Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

53 СӔР

Ӕрдзы тыхтыл йӕ бар кӕмӕн цӕуы, ахӕм хицау

Ӕрдзы тыхтыл йӕ бар кӕмӕн цӕуы, ахӕм хицау

МАТФЕЙЫ 14:22–36 МАРЧЫ 6:45–56 ИОАННЫ 6:14–25

  • АДӔМЫ ФӔНДЫ ЙЕСОЙЫ ПАДДЗАХӔЙ СӔВӔРЫН

  • ЙЕСО ДОНЫЛ БАЦЫД, ДЫМГӔ НЫССАБЫР КОДТА

Йесо цалдӕр мин адӕймаджы диссаджы хуызы кӕй бафсӕста, уымӕй се ’ппӕты дӕр дисы бафтыдта. Ӕмӕ адӕм загътой, зӕгъгӕ, «ай ӕнӕмӕнг, дунемӕ ӕрцӕуинаг чи уыд, уыцы пехуымпар у», ома Мессийӕ, ӕмӕ ма уымӕй хуыздӕр хицау чи хъуамӕ уа (Иоанны 6:14; Дыккаг закъон 18:18). Гъемӕ сфӕнд кодтой Йесойы ӕрцахсын ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрын.

Фӕлӕ сын Йесо сӕ фӕнд бамбӕрста. Уымӕ гӕсгӕ адӕмы ауагъта ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй фӕстӕмӕ бӕлӕгъы сбадтаиккой. Цымӕ кӕдӕм ацыдысты? Вифсаидӕмӕ, уырдыгӕй та – Капернауммӕ. Йесо йӕхӕдӕг та ссыд хохмӕ ӕмӕ уым ӕнӕхъӕн ӕхсӕв йӕ Фыдмӕ фӕкуывта.

Ӕхсӕв ӕмӕ бон кӕрӕдзийӕ нӕма фӕхицӕн сты, афтӕ Йесо мӕйы рухсмӕ дард кӕмдӕр бӕлӕгъ ауыдта. Тыхдымгӕ денджызы уылӕнтӕ бӕлӕгъыл хоста, ӕмӕ апостолтӕ «дымгӕйы ныхмӕ» цыдысты, ӕмӕ «бӕлӕгъ зынтӕй» тардтой (Марчы 6:48). Йесо хохӕй ӕрцыд ӕмӕ уылӕнтыл йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм араст. Уӕдмӕ уыдон «фондз-ӕхсӕз километры бӕрц» аленк кодтой (Иоанны 6:19). Йесо йӕхи афтӕ скодта, цыма сӕ иувӕрсты ацӕуынмӕ хъавыд. Ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ куы федтой, уӕд ныхъхъӕр кодтой: «Цыдӕр нӕм ӕрбацӕуы!» (Марчы 6:49).

Йесо сын йӕ фӕлмӕн ныхасӕй сӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кодта: «Цӕмӕй фӕтарстыстут? Уый ӕз дӕн. Ма тӕрсут». Ӕмӕ йын уӕд Петр загъта: «Хицау, кӕд уый ды дӕ, уӕд зӕгъ, ӕмӕ дӕм ӕз доныл бацӕуон». Йесо йын загъта: «Рацу!» Петр дӕр бӕлӕгъӕй рахызт ӕмӕ доныл Йесойы ’рдӕм араст. Фӕлӕ йӕ алыварс куы акаст ӕмӕ, куыд тынг дымы, уый куы федта, уӕд фӕтарст ӕмӕ ныгъуылын райдыдта. Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Хицау, фервӕзын мӕ кӕн!» Йесо Петрмӕ йӕ къух фӕдардта, фӕхӕцыди йыл ӕмӕ йын загъта: «Кӕм ис дӕ уырнындзинад, цӕмӕн фӕдызӕрдыг дӕ?» (Матфейы 14:27–31).

Петр ӕмӕ Йесо бӕлӕгъмӕ бахызтысты, ӕмӕ дымгӕ дӕр банцад. Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд дисы бафтыдысты. Фӕлӕ цӕмӕн? «Дзулты хабар», ома цалдӕр сахаты размӕ Йесо минты кӕй бафсӕста, уыцы диссаг цӕуыл дзурӕг уыд, уый куы бамбӕрстаиккой, уӕд ныр нал бадис кодтаиккой, доныл сӕм кӕй бацыд ӕмӕ дымгӕ кӕй ныссабыр кодта, ууыл. Гъемӕ йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ загътой: «Ды ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт дӕ» (Марчы 6:52; Матфейы 14:33).

Гыццыл фӕстӕдӕр бахӕццӕ сты Геннисаретмӕ. Уыцы рӕсугъд ӕмӕ хъӕздыг бӕстӕ уыди Капернаумӕн хуссарырдыгӕй. Гъемӕ сӕ бӕлӕгъ уым баурӕдтой ӕмӕ былмӕ рахызтысты. Ам дӕр та адӕм Йесойы базыдтой. Ӕмӕ йӕм ӕрмӕст уыцы ранӕй нӕ, фӕлӕ уырдӕм хӕстӕг рӕттӕй дӕр адӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕм сӕ рынчынты ӕрбакодтой. Рынчынтӕ-иу Йесойӕн йӕ уӕлӕдарӕсы хаутыл дӕр куы андзӕвыдысты, уӕд дӕр-иу сӕ низ ӕрбайсӕфт.

Уӕдмӕ, Йесо диссаджы хуызы кӕй бафсӕста, уыдон бамбӕрстой, Йесо уырдыгӕй кӕй ацыд. Ӕмӕ Тивериадӕйӕ гыццыл бӕлӕгътӕ куы ’рбахӕццӕ сты, уӕд сыл абадтысты ӕмӕ Йесойы агурӕг Капернауммӕ ацыдысты. Куы йӕ ссардтой, уӕд ӕй бафарстой: «Ахуыргӕнӕг, ардӕм кӕд ӕрбацыдтӕ?» (Иоанны 6:25). Фӕлӕ сын Йесо бауайдзӕф кодта. Цӕмӕн, уый та дарддӕр базондзыстӕм.