Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

124 СӔР

Чырыстийы ӕрцахстой

Чырыстийы ӕрцахстой

МАТФЕЙЫ 26:47–56 МАРЧЫ 14:43–52 ЛУКАЙЫ 22:47–53 ИОАННЫ 18:2–12

  • ИУДӔ ДЫРГЪДОНЫ ЙЕСОЙЫ ЙЕ ЗНӔГТЫ КЪУХМӔ РАДТА

  • ПЕТР ИУ ЛӔДЖЫ ХЪУС АХАУЫН КОДТА

  • ЙЕСОЙЫ ӔРЦАХСТОЙ

Рӕстӕг ӕмбисӕхсӕвӕй раджы ахызт. Сауджынтӕ Иудӕйӕн ныфс бавӕрдтой, Йесойы тыххӕй йын 30 ӕвзист ӕхцайы кӕй ратдзысты. Гъемӕ Иудӕ сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ фарисейтимӕ рацыд, цӕмӕй сын Йесойы сӕ къухмӕ радтаид. Уыдон семӕ ракодтой ромаг гӕрзифтонг ӕфсӕддон къорд дӕр, сӕ сӕргъы ӕфсады сӕргълӕууӕг, афтӕмӕй.

Куадзӕны ӕхсӕвӕры рӕстӕг Йесо Иудӕйы уӕллаг уатӕй куы рарвыста, уӕд Иудӕ, ӕвӕццӕгӕн, комкоммӕ сауджынты хистӕртӕм ацыд (Иоанны 13:27). Уыдон ӕрӕмбырд кодтой сӕ хъахъхъӕнджыты, стӕй ӕфсӕддонты къорд ӕмӕ Иудӕимӕ ацыдысты. Уый сӕ, ӕвӕццӕгӕн, фыццаг акодта, Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ Куадзӕн кӕм бӕрӕг кодтой, уыцы уатмӕ. Фӕлӕ Йесо уым куы нӕ разынд, уӕд Кедроны дӕлвӕзыл ахызтысты ӕмӕ сӕ ных дыргъдонмӕ сарӕзтой. Хӕцӕнгарзӕй уӕлдай ма семӕ рахастой судзгӕ цырӕгътӕ ӕмӕ рухсгӕнӕнтӕ дӕр – Йесойы хъуамӕ цыфӕндыйӕ дӕр ссардтаиккой.

Иудӕ ӕппӕт уыцы адӕмы разӕй Оливӕбӕлӕсты хохмӕ уыцы сӕрӕн цыд фӕцӕйкодта. Бӕрӕг уыд, Йесойы кӕм агурын хъӕуы, уый кӕй зыдта. Уыцы къуыри Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ алы бон дӕр Вифанийӕ Иерусалиммӕ цыдысты, ӕмӕ-иу Гефсиманийы дыргъдоны сӕ фӕллад суадзынмӕ арӕх ӕрлӕууыдысты. Фӕлӕ ныр ӕхсӕвы тары оливӕбӕлӕсты аууонӕй Йесойы цӕсгом дзӕбӕх куы нӕ зына, уӕд ӕй ӕфсӕддонтӕ куыд базондзысты? Уӕдта ма йӕ уымӕй размӕ никуы федтой? Иудӕ сын загъта, куыд ӕй уыдзӕн базонӕн: «Кӕмӕн апъа кӕнон, уый у. Уый-иу ӕрцахсут, ӕмӕ йӕ куы фӕцӕйкӕнат, уӕд-иу кӕсут, цӕмӕй ма алидза» (Марчы 14:44).

Дыргъдонмӕ куы бацыдысты, уӕд Иудӕ Йесойы йӕ апостолтимӕ суыдта. Гъемӕ йӕм комкоммӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Дзӕбӕх у, Ахуыргӕнӕг!» Ӕмӕ йын фӕлмӕн ба акодта. Йесо йӕ бафарста: «Ам цӕмӕн дӕ?» (Матфейы 26:49, 50). Уый фӕстӕ йӕ фарстайӕн йӕхӕдӕг дзуапп радта: «Иудӕ, Адӕймаджы Фырты пъайӕ уӕй кӕныс?» (Лукайы 22:48). Фӕлӕ уымӕй дарддӕр Йесойӕн йӕ уӕйгӕнӕгимӕ ницыуал ныхасаг уыди.

Уӕд Йесо цырӕгъты ӕмӕ рухсгӕнӕнты рухсмӕ размӕ рацыд ӕмӕ адӕмы бафарста: «Кӕй агурут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Назаретаг Йесойы». Ӕмӕ сын уӕд Йесо хъӕбатырӕй загъта: «Уый ӕз дӕн» (Иоанны 18:4, 5). Ӕфсӕддонтӕ ахӕм дзуапп фехъусын ӕнхъӕл нӕ уыдысты, ӕмӕ фырдиссагӕй зӕххыл ӕрхаудтой.

