Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

128 СӔР

Пилат ӕмӕ йӕм Ирод ницы аххос ссардтой

Пилат ӕмӕ йӕм Ирод ницы аххос ссардтой

Йесо Пилатӕй не ’мбӕхста, ӕцӕгдӕр паддзах кӕй у, уый. Фӕлӕ Ромы паддзахады уымӕй тӕрсын нӕ хъуыд, уымӕн ӕмӕ Йесо никӕй бартӕ байсынмӕ хъавыд. Йесо загъта: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу. Мӕ паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд мӕ лӕггадгӕнджытӕ тох кодтаиккой, цӕмӕй дзуттӕгты къухтӕм лӕвӕрд ма ’рцыдаин. Фӕлӕ мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу» (Иоанны 18:36). Ӕцӕгдӕр, Йесойӕн ис Паддзахад, фӕлӕ уый ацы дунейӕ нӕу.

Фӕлӕ уыцы дзуапп Пилатмӕ фаг нӕ фӕкаст. Ӕмӕ та йӕ бафарста: «Уӕдӕ паддзах дӕ?» Йесо йын бамбарын кодта, кӕй нӕ рӕдийы: «Дӕхӕдӕг ӕй зӕгъыс, ӕз паддзах кӕй дӕн. Ӕз уымӕн райгуырдтӕн ӕмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй рӕстдзинады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон. Рӕстдзинады фарс чи у, уый мӕм хъусы» (Иоанны 18:37).

Уымӕй размӕ Йесо Фомайӕн загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард». Ныр та Пилат дӕр фехъуыста, Хуыцау Йесойы зӕхмӕ уый тыххӕй кӕй рарвыста, цӕмӕй «рӕстдзинады» тыххӕй ӕвдисӕн лӕууыдаид, уӕлдайдӕр та йӕ Паддзахады тыххӕй рӕстдзинад хъусын кодтаид. Ӕмӕ уыцы рӕстдзинады тыххӕй Йесо мӕлӕтмӕ дӕр цӕттӕ уыд. Пилат ӕй бафарста: «Рӕстдзинад та цы у?» Фӕлӕ дзуапмӕ ӕнхъӕлмӕ дӕр нӕ бакаст. Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ цы фехъуыста, уый дӕр ын фаг уыд, цӕмӕй уыцы адӕймагӕн тӕрхон рахастаид (Иоанны 14:6; 18:38).

Пилат ногӕй рацыд, ӕддейӕ цы дзуттӕгтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонмӕ. Ӕмӕ Йесо дӕр, ӕвӕццӕгӕн, лӕууыд йӕ фарсмӕ. Гъемӕ сауджынты хистӕртӕн ӕмӕ, семӕ цы адӕм уыд, уыдонӕн загъта: «Ӕз ацы адӕймагмӕ ницы аххос ссардтон». Фӕлӕ уый фехъусгӕйӕ адӕм рамӕсты сты ӕмӕ хъӕр кӕнын райдыдтой: «Адӕмы ахуыр кӕны ӕмӕ сӕ змӕнты ӕгас Иудейӕйы дӕр – Галилейӕйӕ райдай, ӕмӕ суанг мӕнӕ ацы бынаты онг» (Лукайы 23:4, 5).

Пилат, ӕвӕццӕгӕн, тынг бадис кодта, дзуттӕгты сӕ дин куыд бакуырм кодта, ууыл. Сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ адӕмы хистӕр лӕгтӕ куы хъӕр кодтой, уӕд Пилат Йесойы бафарста: «Дӕ ныхмӕ цас цыдӕртӕ дзурынц, уый нӕ хъусыс?» (Матфейы 27:13). Фӕлӕ Йесойӕн дзуаппы номыл йӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд. Пилат ӕм каст ӕмӕ дисӕй мард: кӕд ӕй ӕнаххосӕй аххосджын кодтой, уӕддӕр йӕ цӕсгомыл иунӕг нуар дӕр нӕ фезмӕлыд.

