Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

137 СӔР

Фӕндзайӕм боны размӕ фӕзынд цалдӕр сӕдӕ адӕймагмӕ

Фӕндзайӕм боны размӕ фӕзынд цалдӕр сӕдӕ адӕймагмӕ

МАТФЕЙЫ 28:16–20 ЛУКАЙЫ 24:50–52 ХЪУЫДДӔГТӔ 1:1–12; 2:1–4

  • ЙЕСО ФӔЗЫНД БИРӔТӔМ

  • УӔЛАРВМӔ АЦЫД

  • ЙЕСО СЫГЪДӔГ ТЫХ ӔРУАГЪТА ИУ-120 АХУЫРГӔНИНАГЫЛ

Йесо куы райгас, уый фӕстӕ йӕ 11 апостолимӕ Галилейӕйы иу хохыл фембӕлд. Уырдӕм ӕрбацыдысты иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр – 500 адӕймаджы бӕрц. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ йӕ райгасы хабарыл райдианы дызӕрдыг кодтой (Матфейы 28:17; 1 Коринфӕгтӕм 15:6). Фӕлӕ сын Йесо ныр цы загъта, уый фӕрцы се ’ппӕты дӕр бауырныдта, ӕцӕгдӕр кӕй райгас.

Йесо сын загъта, Хуыцау ын арвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр ӕппӕт бартӕ дӕр кӕй радта. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ ныффӕдзӕхста: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл, ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын» (Матфейы 28:18–20). Ӕцӕгдӕр, ахуыргӕнинӕгтӕн стыр ныфсы хос уыд, Йесо кӕй райгас, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ хъусын кӕныны хъуыддагмӕ дарддӕр дӕр йӕ хъус кӕй дардзӕн, уый дӕр.

Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг Йесо бахӕс кодта йӕ фӕдылдзӕуджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр – нӕлгоймӕгтӕн дӕр, сылгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ сывӕллӕттӕн дӕр. Знӕгтӕ архайдзысты хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг бакъуылымпы кӕныныл, фӕлӕ сӕ Йесо ныфс бауагъта: «Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр». Ацы ныхӕстӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цӕуыл дзурӕг сты? Йесо загъта: «Цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ». Афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ, хорз хабар чи хъусын кӕна, уыдон се ’ппӕт дӕр диссӕгтӕ араздзысты. Фӕлӕ сын Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕнӕмӕнгӕй ӕххуыс кӕндзӕн.

Йесо куы райгас, уӕдӕй фӕстӕмӕ «цыппор боны дӕргъы» йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм бирӕ хӕттыты фӕзынд ӕмӕ сын «Хуыцауы паддзахады хабӕрттӕ ӕмбарын кодта». Алы хатт дӕр-иу сӕм йӕхи ӕндӕр буары равдыста, «цӕмӕй ма дызӕрдыг кодтаиккой, ӕгас кӕй у, ууыл» (Хъуыддӕгтӕ 1:3; 1 Коринфӕгтӕм 15:7).

Апостолтӕ ма, ӕвӕццӕгӕн, Галилейӕйы куы уыдысты, уӕд сын Йесо загъта, цӕмӕй фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхтаиккой. Ӕмӕ стӕй уым горӕты семӕ куы фембӕлд, уӕд сын бафӕдзӕхста: «Иерусалимӕй макӕдӕм ацӕут, фӕлӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, мӕ уӕларвон Фыд уын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ уын ӕз цӕй кой кодтон, уымӕ, уымӕн ӕмӕ Иоанн донӕй лӕвӕрдта аргъуыд, сымах та цалдӕр боны фӕстӕ аргъуыд райсдзыстут Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй» (Хъуыддӕгтӕ 1:4, 5).

Фӕстӕдӕр та йӕ апостолтимӕ ногӕй фембӕлд ӕмӕ сӕ акодта «Вифанийы онг», Оливӕбӕлӕсты хохӕн йӕ хурыскӕсӕн фарс къуыбырыл чи уыд, уыцы хъӕуы онг (Лукайы 24:50). Кӕд сын йӕ ацыды тыххӕй бирӕ фӕдзырдта, уӕддӕр сӕм нырма дӕр афтӕ каст, ӕмӕ йӕ Паддзахад зӕххыл уыдзӕн (Лукайы 22:16, 18, 30; Иоанны 14:2, 3).

Уымӕ гӕсгӕ йӕ бафарстой: «Хицау, Израилы паддзахад фӕстӕмӕ йӕ къахыл ныр не слӕууын кӕндзынӕ?» Йесо сын хабар бӕстон ӕмбарын кӕнын нӕ райдыдта, фӕлӕ сын загъта: «Мӕ уӕларвон Фыд цы рӕстӕджытӕ ӕмӕ афонтӕ снысан кодта, уыдон зонын сымах нӕ хъӕуы». Ӕмӕ та сын ногӕй сӕ хъус ӕрдардта, сӕ хъарутӕ сӕ цӕмӕ хъуыди саразын, уымӕ: «Хуыцауы сыгъдӕг тых [уыл] куы ’рцӕуа, уӕд хъаруйӕ схайджын уыдзыстут, ӕмӕ мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 1:6–8).