Уыцы сахат Йесо талынджы искуы куы фӕтары уыдаид, уӕд ӕй аргӕ дӕр нал скодтаиккой. Фӕлӕ сӕ йӕ сӕр бафснайыны бӕсты ногӕй бафарста, кӕй агурут, зӕгъгӕ. Ӕмӕ та йын дыккаг хатт дӕр загътой: «Назаретаг Йесойы». Уӕд сын Йесо сабырӕй бамбарын кодта: «Куы уын загътон, уый ӕз дӕн. Кӕд мӕн агурут, уӕд адоны ауадзут». Уыцы уынгӕджы сахат дӕр дзы нӕ ферох, йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй раздӕр цы загъта, уый, иуы дӕр дзы нӕ фесафдзынӕн, зӕгъгӕ (Иоанны 6:39; 17:12). Йесо йӕ иузӕрдион апостолты бахъахъхъӕдта, ӕмӕ дзы иу дӕр нӕ фесӕфт, «сафинаг чи уыди, уый йеддӕмӕ», ома Иудӕйы йеддӕмӕ (Иоанны 18:7–9). Уӕдӕ ныр ӕфсӕддонтӕн загъта, цӕмӕй йын йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджыты ауагътаиккой.

Ӕфсӕддонтӕ куы сыстадысты ӕмӕ Йесомӕ куы бацыдысты, уӕд апостолтӕ фембӕрстой, хъуыддаг цӕй мидӕг ис, уый. Ӕмӕ Йесойы афарстой: «Хицау, хъамайӕ сӕ цӕвӕм?» (Лукайы 22:49). Петр Йесойы дзуапмӕ дӕр нал банхъӕлмӕ каст, фӕлӕ сӕм цы дыууӕ хъамайы уыди, уыдонӕй иу фелвӕста ӕмӕ дзы хистӕр сауджыны цагъар Малхӕн йӕ рахиз хъус ахауын кодта.

Йесо Малхы хъусмӕ бавнӕлдта ӕмӕ йын ӕй сдзӕбӕх кодта. Уый фӕстӕ Петрӕн цы загъта, уый зондзонӕн у не ’ппӕтӕн дӕр: «Дӕ хъама йӕ бынаты сӕвӕр, уымӕн ӕмӕ чидӕриддӕр йӕ къухмӕ хъама райса, уый йӕ мӕлӕт хъамайӕ ссардзӕн». Йесо йӕ марджыты къухмӕ йӕхи барвӕндонӕй радта. Уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Ӕппӕт уыдӕттӕ куы не ’рцӕуой, уӕд Фыстад куыд сӕххӕст уыдзӕн?» (Матфейы 26:52, 54). Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ау, мӕ Фыд мын цы къус радта, уый хъуамӕ ма бануазон?» (Иоанны 18:11). Йесо цӕттӕ уыд Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ, кӕд ӕй уый тыххӕй амӕлын хъуыди, уӕддӕр.

Уый фӕстӕ, ахсынмӕ йӕм чи ’рбацыд, уыдоны бафарста: «Раст цыма абырӕг дӕн, уыйау мӕм хъаматӕ ӕмӕ хъилтимӕ цы ’рбацыдыстут? Алы бон кувӕндоны куы бадтӕн ӕмӕ уӕ куы ахуыр кодтон, ӕмӕ мӕ уӕд куы нӕ ахстат? Фӕлӕ ӕппӕт адӕттӕ уымӕн цӕуынц, цӕмӕй пехуымпарты фыстытӕ сӕххӕст уой» (Матфейы 26:55, 56).

Гъемӕ ӕфсӕддонтӕ, ӕфсады сӕргълӕууӕг ӕмӕ, дзуттӕгтӕ кӕй рарвыстой, уыцы хъахъхъӕнджытӕ Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ йӕ сбастой. Апостолтӕ уый куы федтой, уӕд лидзӕг фесты. Фӕлӕ «иу лӕппу», ӕвӕццӕгӕн, ахуыргӕнинаг Марк, уым баззад. Ӕмӕ Йесойы куы акодтой, уӕд уый дӕр йӕ фӕстӕ ацыд (Марчы 14:51). Фӕлӕ йӕ адӕм базыдтой ӕмӕ йӕ ӕрцахсынмӕ хъавыдысты. Уӕд сын лӕппу йӕ кӕттаг дарӕс сӕ къухы фӕуагъта ӕмӕ алыгъд.