Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

60 СӔР

Йесо йӕ хуыз аивта

Йесо йӕ хуыз аивта

МАТФЕЙЫ 16:28–17:13 МАРЧЫ 9:1–13 ЛУКАЙЫ 9:27–36

  • ЦӔСТЫЛУАЙӔН – ЙЕСО ЙӔ ХУЫЗ АИВТА

  • АПОСТОЛТӔ ФЕХЪУЫСТОЙ ХУЫЦАУЫ ХЪӔЛӔС

Ермоны хохӕй Филиппы Кесаримӕ уыди 25 километры бӕрц. Йесо уым адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд йӕ апостолтӕн фехъусын кодта диссаджы хабар: «Ӕцӕг уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, афтӕ фендзысты Адӕймаджы Фырты паддзахӕй ӕрцӕугӕ» (Матфейы 16:28).

Хӕрзаг, ахуыргӕнинӕгтӕ дис кодтой, цымӕ йӕ уымӕй цы зӕгъын фӕнды, зӕгъгӕ. Ууыл къуыри дӕр нӕма рацыд, афтӕ Йесо йӕ апостолтӕй ӕртӕйы – Петр, Иаков ӕмӕ Иоанны – акодта ӕмӕ семӕ бӕрзонд хохмӕ ссыд. Уый, ӕвӕццӕгӕн, ӕхсӕвыгон уыди, уымӕн ӕмӕ апостолтӕ ӕртӕйӕ дӕр ӕрфынӕй сты. Йесо куыд куывта, афтӕ сӕ разы йӕ хуыз аивта. Апостолтӕ федтой, йӕ цӕсгом хурау куыд ныррухс ӕмӕ йӕ уӕлӕдарӕс урс-урсид куыд фестад ӕмӕ рухсау цӕхӕртӕ куыд калдта.

Стӕй сӕ разы февзӕрд дыууӕ лӕджы, «Моисей ӕмӕ Илийа». Ӕмӕ Йесоимӕ ныхас кӕнын райдыдтой «йӕ ацыдыл – Иерусалимы йыл цы хъуамӕ ӕрцыдаид, ууыл» (Лукайы 9:30, 31). Куыд зыны, афтӕмӕй йӕ ацыд амыдта, Йесо сын хӕрз ӕрӕджы йӕхӕдӕг цӕй кой кодта, уымӕ, ома кӕй амӕлдзӕн ӕмӕ стӕй кӕй райгас уыдзӕн (Матфейы 16:21). Ӕмӕ кӕд Петр Йесойӕн дзырдта, цӕмӕй ахӕм ӕгады мӕлӕтӕй йӕхи бахызтаид, уӕддӕр ныр бӕрӕг уыд, ӕнӕ амӕлгӕ йын кӕй нӕй.

Цӕй фынӕй ӕмӕ ма цӕй цыдӕр! Ӕртӕ апостолӕн сӕ хуыссӕг бынтондӕр фӕлыгъд ӕмӕ сӕм дисгӕнгӕ хъуыстой. Кӕд уый цӕстылуайӕн уыди, уӕддӕр ӕй ӕцӕг хабарӕй раиртасӕн нӕ уыд. Ӕмӕ Петр Йесойӕн афтӕ дӕр уымӕн загъта: «Ахуыргӕнӕг, мӕнӕ нын цы хорз у ам! Цӕй ӕмӕ ам ӕртӕ цатыры ӕрӕвӕрӕм: иу дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу та Илийайӕн» (Марчы 9:5). Цымӕ Петры уым цатыртӕ ӕрӕвӕрын цӕмӕн бафӕндыд? Цӕстылуайӕн фылдӕр ахастаид, уый йӕ фӕндыди?

Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ сӕ урс мигъ ӕрӕмбӕрзта, ӕмӕ мигъӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт. Хъусут ӕм». Ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъуыстой, уӕд фыртӕссӕй дӕлгоммӕ ӕрхаудтой. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Уӕлӕмӕ сыстут, ма тӕрсут» (Матфейы 17:5–7). Ӕмӕ куы сыстадысты, уӕд дзы Йесойы йеддӕмӕ никӕйуал федтой. Ууыл цӕстылуайӕн фӕци. Куы ’рбабон ӕмӕ хохӕй фӕстӕмӕ куы ’рцӕйцыдысты, уӕд сӕ Йесо бафӕдзӕхста: «Цалынмӕ Адӕймаджы Фырт мӕрдтӕй нӕ райгас уа, уӕдмӕ, цы федтат, уый тыххӕй макӕмӕн дзурут» (Матфейы 17:9).

Цӕстылуайӕны Илийа дӕр кӕй фӕзынд, уымӕ гӕсгӕ апостолтӕ Йесойы бафарстой: «Чиныджыдӕснытӕ афтӕ цӕмӕн дзурынц, раздӕр уал, дам, хъуамӕ Илийа ӕрцӕуа?» Йесо сын дзуапп радта: «Илийа ӕрцыд, фӕлӕ йӕ нӕ базыдтой» (Матфейы 17:10–12). Йесо Аргъауӕг Иоанны кой кодта. Хуыцау Илийайӕн цы хъуыддаг бахӕс кодта, ахӕм хъуыддаг бахӕс кодта Иоаннӕн дӕр. Илийа фӕндаг ӕрцӕттӕ кодта Елисейӕн, Иоанн та – Йесойӕн.

Куыд тынг бифидар кодтаид ацы цӕстылуайӕн Йесойы дӕр ӕмӕ йӕ апостолты дӕр! Уыдон афонӕй раздӕр федтой Чырыстийы Паддзахады кад. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ уыдон федтой «Адӕймаджы Фырты паддзахӕй ӕрцӕугӕ» (Матфейы 16:28). Хохыл ын «сӕхи цӕстӕй федтой йе стыр кад». Фарисейты фӕндыд, цӕмӕй сын Йесо диссаг равдыстаид ӕмӕ афтӕмӕй сбӕлвырд кодтаид, ӕцӕгдӕр Хуыцауы ӕвзӕрст Паддзах кӕй у, уый. Фӕлӕ сын ницы диссаг равдыста. Йе ’ввахс ахуыргӕнинӕгты та йын Хуыцау уыцы кады аккаг скодта, ӕмӕ сӕ цӕстыты раз Йесо йӕ хуыз аивта. Уыцы цӕстылуайӕн уыди фидар бӕлвырдгӕнӕн, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ фыст ӕрцыд, уыдон иууылдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты, уымӕн. Фӕстӕдӕр Петр ахӕм ныхӕстӕ дӕр уымӕн ныффыста, зӕгъгӕ, мах «ноджы фидардӕрӕй ӕууӕндӕм пехуымпар-ныхасыл» (2 Петры 1:16–19).