фӕуа, уый тӕссӕй-иу ӕй фӕрсудзгӕ кодтой, уымӕн ӕмӕ Закъонмӕ гӕсгӕ къогъо чъизи цӕрӕгойыл нымад уыди. Фӕлӕ Закъоны стырдӕр фӕдзӕхстытӕ та ницӕмӕ дардтой – раст-иу цыма теуайы аныхъуырдтой. Афтӕмӕй та теуа дӕр Закъонмӕ гӕсгӕ чъизи цӕрӕгой уыд, ӕмӕ ма уымӕй дӕр – къогъойӕ бирӕ стырдӕр! (Левит 11:4, 21–24).