Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

33 СӔР

Сӕххӕст кодта Исайы пехуымпарад

Сӕххӕст кодта Исайы пехуымпарад

МАТФЕЙЫ 12:15–21 МАРЧЫ 3:7–12

  • АДӔМ ГУЫЛФ КӔНЫНЦ ЙЕСОМӔ

  • ЙЕСО СӔХХӔСТ КОДТА ИСАЙЫ ПЕХУЫМПАРАД

Йесо куы базыдта, фарисейтӕ ӕмӕ, Ироды фарс чи уыд, уыдон ӕй марынмӕ кӕй хъавынц, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Галилейӕйы денджызы ’рдӕм йӕхи айста. Фӕлӕ дуне адӕм алы рӕттӕй уырдӕм цыдысты. Цыдысты йӕм Галилейӕйӕ, Зӕххастӕу денджызы был чи уыд, уыцы горӕттӕй – Тир ӕмӕ Сидонӕй, Иорданы скӕсӕн фарсӕй, стӕй Иерусалимӕй ӕмӕ ма суанг Идумейӕйӕ дӕр, хуссарырдыгӕй ноджы дарддӕр чи уыд, уыцы бӕстӕйӕ. Йесо дзы бирӕты сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, уӕззау низтӕй рынчын чи уыд, уыдон размӕ бырстой. Йесо сыл йӕ къухтӕ кӕд авӕрдзӕн, уымӕ дӕр нал ӕнхъӕлмӕ кастысты, фӕлӕ сӕ тых, сӕ бонӕй архайдтой, цӕмӕй йыл андзӕвыдаиккой (Марчы 3:9, 10).

Адӕм уыйбӕрц уыдысты, ӕмӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, иу гыццыл бӕлӕгъ цӕттӕйӕ дарут, зӕгъгӕ. Цӕмӕн ӕй хъуыд уыцы бӕлӕгъ? Цӕмӕй былӕй фалдӕр баленк кодтаид, ӕмӕ йӕ адӕм ма цъист кодтаиккой. Стӕй сӕ йӕ бон уыдаид бӕлӕгъӕй ахуыр кӕнын дӕр йе та ӕндӕр ранмӕ аленк кӕнын ӕмӕ ноджы фылдӕр адӕмӕн баххуыс кӕнын.

Ахуыргӕнинаг Матфей ныффыста, зӕгъгӕ, Йесо сӕххӕст кодта, «пехуымпар Исай цы загъта, уый» (Матфейы 12:17). Цымӕ Исайы чиныгӕй бӕлвырдӕй кӕцы пехуымпарад сӕххӕст кодта?

«Мӕнӕ мӕ лӕггадгӕнӕг, ӕз кӕй равзӕрстон ӕмӕ кӕй уарзын, уый. Мӕнӕ мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг адӕймаг! Ӕз ӕй мӕ тыхӕй схайджын кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмтӕн, рӕстдзинад цы у, уый бамбарын кӕндзӕн. Уый нӕдӕр тыхныхас кӕндзӕн, нӕдӕр хъӕр, ӕмӕ йын стыр уынгты йӕ хъӕлӕс ничи фехъусдзӕн. Цъӕл хъӕз нӕ асӕтдзӕн, гыццыл ма чи судзы, ахӕм цырагъ нӕ ахуыссын кӕндзӕн. Уый афтӕ кӕндзӕн, цалынмӕ рӕстдзинад уӕлахизмӕ не ’ркӕна, уӕдмӕ. Ӕмӕ йӕ номӕй ныфсджын уыдзысты адӕмтӕ» (Матфейы 12:18–21; Исай 42:1–4).

Йесо Хуыцауы уарзон лӕггадгӕнӕг кӕй у, ууыл дзырд дӕр нӕй. Йесо адӕмӕн ӕмбарын кодта, рӕстдзинад ӕцӕгӕй цы у, уый, уымӕн ӕмӕ йӕ мӕнг дины ӕгъдӕутты аххосӕй ничиуал зыдта. Фарисейтӕ Хуыцауы Закъон афтӕ сзыгъуыммӕ кодтой, ӕмӕ сабатбон рынчын адӕймагӕн дӕр нӕ баххуыс кодтаиккой! Фӕлӕ Йесо адӕмы ӕнӕхъӕугӕ ӕгъдӕутты уӕззау уаргъӕй ирвӕзын кодта, Хуыцауы рӕстдзинад сын кӕй ӕмбарын кодта ӕмӕ йӕ тыхӕй хайджын кӕй уыд, уый йӕ хъуыддӕгтӕй кӕй ӕвдыста, уый фӕрцы. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй дины разамонджытӕ марынмӕ хъавыдысты. Уымӕй стырдӕр бӕллӕх ма цы хъуамӕ уа!

Фӕлӕ куыд ӕмбарын хъӕуы ацы ныхӕстӕ та, зӕгъгӕ, Йесо «нӕдӕр тыхныхас кӕндзӕн, нӕдӕр хъӕр, ӕмӕ йын стыр уынгты йӕ хъӕлӕс ничи фехъусдзӕн»? Адӕмы-иу куы сдзӕбӕх кодта, уӕд-иу сӕ бафӕдзӕхста, «чи дӕн, уый ма дзурут», зӕгъгӕ. Йӕхи тыххӕй дзурын нӕ уагъта дӕлимонты дӕр (Марчы 3:12). Йесойы нӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм уынгты йӕ кой кодтаиккой ӕмӕ ма сӕм къухтӕ ӕмӕ къӕхтӕ ӕфтыдтаиккой, афтӕмӕй сӕ кӕрӕдзийы дзыхӕй скъӕфтаиккой.

«Цъӕл хъӕз нӕ асӕтдзӕн», зӕгъгӕ, уый та цы нысан кӕны? Йесо ныфсдӕттӕг хабар хъусын кодта, цъӕл хъӕз йӕ сӕр куыд ӕрӕппары, афтӕ чи ныггуыбыр, мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд чи уыд, уыцы адӕмӕн. Уыдон, гыццыл ма чи судзы, ахӕм цырагъӕй уӕлдай нӕ уыдысты. Йесо ахӕм цырагъ никуы ахуыссын кодта ӕмӕ цъӕл хъӕз никуы асаста. Уыцы ӕфхӕрд адӕмы-иу фӕлмӕн уарзтӕй батавта, ӕмӕ-иу сӕ сӕртыл схӕцыдысты, ныфс-иу сӕ бацыд. Уӕдӕ Йесойы номӕй адӕмтӕ ныфсджын куыннӕ хъуамӕ уой!