Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

55 СӔР

Йесойы ныхӕстӕ бирӕтӕн систы къуылымпыйы хос

Йесойы ныхӕстӕ бирӕтӕн систы къуылымпыйы хос

ИОАННЫ 6:48–71

  • ЙЕСО ДЗУРЫ, МӔ БУАР МЫН ХӔРУТ ӔМӔ МЫН МӔ ТУГ НУАЗУТ, ЗӔГЪГӔ

  • ЙӔ НЫХӔСТӔ БИРӔТӔН КЪУЫЛЫМПЫЙЫ ХОС СИСТЫ, ӔМӔ ЙӔ ФӔДЫЛ НАЛ ЦЫДЫСТЫ

Капернаумы ӕмбырдгӕнӕны Йесо адӕмӕн ӕмбарын кодта, уый кӕй у ӕцӕг дзул уӕларвӕй. Уый кой ма кодта уымӕй размӕ дӕр, Галилейӕйы денджызы хурыскӕсӕн фарсӕй чи ӕрбаздӕхт, диссаджы хуызы дзул ӕмӕ кӕсагӕй кӕй бафсӕста, уыцы адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд.

Йесо загъта: «Уӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг быдыры хордтой маннӕ, фӕлӕ уӕддӕр амардысты». Ӕмӕ сын уый фӕстӕ ӕндӕр дзулы кой ракодта: «Ӕз дӕн, уӕларвӕй чи ’рцыд, уыцы удӕгас дзул. Ацы дзулӕй чи хӕра, уый цӕрдзӕн ӕнустӕм. Ӕз адӕмы царды тыххӕй цы дзул ратдзынӕн, уый у мӕ буар» (Иоанны 6:48–51).

Н. э. 30 азы уалдзӕджы Йесо Никодимӕн загъта, зӕгъгӕ, Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ йӕ фервӕзын кӕнынӕн йӕ Фырты радта. Ныр та адӕмӕн загъта, йӕ буар ын кӕй хъуамӕ хӕрой, ома, тагъд рӕстӕджы цы нывонд хъуамӕ ӕрхастаид, ууыл ӕууӕндой. Ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы уыдаиккой ӕнусон цардӕй хайджын.

Фӕлӕ адӕммӕ Йесойы ныхӕстӕ ӕнахуыр фӕкастысты ӕмӕ сӕ кӕрӕдзи фарстой: «Ацы адӕймаг нын йӕ буар хӕрынӕн куыд хъуамӕ ратта?» (Иоанны 6:52). Йесойы фӕндыд, цӕмӕй бамбӕрстаиккой, ӕцӕгдӕр сын йӕ буар кӕй нӕ хӕрын кӕны. Ӕмӕ дарддӕр йӕ ныхас фӕбӕлвырддӕр кодта:

«Адӕймаджы Фырты буар куы нӕ хӕрат ӕмӕ йын йӕ туг куы нӕ нуазат, уӕд цард нӕ фендзыстут. Мӕ буар мын чи хӕра ӕмӕ мын мӕ туг чи нуаза, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй... уымӕн ӕмӕ мӕ буар у ӕцӕг хӕринаг, мӕ туг та – ӕцӕг нуазинаг. Мӕ буар мын чи хӕры ӕмӕ мын мӕ туг чи нуазы, уый ис мемӕ иудзинады» (Иоанны 6:53–56).

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ дзуттӕгтӕ куыд фӕуыдаиккой. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодтой, зӕгъгӕ нын Йесо адӕймаджы фыд хӕрын кӕны кӕнӕ нын туг нуазын кӕны, кӕд ӕмӕ Хуыцауы Закъоны бӕлвырд фыст ис, туг хӕрӕн кӕй нӕй (Райдиан 9:4; Левит 17:10, 11). Фӕлӕ Йесойы ныхӕстӕ комкоммӕ ӕмбарын нӕ хъуыди. Тагъд хъуамӕ йе ’ххӕст адӕймаджы буар мӕлӕтмӕ радтаид ӕмӕ йӕ туг ныккалдтаид. Уӕдӕ Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрын кӕй фӕнды, уыдонӕй алчидӕр хъуамӕ уыцы нывондыл ӕууӕнда. Фӕлӕ уыцы хъуыды йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дӕр бирӕтӕ нӕ бамбӕрстой. Чидӕртӕ сӕ дзырдтой: «Ай цӕй ӕнахуыр ныхӕстӕ кӕны! Кӕй бон у уыдӕттӕм хъусын?» (Иоанны 6:60).

Йесо зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй чидӕртӕ кӕй хъуыр-хъуыр кӕнынц, ӕмӕ сӕ бафарста: «Уый уӕ къуылымпы кӕны, мыййаг? Ӕмӕ уӕд Адӕймаджы Фырты, раздӕр кӕм уыд, уырдӕм ссӕугӕ куы фенат, уӕд та цы кӕндзыстут? [...] Ӕз уын кӕй дзурын, уыцы ныхӕстӕ сты Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ дӕттынц цард. Фӕлӕ уӕддӕр сымахӕй чидӕртӕ не ’ууӕндынц». Уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд ӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ ныууагътой ӕмӕ йӕ фӕдыл нал цыдысты (Иоанны 6:61–64).

Уымӕ гӕсгӕ Йесо йӕ 12 апостолӕн загъта: «Кӕд, мыййаг, сымах дӕр фӕнды ацӕуын». Симон Петр ын дзуапп радта: «Хицау, кӕмӕ хъуамӕ ацӕуӕм? Дӕумӕ куы сты, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ. Ӕмӕ дыл мах баууӕндыдыстӕм ӕмӕ йӕ базыдтам, ды Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй дӕ» (Иоанны 6:67–69). Уыцы сахат Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дӕр кӕронмӕ не ’мбӕрстой, Йесо йӕ буары тыххӕй цы дзырдта, уый. Фӕлӕ уӕддӕр куыд иузӕрдион уыдысты!

Йесойӕн тынг ӕхсызгон уыд, Петр ахӕм дзуапп кӕй радта, уый. Фӕлӕ уӕддӕр загъта: «Уӕ дыууадӕсы дӕр ӕз нӕ равзӕрстон? Фӕлӕ уӕ иу у фыдкойгӕнӕг» (Иоанны 6:70). Йесо Иудӕ Искариоты кой кодта. Ӕвӕццӕгӕн, уӕд бафиппайдта, Иудӕ сӕфты фӕндагыл кӕй ныллӕууыд.

Фӕлӕ йӕ Петр ӕмӕ йӕ иннӕ апостолтӕ нӕ ныууагътой ӕмӕ уымӕй фӕстӕмӕ дӕр адӕмы ирвӕзын кӕныны хъуыддаджы йӕ фарсмӕ уыдысты. Ӕмӕ уый Йесойы зӕрдӕйӕн стыр циндзинад куыннӕ хастаид!