Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

139 СӔР

Йесо зӕххыл ногӕй Дзӕнӕт скӕндзӕн ӕмӕ йӕ хӕс кӕронмӕ сӕххӕст кӕндзӕн

Йесо зӕххыл ногӕй Дзӕнӕт скӕндзӕн ӕмӕ йӕ хӕс кӕронмӕ сӕххӕст кӕндзӕн

1 КОРИНФӔГТӔМ 15:24–28

  • ЦЫ ’НХЪӔЛМӔ КӔСЫ ФЫСТӔМ ӔМӔ СӔГЪТӔМ?

  • БИРӔТӔ ЦӔРДЗЫСТЫ ЗӔХХЫЛ ДЗӔНӔТЫ

  • ЙЕСО ӔЦӔГДӔР У ФӔНДАГ, РӔСТДЗИНАД ӔМӔ ЦАРД

Йесо донаргъуыд куы райста, уый хӕдфӕстӕ йе знаг йӕ ныхмӕ ӕрлӕууыд – хъуамӕ йӕ фӕрӕдийын кодтаид, цалынмӕ лӕггад кӕнын дӕр нӕма райдыдта, уӕдмӕ. Ӕцӕгдӕр, Хӕйрӕг Йесойы иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фӕлвӕрдта. Фӕстӕдӕр Йесо уыцы фыдгӕнӕгӕй афтӕ загъта: «Ӕрбацӕуы ацы дунейы хицау. Мӕныл йӕ бар нӕ цӕуы» (Иоанны 14:30).

Апостол Иоанн бирӕ раздӕр цӕстылуайӕны федта, «стыр залиаг калм, Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан чи хуыйны... уыцы рагон калммӕ» цы ’нхъӕлмӕ каст, уый. Адӕмы фыдызнаг хъуамӕ уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыдаид «тынг мӕстыйӕ». Цымӕ афтӕ мӕсты цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, «рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад» (Раргомад 12:9, 12). Мах ныртӕккӕ цӕрӕм уыцы рӕстӕджы. Тагъд уыцы «рагон калм» дӕлдзӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ 1 000 азы дӕргъы – цалынмӕ Йесо Хуыцауы Паддзахады Паддзах уа, уӕдмӕ – йӕ бон ницы уыдзӕн (Раргомад 20:1–5).

Цымӕ уыцы рӕстӕджы зӕххыл та, нӕ иумӕйаг хӕдзары, цы хабӕрттӕ цӕудзӕн? Чи йыл цӕрдзӕн ӕмӕ цавӕр уавӕрты цӕрдзысты? Ацы фарстатӕн дзуапп базонӕн ис Йесойы фӕсномыг ныхасы фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй. Уый бамбарын кодта, фысау сабыр чи у, Чырыстийы ӕфсымӕртӕн чи ӕххуыс кӕны ӕмӕ сын хорздзинад чи аразы, уыцы адӕммӕ цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Стӕй ма бамбарын кодта, сӕгъты хуызӕн чи у, ома Чырыстийы ӕфсымӕртӕн хорздзинад чи нӕ аразы, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый дӕр. Йесо загъта: «Уыдон [ома сӕгътӕ] ӕнустӕм фесӕфдзысты, рӕстгӕнджытӕ та [ома фыстӕ] ӕнустӕм цӕрдзысты» (Матфейы 25:46).

Ацы фӕсномыг ныхас нын ӕххуыс кӕны, Чырысти, йӕ фарсмӕ йын хъӕдыл кӕй байтыгътой, уыцы фыдгӕнӕгӕн цы загъта, уый бамбарынӕн. Йӕ иузӕрдион апостолтӕн цы хӕрзиуӕг ӕрцӕттӕ кодта, уымӕй йын нӕ бавӕрдта ныфс. Апостолтӕ йемӕ уыдзысты уӕларвон Паддзахады. Йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы фыдгӕнӕгӕн та загъта: «Ӕцӕг дын зӕгъын абон: уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты» (Лукайы 23:43). Уыцы лӕг цӕрдзӕн зӕххыл Дзӕнӕты – парчы хуызӕн рӕсугъд дыргъдоны. Уӕдӕ, абон фысау сабыр чи разыны ӕмӕ Йесо афтӕ кӕмӕй загъта, «ӕнустӕм цӕрдзысты», зӕгъгӕ, уыдон дӕр уыцы Дзӕнӕты цӕрдзысты.