Апостолтӕ нырма Йесоимӕ Оливӕбӕлӕсты хохыл уыдысты, афтӕ сӕ цӕстыты раз уӕларвмӕ цӕуын райдыдта. Ӕмӕ гыццыл фӕстӕдӕр мигъты аууон фӕци, ӕмӕ йӕ нал федтой. Йесо куы райгас, уый фӕстӕ-иу куы иухуызон буары фӕзынд, куы – ӕндӕрхуызон. Фӕлӕ ныр уыди зӕд, ӕмӕ сӕм ацы хатт цы зӕххон буары фӕзынд, уый фӕцыдӕр, ӕмӕ йӕхӕдӕг та уӕларвмӕ ацыд (1 Коринфӕгтӕм 15:44, 50; 1 Петры 3:18). Йӕ иузӕрдион апостолтӕ ма йӕ фӕдыл кастысты, афтӕ сӕ цуры февзӕрд «дыууӕ лӕджы урс дарӕсты». Уыдон уыдысты зӕдтӕ адӕймаджы буӕртты. Ӕмӕ сӕ бафарстой: «Галилейаг лӕгтӕ, цы лӕуут ӕмӕ арвмӕ цы кӕсут? Уе ’хсӕнӕй уӕларвмӕ чи ацыд, уыцы Йесойы уӕлӕрвтӕм ссӕугӕ куыд федтат, фӕстӕмӕ дӕр афтӕ ӕрцӕудзӕн» (Хъуыддӕгтӕ 1:10, 11).

Йесо зӕххӕй ацыд, дуне йӕ зонгӕ дӕр нӕ бакодта, афтӕмӕй. Ӕрмӕстдӕр ӕй йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ федтой. Ӕмӕ «фӕстӕмӕ дӕр афтӕ» хъуамӕ ӕрыздӕхтаид. Кӕй ӕрцыд, ома паддзахы бартӕ кӕй райста, уый дунейыл нӕ ныхъхъӕр кодтаид – уый ӕрмӕстдӕр йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ бамбӕрстаиккой.

Уый фӕстӕ апостолтӕ Иерусалиммӕ ӕрыздӕхтысты. Ӕмӕ-иу стӕй алы бон дӕр ахуыргӕнинӕгтимӕ ӕрӕмбырд сты. Семӕ-иу уыдысты «Йесойы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ йӕ мад Марийӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 1:14). Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр иумӕ ӕдзух Хуыцаумӕ куывтой. Зӕгъӕм, куывтой, Иудӕ Искариоты бӕсты кӕй равзӕрстаиккой ӕмӕ 12 апостолы нымӕц чи баххӕст кодтаид, уый тыххӕй (Матфейы 19:28). Уыцы ахуыргӕнинаг хъуамӕ уыдаид, Йесо цы хъуыддӕгтӕ арӕзта ӕмӕ куыд райгас, уый йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдонӕй исчи. Ӕмӕ Хуыцауы фӕндон базоныны тыххӕй хӕлттӕ сӕппӕрстой. Уымӕй фӕстӕмӕ хӕлттӕ ӕппарыны тыххӕй Библийы фыст никуыуал ис (Псалом 109:8; Ӕмбисӕндтӕ 16:33). Гъемӕ ӕвзӕрст ӕрцыд Матфий, ӕвӕццӕгӕн, Йесо хъусын кӕнынмӕ цы 70 ахуыргӕнинаджы арвыста, уыдонӕй сӕ иу. Афтӕмӕй Матфий «иннӕ иуӕндӕс апостолмӕ баиу» (Хъуыддӕгтӕ 1:26).

Йесо уӕларвмӕ куы ацыд, уымӕй 10 боны фӕстӕ уыди дзуттаг бӕрӕгбон – н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон. Уыцы бон иу-120 ахуыргӕнинаджы Иерусалимы иу хӕдзары уӕллаг уаты иумӕ ӕрӕмбырд сты. Ӕмӕ ӕвиппайды цыма тыхджын дымгӕ сыстад, ахӕм уынӕр райхъуыст, ӕмӕ хӕдзар ӕнӕхъӕнӕй дӕр уынӕрӕй байдзаг. Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕй алкӕуыл дӕр ӕрцыд арты ӕвзӕгты хуызӕн ӕвзӕгтӕ, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр алы ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой. Йесо сыл сыгъдӕг тых ӕруагъта – зӕрдӕ сын куыд бавӕрдта, афтӕ! (Иоанны 14:26).