Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

134 СӔР

Зӕппадз у афтид – Йесо райгас!

Зӕппадз у афтид – Йесо райгас!

МАТФЕЙЫ 28:3–15 МАРЧЫ 16:5–8 ЛУКАЙЫ 24:4–12 ИОАННЫ 20:2–18

  • ЙЕСО РАЙГАС

  • ЙЕСОЙЫ ЗӔППАДЗЫ РАЗ ЦЫ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД

  • ФӔЗЫНД ЦАЛДӔР СЫЛГОЙМАГМӔ

Сылгоймӕгтӕ Йесойы зӕппадз афтидӕй куы баййӕфтой, уӕд фырдиссагӕй цы акодтаиккой, уый нал зыдтой. Марийӕ Магдалинӕ азгъордта «Симон Петрмӕ ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинагмӕ, Йесо кӕй уарзта, уымӕ» (Иоанны 20:2). Фӕлӕ, уым чи баззад, уыцы сылгоймӕгтӕ зӕппадзы раз федтой зӕды. Мидӕгӕй та уыди ӕндӕр зӕд «даргъ урс дарӕсы» (Марчы 16:5).

Зӕдтӕй иу сылгоймӕгтӕн загъта: «Ма тӕрсут. Ӕз ӕй зонын, сымах, хъӕдыл кӕй байтыгътой, уыцы Йесойы агурут. Ам нӕй – райгас, куыд загъта, афтӕ. Мӕнӕ, кӕм ӕвӕрд уыд, уыцы бынат дӕр фенут. Ӕмӕ рӕвдздӕр ацӕут, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ын зӕгъут, мӕрдтӕй райгас ӕмӕ Галилейӕмӕ уӕ разӕй фӕцӕуы» (Матфейы 28:5–7). Уый фехъусгӕйӕ сылгоймӕгтӕ, «фыртӕссӕй ӕмӕ фырдиссагӕй сӕхи дӕр нал ӕмбӕрстой», афтӕмӕй азгъордтой хабар ахуыргӕнинӕгтӕн фехъусын кӕнынмӕ (Марчы 16:8).

Уӕдмӕ Марийӕ ссардта Петр ӕмӕ Иоанны ӕмӕ, йӕ лӕф-лӕф цыди, афтӕмӕй сын загъта: «Нӕ Хицауы нын зӕппадзӕй ахастой, ӕмӕ йӕ цы фӕкодтой, уымӕн ницы зонӕм» (Иоанны 20:2). Петр ӕмӕ Иоанн уырдӕм азгъордтой. Иоанн тагъддӕр згъордта, ӕмӕ фыццаг уый бахӕццӕ. Гъемӕ зӕппадзмӕ бакаст ӕмӕ дзы федта хӕцъилтӕ, фӕлӕ мидӕмӕ нӕ бахызт.

Фӕлӕ Петр куы ’рбахӕццӕ, уӕд уайтагъд мидӕмӕ бахызт ӕмӕ дзы федта кӕттаг хъуымац ӕмӕ, Йесойӕн йӕ сӕр цы хӕцъилы гӕбазӕй тыхт уыди, уый дӕр. Йӕ фӕстӕ Иоанн дӕр мидӕмӕ бахызт, ӕмӕ йӕ уӕд Марийӕйы ныхӕстӕ бауырныдтой. Фӕлӕ, Йесо кӕй райгас, уый уыдон дӕр нӕма ӕмбӕрстой, кӕд сын уый тыххӕй йӕхӕдӕг йӕ удӕгасӕй дзырдта, уӕддӕр (Матфейы 16:21). Ӕмӕ, цы ’рцыд, ууыл дисгӕнгӕйӕ сӕ хӕдзӕрттӕм ацыдысты. Марийӕ та фӕстӕмӕ зӕппадзы цурмӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ уым баззад.

Уыцы рӕстӕг иннӕ сылгоймӕгтӕ та Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕм азгъордтой, цӕмӕй сын, кӕй райгас, уый фехъусын кодтаиккой. Фӕндагыл сыл Йесо фембӕлд ӕмӕ сын загъта: «Уӕ фӕндаг раст!» Уыдон йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ «йын йӕ къӕхтыл ныттыхстысты». Уӕд сын Йесо загъта: «Ма тӕрсут! Цӕут ӕмӕ ме ’фсымӕртӕн зӕгъут, цӕмӕй Галилейӕмӕ ацӕуой. Уым мӕ фендзысты» (Матфейы 28:9, 10).