Зӕххыл цы уавӕртӕ уыдзӕн, уый тыххӕй апостол Иоанн дӕр фыста: «Хуыцауы цатыр ис адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау цӕрдзӕн семӕ, ӕмӕ уыдон уыдзысты йӕ адӕм. Ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг уыдзӕн семӕ. Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Раргомад 21:3, 4).

Цӕмӕй уыцы фыдгӕнӕг Дзӕнӕты цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ мӕрдтӕй райгас уа. Ӕмӕ ӕрмӕст уый нӕ райгас уыдзӕн. Уый бӕрӕг у Йесойы ныхӕстӕй: «Ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон ын фехъусдзысты йӕ хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты: хорз хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон райгас уыдзысты цӕрынӕн, фыдхъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон та – тӕрхон баййафынӕн» (Иоанны 5:28, 29).

Фӕлӕ цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы Йесойы иузӕрдион апостолтӕм ӕмӕ ма уӕлӕрвты йемӕ ноджыдӕр чи уыдзӕн, уыдонмӕ та? Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, уыдон «уыдзысты Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы сауджынтӕ, ӕмӕ йемӕ паддзӕхтӕ уыдзысты мин азы» (Раргомад 20:6). Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон уыдысты зӕххон адӕймӕгтӕ – нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ. Уымӕ гӕсгӕ уыдон уыдзысты тӕригъӕдгӕнаг хицӕуттӕ ӕмӕ, сӕ дӕлбар чи уа, уыцы адӕмы хорз ӕмбардзысты (Раргомад 5:10).

Чырысти, йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы зӕххыл цӕрӕг адӕмы ссӕрибар кӕндзӕн, цы ӕлгъыст сыл ис, уымӕй – туджы рахӕсгӕ тӕригъӕдӕй. Йесойы ӕмӕ ма йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдоны разамынды фӕрцы Хуыцауыл иузӕрдион адӕм суыдзысты алцӕмӕй ӕххӕст. Уӕд адӕм цӕрдзысты, ӕппӕты райдианы, ома Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут, зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд ӕй куыд фӕндыд, афтӕ. Ӕмӕ кӕд абон Адамы тӕригъӕды аххосӕй адӕм иууылдӕр мӕлынц, уӕд уыцы рӕстӕджы та мӕлӕтӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн!

Афтӕмӕй Йесо сӕххӕст кӕндзӕн, Йегъовӕ йын цыдӕриддӕр бахӕс кодта, уый. Чырысти Паддзах уыдзӕн мин азы, ӕмӕ уый фӕстӕ Паддзахад дӕр ӕмӕ ӕххӕст адӕмы дӕр йӕ Фыды къухтӕм ратдзӕн. Йесо уӕд цы диссаджы сӕрныллӕгдзинад равдисдзӕн, уый тыххӕй апостол Павел ныффыста: «Хуыцау [ын] ӕппӕт дӕр йӕ дӕлбар куы бакӕна, уӕд Фырт йӕхӕдӕг дӕр йӕхи бакӕндзӕн, ӕппӕт дӕр ын йӕ дӕлбар чи бакодта, уый дӕлбар, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр Хуыцау уа йӕ иунӕг Хицау» (1 Коринфӕгтӕм 15:28).

Куыд уынӕм, афтӕмӕй Йесо Чырысти стыр бынат ахсы Хуыцауы диссаджы фӕндты. Ӕмӕ уыцы фӕндтӕ дарддӕр, ӕнусӕй-ӕнустӕм, куыд ӕргом кӕной, афтӕ Йесо дарддӕр дӕр архайдзӕн, йӕхӕдӕг йӕхи тыххӕй цы ныхӕстӕ загъта, уыдонмӕ гӕсгӕ: «Ӕз дӕн фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард» (Иоанны 14:6).