Дзуттӕгтӕ загътой, зӕгъгӕ, Йесо «Галилейӕйӕ райдыдта». Афтӕмӕй Пилат базыдта, Йесо галилейаг кӕй уыди. Ӕмӕ йӕм уый фӕрцы фӕзынд хорз хъуыды, цы уыд саразӕн, цӕмӕй йӕ Йесойӕн тӕрхон хӕссын ма бахъуыдаид. Уыцы заман Галилейӕйы хицау уыди Ирод Антипӕ (Номдзыд Ироды фырт) ӕмӕ Куадзӕны рӕстӕг уый дӕр Иерусалимы уыд. Гъемӕ Пилат Йесойы Иродмӕ арвыста. Ирод Антипӕ уыди, Аргъауӕг Иоанны сӕр чи акъуырын кодта, уый. Ӕмӕ фӕстӕдӕр, Йесо диссӕгтӕ кӕй аразы, уый тыххӕй куы фехъуыста, уӕд мӕты бацыд, зӕгъгӕ, кӕд Иоанн мӕрдтӕй сыстад (Лукайы 9:7–9).

Ӕмӕ йын ныр Йесойы феныны фадат куы фӕзынд, уӕд тынг бацин кодта. Ӕцӕг йӕ фенынмӕ уый тыххӕй нӕ бӕллыд, ӕмӕ йын йӕ зӕрды баххуыс кӕнын уыди кӕнӕ, ӕцӕгдӕр аххосджын у ӕви нӕ, уый базонын ӕй фӕндыди. Ироды ӕнӕуи фӕндыд Йесоимӕ аныхӕстӕ кӕнын ӕмӕ йӕ «ныфс уыд, исты диссаг кӕй сараздзӕн» (Лукайы 23:8). Фӕлӕ фыдӕнхъӕл фӕци. Йесойы бӕргӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты фарста, фӕлӕ йын йӕ иу фарстайӕн дӕр дзуапп нӕ радта. Ӕмӕ йын уӕд Ирод йӕ хъахъхъӕнджытимӕ «алы ӕфхӕрӕн митӕ кӕнын» райдыдта (Лукайы 23:11). Уыдон ыл хъӕздыг дарӕс скодтой ӕмӕ дзы хынджылӕг кодтой. Ӕмӕ йӕ стӕй Ирод фӕстӕмӕ Пилатмӕ арвыста. Знон дӕр ма Ирод ӕмӕ Пилат знӕгтӕ уыдысты, фӕлӕ абон уыдоны хуызӕн ӕрдхӕрдтӕ нал уыд!

Йесойы фӕстӕмӕ Пилатмӕ куы ’рбакодтой, уӕд Пилат сауджынты хистӕрты, адӕмы разамонджыты ӕмӕ адӕмы ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ загъта: «Ацы лӕджы... уӕ разы ӕрфарстон, фӕлӕ йӕ цӕмӕй аххосджын кӕнут, ахӕмӕй йӕм ницы ссардтон. Ирод дӕр ӕм ницы аххос ссардта, мӕнӕ нӕм ӕй фӕстӕмӕ ӕрбарвыста. Уӕдӕ йын мӕлӕты тӕрхон цӕй тыххӕй рахӕссон, ахӕмӕй ницы сарӕзта. Гъемӕ йӕ бафхӕрдзынӕн ӕмӕ йӕ ауадздзынӕн» (Лукайы 23:14–16).

Пилаты тынг фӕндыд Йесойы ауадзын, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбӕрста, сауджынтӕ йӕ йӕ къухмӕ уый тыххӕй кӕй радтой, ӕмӕ йӕм хӕлӕг кодтой. Фӕлӕ йӕ Йесойы ауадзын ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ фӕндыд. Тӕрхоны бадӕныл куы бадти, уӕд ӕм йӕ ус барвыста, зӕгъгӕ, «уыцы рӕстгӕнӕгӕн мацы бакӕн, уымӕн ӕмӕ абон фыны уый тыххӕй бирӕ фӕхъизӕмар кодтон». Уыцы фын, ӕвӕццӕгӕн, Хуыцауӕй уыд (Матфейы 27:19).

Пилат ӕмбӕрста, уыцы ӕнаххос адӕймаджы ссӕрибар кӕнын кӕй хъӕуы. Фӕлӕ куыд?