Уымӕй размӕ зӕхх куы нынкъуысыд ӕмӕ зӕд Йесойы зӕппадзы раз куы фӕзынд, уӕд хъахъхъӕнджытӕ «фыртӕссӕй ныррызтысты ӕмӕ арвы цӕфау фесты». Ӕмӕ сӕхи куы ’рӕмбӕрстой, уӕд горӕтмӕ бацыдысты ӕмӕ, «цы ’рцыд, уыдӕттӕ сауджынты хистӕртӕн рахабар кодтой». Уӕд сауджынтӕ дзуттӕгты хистӕр лӕгтимӕ бауынаффӕ кодтой, зӕгъгӕ, ӕфсӕддонтӕн гӕртам раттӕм, цӕмӕй, хабар ӕцӕгӕй куыд уыди, уый басусӕг кӕной ӕмӕ адӕмӕн дзурой: «Ӕхсӕвы, мах фынӕй куы уыдыстӕм, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ адавтой» (Матфейы 28:4, 11, 13).

Ромаг ӕфсӕддонтӕ сӕ хӕс ӕххӕстгӕнгӕйӕ кӕй бафынӕй сты, уый куы рахъӕр уыдаид, уӕд сӕ амардтаиккой. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ сауджынтӕ зӕрдӕ бавӕрдтой: «Ацы хабар [ома сӕ мӕнг ныхас, бафынӕй стӕм, зӕгъгӕ] бӕстӕйы хицауы хъустыл куы ’рцӕуа, уӕд... мах йемӕ аныхас кӕндзыстӕм, ӕмӕ уын ницы уыдзӕн» (Матфейы 28:14). Гъемӕ ӕфсӕддонтӕ дӕр ӕхца райстой ӕмӕ сын сауджынтӕ куыд загътой, афтӕ бакодтой. Уыйадыл дзуттӕгтыл ахӕлиу уыцы мӕнг ныхас, Йесойы мард адавтой, зӕгъгӕ.

Марийӕ Магдалинӕ та зӕппадзы раз лӕууыд ӕмӕ куыдта. Иуафон сылгоймаг ӕргуыбыр кодта, зӕппадзмӕ бакӕсон, зӕгъгӕ, ӕмӕ дзы федта дыууӕ зӕды урс дарӕсты. Сӕ иу бадт, Йесойы мард кӕм ӕвӕрд уыд, уым сӕрырдыгӕй, иннӕ та – къӕхтырдыгӕй. Зӕдтӕ Марийӕйы бафарстой: «Хорз ус, цӕуыл кӕуыс?» Марийӕ сын загъта: «Мӕ Хицауы мын ахастой, ӕмӕ йӕ цы фӕкодтой, уымӕн ницы зонын». Ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд фӕстӕмӕ акаст ӕмӕ федта ӕндӕр кӕйдӕр. Уый дӕр та йӕ, зӕдтӕ йӕ цӕмӕй бафарстой, уымӕй бафарста ӕмӕ ма йын ноджыдӕр загъта: «Кӕй агурыс?» Марийӕ фенхъӕлдта, ӕмӕ дыргъдонгӕс у, ӕмӕ йын загъта: «Хорз лӕг, кӕд ӕй ды ахастай, уӕд мын ӕй зӕгъ, цы йӕ фӕкодтай, ӕмӕ йӕ ӕз рахӕссон» (Иоанны 20:13–15).

Ӕцӕгӕй та Марийӕ Йесоимӕ ныхас кодта, фӕлӕ йӕ нӕ базыдта. Уӕд ӕм Йесо сдзырдта: «Марийӕ!» Ӕмӕ уӕд Марийӕ бамбӕрста, чи у, уый, уымӕн ӕмӕ-иу ӕм уымӕй размӕ дӕр афтӕ дзырдта. Ӕмӕ фырцинӕй фӕхъӕр кодта: «Раввуни!» (ома «Ахуыргӕнӕг!»). Фӕлӕ тарст, Йесо уӕлӕрвтӕм куы ацӕуа, уымӕй, ӕмӕ йыл ныххӕцыд. Уымӕ гӕсгӕ йын Йесо загъта: «Ма мыл хӕц. Ӕз мӕ Фыдмӕ нӕма ссыдтӕн. Фӕлӕ ацу ме ’фсымӕртӕм ӕмӕ сын зӕгъ: „Ӕз цӕуын мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ, мӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕ Хуыцаумӕ“» (Иоанны 20:16, 17).

Гъемӕ Марийӕ азгъордта, апостолтӕ ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕм ӕрӕмбырд сты, уырдӕм ӕмӕ ма иннӕ сылгоймӕгты ныхӕстӕм уый дӕр бафтыдта: «Ӕз Хицауы федтон!» (Иоанны 20:18). Фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, цы фехъуыстой, уый «дзӕгъӕл дзӕнгӕда» фӕкаст (Лукайы 24:11).