Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

116 СӔР

Фӕстаг Куадзӕны рӕстӕг ахуыр кӕны сӕрныллӕгдзинадыл

Фӕстаг Куадзӕны рӕстӕг ахуыр кӕны сӕрныллӕгдзинадыл

МАТФЕЙЫ 26:20 МАРЧЫ 14:17 ЛУКАЙЫ 22:14–18 ИОАННЫ 13:1–17

  • ЙЕСО ЙӔ АПОСТОЛТИМӔ СКОДТА ЙӔ ФӔСТАГ КУАДЗӔН

  • ЙӔ АПОСТОЛТӔН СӔ КЪӔХТӔ НЫХСАДТА ӔМӔ СЫН РАВДЫСТА, СӔРНЫЛЛӔГ КӔЙ ХЪУАМӔ УОЙ

Петр ӕмӕ Иоанн, Йесо сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ Иерусалиммӕ раздӕр ӕрцыдысты ӕмӕ, Куадзӕн сбӕрӕг кӕнынӕн цы хъуыди, уыдӕттӕ ӕрцӕттӕ кодтой. Фӕстӕдӕр Йесо дӕр йӕ иннӕ дӕс апостолимӕ Иерусалиммӕ араст. Изӕрырдӕм ныгуылӕнырдыгӕй арвыл хур бынмӕ фӕцӕйтылд, афтӕ Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Оливӕбӕлӕсты хохӕй фӕуырдыг кодтой. Йесо йӕ мӕлӕты размӕ уырдыгӕй боныгон фӕстаг хатт афӕлгӕсыд. Ногӕй та йӕ фендзӕн, куы райгас уа, уӕд.

Уӕдмӕ горӕтмӕ бацыдысты ӕмӕ сӕ ных сарӕзтой, Куадзӕны ӕхсӕвӕр кӕм хъуамӕ скодтаиккой, уыцы хӕдзармӕ. Уым асинтыл уӕллаг уатмӕ схызтысты. Ӕмӕ сӕ ӕхсӕвӕр хибарӕй скӕнынӕн цы хъуыди, уыдӕттӕ иууылдӕр цӕттӕйӕ баййӕфтой. Йесо уыцы рӕстӕгмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ каст. Уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Тынг мӕ фӕндыд мӕ хъизӕмӕртты размӕ ацы Куадзӕны ӕхсӕвӕр уемӕ бахӕрын» (Лукайы 22:15).

Дзуттӕгты ’хсӕн бирӕ раздӕр ахӕм ӕгъдау ныффидар, ӕмӕ-иу Куадзӕны ӕхсӕвӕры рӕстӕг кӕрӕдзимӕ цалдӕр сӕны къусы алӕвӕрдтой. Ӕмӕ ныр Йесо сӕны къустӕй иу куы райста, уӕд Хуыцауӕн раарфӕ кодта ӕмӕ загъта: «Айсут ӕй ӕмӕ йӕ кӕрӕдзимӕ адӕттут. Зӕгъын уын: амӕй фӕстӕмӕ ӕз сӕн нал бануаздзынӕн, цалынмӕ Хуыцауы паддзахад не ’рцӕуа, уӕдмӕ» (Лукайы 22:17, 18). Бӕрӕг уыд, йӕ мӕлӕтмӕ бирӕ рӕстӕг кӕй нал баззад.

