Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

44 СӔР

Йесо тыхдымгӕ ныссабыр кодта

Йесо тыхдымгӕ ныссабыр кодта

МАТФЕЙЫ 8:18, 23–27 МАРЧЫ 4:35–41 ЛУКАЙЫ 8:22–25

  • ЙЕСО ГАЛИЛЕЙӔЙЫ ДЕНДЖЫЗЫ ТЫХДЫМГӔ НЫССАБЫР КОДТА

Уыцы бон Йесо бирӕ цыдӕртӕ сарӕзта ӕмӕ тынг бафӕллад. Куы баизӕр, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ахизӕм денджызы фаллаг фарсмӕ», ома, Капернаум кӕм уыд, уырдыгӕй иннӕ фарсмӕ (Марчы 4:35).

Галилейӕйы денджызы хурыскӕсӕн фарс уыди Герасӕйы бӕстӕ. Уыцы бӕстӕ дӕр хауд Дӕссахармӕ. Дӕссахары горӕтты кӕд бирӕ дзуттӕгтӕ цард, уӕддӕр дзы тынг парахат уыди грекъаг культурӕ.

Йесо Капернаумӕй кӕй ацыд, уый адӕм ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фесты. Денджызы был ма ӕндӕр бӕлӕгътӕ дӕр уыди, ӕмӕ уыдон дӕр иннӕ фарсмӕ аленк кодтой (Марчы 4:36). Раст зӕгъгӕйӕ, иннӕ фарсмӕ ленк кӕнын афтӕ бирӕ дӕр нӕ хъуыди. Галилейӕйы денджыз у стыр цады хуызӕн ӕмӕ йӕ дон нуазынӕн дӕр бӕззы. Йӕ дӕргъ у 21 километры бӕрц, йӕ фӕтӕн та – 12 километры бӕрц. Ӕцӕг арфӕй арф у.

Йесо ӕххӕст адӕймаг уыди, фӕлӕ уӕддӕр ӕнӕхъӕн бон кӕй лӕггад кодта, уымӕ гӕсгӕ бафӕллад. Гъемӕ бӕлӕгъы куы сбадтысты, уӕд фӕстӕрдыгӕй ӕрхуыссыд, йӕ сӕр базыл ӕрӕвӕрдта ӕмӕ бафынӕй.

Апостолтӕ цалдӕрӕй бӕлӕгъ тӕрынмӕ дӕсны уыдысты, фӕлӕ ацы хатт сӕ балц ӕнцон нӕ уыд. Галилейӕйы денджыз хӕхты астӕу ис ӕмӕ дзы арӕх сабыр вӕййы. Фӕлӕ хатгай хӕхтӕй уазал дымгӕ дымын райдайы ӕмӕ, доны сӕрмӕ цы хъарм уӕлдӕф вӕййы, уыимӕ куы сӕмбӕлы, уӕд ӕвиппайды денджызы тыхдымгӕ сысты. Ӕмӕ та уыцы рӕстӕг дӕр раст ахӕм дымгӕ сыстад. Уылӕнтӕ сӕхи бӕлӕгъыл хойын байдыдтой, ӕмӕ «бӕлӕгъ донӕй дзаг кӕнын райдыдта, ӕмӕ сӕ хабар хорз нал уыди» (Лукайы 8:23). Йесо та йӕхицӕн фынӕй кодта, цыма никуы ӕмӕ ницы, афтӕ!

Бӕлӕгътӕрджытӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ уыдысты ахӕм уавӕры, ӕмӕ сӕ цы аразын хъуыд, уый куыннӕ зыдтой. Фӕлӕ кӕд сӕ тых, сӕ бонӕй архайдтой, уӕддӕр сын ацы хатт ницы уад. Гъемӕ сӕ удтӕн старстысты, ӕмӕ Йесойы райхъал кодтой ӕмӕ йын загътой: «Хицау, фервӕзын нӕ кӕн, сӕфӕм!» (Матфейы 8:25). Ахуыргӕнинӕгтӕ тарстысты, куы фӕдӕлдон уой, уымӕй.

Йесо куы райхъал, уӕд йӕ апостолтӕн загъта: «Ахӕм тӕппуд цӕмӕн стут? Кӕм ис уӕ уырнындзинад?» (Матфейы 8:26). Стӕй дымгӕ ӕмӕ денджызӕн бардзырд радта: «Банцай! Ныссабыр у!» (Марчы 4:39). Ӕмӕ уайтагъд тыхдымгӕ банцад ӕмӕ денджыз дӕр ныссабыр. (Марк ӕмӕ Лука сӕ Евангелиты фыццаг радзырдтой, Йесо тыхдымгӕ куыд ныссабыр кодта, уый тыххӕй. Ӕмӕ уый фӕстӕ та, ахуыргӕнинӕгтӕм уырнындзинад кӕй нӕ уыд, уый кой скодтой.)

Ахъуыды-ма кӕн, ахуыргӕнинӕгтӕ куыд фӕуыдаиккой, сӕ цӕстыты раз абухгӕ денджыз куы ныссабыр, уӕд. Се уӕнгты ӕнахуыр тас бацыд, ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Ай чи у, дымгӕ дӕр ӕмӕ денджыз дӕр йӕ коммӕ куы кӕсынц?» Гъемӕ денджызы иннӕ фарсмӕ ӕнӕфыдбылызӕй ӕрбахӕццӕ сты (Марчы 4:41–5:1). Ӕвӕццӕгӕн ма денджызы ноджыдӕр цы бӕлӕгътӕ уыд, уыдонӕн дӕр сӕ бон сси фӕстӕмӕ ныгуылӕн фарсмӕ раленк кӕнын.

Хуыцауы Фыртӕн ӕрдзы тыхтыл йӕ бар кӕй цӕуы, уый нӕ стыр ныфс куыннӕ уадзы! Зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр йӕ Паддзахады дӕлбар куы уа, уӕд ӕрдзон бӕллӕхтӕй тӕссаг нал уыдзӕн, ӕмӕ адӕм иууылдӕр ӕдасӕй цӕрдзысты!