Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

126 СӔР

Йесойӕ загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ

Йесойӕ загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ

МАТФЕЙЫ 26:69–75 МАРЧЫ 14:66–72 ЛУКАЙЫ 22:54–62 ИОАННЫ 18:15–18, 25–27

  • КАЙАФӔЙЫ ХӔДЗАРЫ ПЕТР ЙЕСОЙӔ ЗАГЪТА, НӔ ЙӔ ЗОНЫН, ЗӔГЪГӔ

Йесойы Гефсиманийы дыргъдоны куы ’рцахстой, уӕд йӕ апостолтӕ фыртӕссӕй лидзӕг фесты ӕмӕ йӕ иунӕгӕй ныууагътой. Фӕлӕ дзы стӕй дыууӕйӕн сӕ зӕрдӕ сӕхиуыл ӕрхудт, ӕмӕ ӕрлӕууыдысты. Уыдон уыдысты Петр «ӕмӕ ма ноджыдӕр иу ахуыргӕнинаг», ӕвӕццӕгӕн, апостол Иоанн (Иоанны 18:15; 19:35; 21:24). Ӕмӕ Йесойы Аннӕйы хӕдзармӕ куы акодтой, уӕд уыдон дӕр йӕ фӕстӕ ацыдысты. Уырдыгӕй йӕ Аннӕ хистӕр сауджын Кайафӕмӕ арвыста, ӕмӕ Петр ӕмӕ Иоанн дӕр йӕ фӕдыл дӕрддзӕфгомау цыдысты. Сӕ дыууӕ дӕр дывыдон арты сыгъдысты: иуӕй сӕ удтӕн тарстысты, иннӕмӕй та сын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта, сӕ Хицау цы бауыдзӕн, уый.

Иоанн хистӕр сауджынимӕ зонгӕ уыди, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бон сси Кайафӕйы хӕдзары кӕртмӕ бахизын. Петр та ӕддейӕ лӕууыд, цалынмӕ Иоанн нӕ раздӕхт ӕмӕ, дуаргӕс чи уыд, уыцы лӕггадгӕнӕг-чызгимӕ нӕ аныхас кодта, уӕдмӕ. Уӕд Петры дӕр мидӕмӕ бауагътой.

Уазал ӕхсӕв уыди, ӕмӕ, кӕрты чи уыд, уыдон арт скодтой. Гъемӕ Петр семӕ арты фарсмӕ ӕрбадт ӕмӕ йӕхи тавта. Ӕнхъӕлмӕ каст, Йесойы «хъуыддаг цӕуыл ахицӕн уыдзӕн, уымӕ» (Матфейы 26:58). Мидӕмӕ йӕ чи бауагъта, уыцы дуаргӕс ӕй арты рухсмӕ хуыздӕр суыдта ӕмӕ йӕ бафарста: «Ды дӕр уыцы адӕймаджы ахуыргӕнинӕгтӕй нӕ дӕ?» (Иоанны 18:17). Ӕмӕ йӕ ӕрмӕст уый куы базыдтаид! Ӕндӕр чидӕртӕ дӕр ма йӕ базыдтой ӕмӕ йын уыдон дӕр загътой, ды дӕр Йесоимӕ уыдтӕ, зӕгъгӕ (Матфейы 26:69, 71–73; Марчы 14:70).

Петр уый ӕнхъӕл нӕ уыд. Ӕмӕ йӕ цӕмӕй мачиуал базыдтаид, уый тыххӕй ма йӕхи кулдуары ’рдӕм дӕр айста. Уӕдӕ Петр нӕ басаст, Йесоимӕ кӕй уыд, ууыл. Афтӕ дӕр ма загъта: «Ӕз уыцы адӕймаджы нӕ зонын, стӕй, цытӕ дзурыс, уый дӕр не ’мбарын» (Марчы 14:67, 68). Ӕмӕ ма «сомытӕ кӕнын ӕмӕ ард хӕрын» дӕр райдыдта. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, кӕд сайын, уӕд мӕ Хуыцауы фыдӕх баййафӕд (Матфейы 26:74).

Уыцы рӕстӕг Кайафӕйы хӕдзары, ӕвӕццӕгӕн, уӕллаг уӕладзыджы, Йесойӕн дарддӕр тӕрхон кодтой. Петр ӕмӕ иннӕ адӕм та бынӕй кӕрты ӕнхъӕлмӕ кастысты ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хорз уыдтой, кӕй-иу ӕрбакодтой, уыцы ӕвдисӕнтӕ-иу мидӕмӕ куыд бацыдысты ӕмӕ-иу стӕй фӕстӕмӕ куыд рацыдысты.

Петрыл йӕ галилейаг ныхасыздӕхт комдзог цыди, ӕмӕ йын йӕ сомытыл ничи ӕууӕндыд. Стӕй кӕрты лӕууӕг адӕмӕй иу уыди, йӕ хъус кӕмӕн ахауын кодта, уыцы лӕджы, Малхы, хӕстӕг, ӕмӕ та йын уый дӕр загъта: «Дыргъдоны дӕ йемӕ нӕ федтон?» Уӕд Петр Йесойӕ ӕртыккаг хатт загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, ӕмӕ уӕд уасӕг ныууасыд – Йесо куыддӕриддӕр загъта, афтӕ (Иоанны 13:38; 18:26, 27).

Раст уыцы рӕстӕг Йесойы, ӕвӕццӕгӕн, ракодтой, кӕрты сӕрмӕ цы балкъон уыд, уырдӕм. Гъемӕ Йесо фӕстӕмӕ разылд ӕмӕ Петрмӕ комкоммӕ бакаст. Петрӕн цыма исчи йӕ зӕрдӕйы кард фӕцавта, афтӕ фӕци. Йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, цалдӕр сахаты размӕ йын Йесо уӕллаг уаты цы загъта, уый. Цы сарӕзта, уый куы бамбӕрста, уӕд ын, ӕвӕццӕгӕн, маст йӕ хъуыр ахгӕдта. Фырадӕргӕй ма ӕддӕмӕ рахызт ӕмӕ тынг ныккуыдта (Лукайы 22:61, 62).

Афтӕ куыд рауад? Петр никуы ахъуыды кодтаид, ӕмӕ искуы йӕ уырнындзинад фӕцуддзӕн ӕмӕ Йесойы ныууадздзӕн. Уӕдӕ ныр йӕ Хицауӕй, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, куыд загъта? Рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кодтой, ӕмӕ Йесойӕ фыдгӕнӕг сарӕзтой. Петр ахӕм хабармӕ цӕттӕ нӕ уыд. Ӕмӕ ӕнаххос адӕймаджы сӕрыл сдзурыны бӕсты йӕ чъылдым раздӕхта, «ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ» кӕмӕ уыдысты, уымӕ (Иоанны 6:68).

Петрыл цы ’рцыд, уый хорз ӕвдисы иу хъуыддаг: Хуыцауыл иузӕрдион чи у ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, ахӕм адӕймаг дӕр ӕнӕнхъӕлӕджы исты фӕлварӕны куы бахауа ӕмӕ йӕм, куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕттӕ куы нӕ уа, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕцуда. Цӕй уӕдӕ Петры хабар Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр зондзонӕн уӕд!