Куадзӕны ӕхсӕвӕры рӕстӕг ӕрцыд, се ’ппӕты дӕр дисы чи бафтыдта, ахӕм хабар. Йесо сыстад, йе ’ддаг дарӕс раласта ӕмӕ хисӕрфӕн райста. Уый фӕстӕ, уаты цы тас уыди, уым дон ныккодта. Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ-иу уазджыты къӕхтӕ ныхсыныл хӕдзары хицау батыхст. Ӕвӕццӕгӕн-иу уыцы куыст лӕггадгӕнджытӕй исчи бакодта (Лукайы 7:44). Фӕлӕ уыцы ӕхсӕвӕры рӕстӕг фысымтӕй уым ничи уыди, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ се ’ппӕтӕн дӕр Йесо балӕггад кодта. Апостолтӕй кӕмӕнфӕнды дӕр йӕ бон уыди уыцы хӕс йӕхимӕ райсын, фӕлӕ уыцы фадатӕй сӕ иу дӕр не спайда кодта. Мыййаг, йӕ аххосаг уый уыди, ӕмӕ сӕ нырма алчидӕр йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр ӕвӕрдта? Куыдфӕнды ма уыдаид, Йесо сын сӕ къӕхтӕ куы ’хсадта, уӕд сӕм худинаг ӕркаст.

Йесо Петрмӕ куы бахӕццӕ, уӕд Петр цӕхгӕр ныллӕууыд, «никуы мын ныхсдзынӕ мӕ къӕхтӕ», зӕгъгӕ. Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Куы нӕ дын сӕ ныхсон, уӕд дын мемӕ иумӕйагӕй ницы ис». Ӕмӕ уӕд Петр афтӕ фӕкодта: «Хицау, ӕрмӕст мӕ къӕхтӕ нӕ, фӕлӕ мын мӕ къухтӕ ӕмӕ мӕ сӕр дӕр ныхс». Йесо дарддӕр цы загъта, уый йӕм диссаг куыннӕ фӕкастаид: «Ӕхсад чи у, уый ӕнӕхъӕнӕй дӕр сыгъдӕг у, ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕ йеддӕмӕ ӕхсын ницы хъӕуы. Ӕмӕ сымах дӕр сыгъдӕг стут, фӕлӕ уе ’ппӕт нӕ» (Иоанны 13:8–10).

Йесо сӕ къӕхтӕ ныхсадта йӕ 12 апостолӕн дӕр. Нӕ фӕхъулон кодта Иудӕ Искариоты дӕр. Ӕмӕ йе ’ддаг дарӕс йӕ уӕлӕ куы скодта, уӕд фӕстӕмӕ фынгыл ӕрбадт ӕмӕ сӕ бафарста: «Цы уын сарӕзтон, уый ӕмбарут? Сымах мӕн хонут „Ахуыргӕнӕг“ ӕмӕ „Хицау“, ӕмӕ раст кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у. Гъемӕ кӕд ӕз, уӕ Хицау ӕмӕ уӕ Ахуыргӕнӕг, сымахӕн уӕ къӕхтӕ ныхсадтон, уӕд сымах дӕр хъуамӕ уӕ кӕрӕдзийы къӕхтӕ ӕхсат. Ӕз уын равдыстон, куыд хъуамӕ кӕнат, уый, цӕмӕй уын ӕз куыд сарӕзтон, афтӕ аразат сымах дӕр. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕ вӕййы ӕмӕ, кӕй арвитынц, уый дӕр, чи йӕ арвыста, уымӕй уӕлдӕр нӕ вӕййы. Кӕд уый зонут ӕмӕ афтӕ кӕнут, уӕд амондджын стут» (Иоанны 13:12–17).

Цымӕ ма уымӕй хуыздӕр искуыд равдисӕн уыди, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ кӕрӕдзийӕн сӕрныллӕгӕй кӕй хъуамӕ лӕггад кӕной?! Хъуамӕ сӕ фыццаг бынатмӕ мачи тырна ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕна, зӕгъгӕ, ам мӕн хуызӕн нӕй ӕмӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ мӕнӕн лӕггад кӕной. Уый бӕсты хъуамӕ Йесойы фӕзмой. Ӕцӕг афтӕ нӕ, ӕмӕ къӕхтӕ ӕхсыны ӕгъдау скӕной, фӕлӕ алкӕмӕн дӕр ӕнӕзивӕгӕй ӕмӕ сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕной.