63 СӔР
Йӕ апостолтӕн ноджы фылдӕр уынаффӕтӕ радта
МАТФЕЙЫ 18:6–20 МАРЧЫ 9:38–50 ЛУКАЙЫ 9:49, 50
-
УЫНАФФӔ, ИННӔТЫ ЧИ РӔДИЙЫН КӔНЫ, УЫДОНӔН
-
ДЕ ’ФСЫМӔР ТӔРИГЪӔД КУЫ РАКӔНА
Йесо гыццыл раздӕр цӕстуынгӕ цӕвиттоны фӕрцы бамбарын кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ сӕхимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, уый. Хъуамӕ гыццыл сывӕллӕттау уой сӕрныллӕг ӕмӕ сӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр ма ӕвӕрой. Ахӕм гыццыл сабиты-иу хъуамӕ Йесойы номы тыххӕй «суазӕг кӕной», уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй суазӕг кӕндзысты Йесойы дӕр (Матфейы 18:5).
Уымӕй размӕ ахуыргӕнинӕгтӕ быцӕу кодтой, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл. Ӕмӕ сӕм уымӕ гӕсгӕ афтӕ фӕкасти, ӕмӕ сын Йесо уымӕй сӕ рӕдыдмӕ бацамыдта. Ныр та апостол Иоанн Йесойӕн радзырдта, тӕккӕ уыцы сахат цы хабар ӕрцыд, уый тыххӕй: «Мах федтам, дӕ номӕй хӕйрӕджыты чи суры, иу ахӕм адӕймаджы. Ӕмӕ йын загътам, цӕмӕй афтӕ мауал кӕна, уымӕн ӕмӕ махӕй нӕу» (Лукайы 9:49).
Иоанн, мыййаг, афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ иннӕты дзӕбӕх кӕнын кӕнӕ хӕйрӕджытӕ сурыны бар ӕрмӕстдӕр апостолтӕн ис? Ӕмӕ уыцы дзуттаг лӕг дӕр адӕмӕй хӕйрӕджыты куы сырдта, уӕд уый хабар та куыд уыд? Иоанны хъуыдымӕ гӕсгӕ уыцы лӕг ахӕм хъомысджын хъуыддӕгтӕ хъуамӕ ма арӕзтаид, уымӕн ӕмӕ Йесо ӕмӕ йӕ апостолтимӕ нӕ уыди.
Уӕдӕ Иоанмӕ диссаг куыннӕ фӕкастаид, Йесо цы загъта, уый: «Уадзут ӕй. Мӕ номӕй диссаг чи сараза, уый ӕвиппайды мӕн ӕфхӕрынмӕ нӕ фӕуыдзӕн. Нӕ ныхмӕ чи нӕу, уый нӕ фарс у. Ӕмӕ уын, Чырыстийы кӕй стут, уый тыххӕй доны къус чи бадара, уыцы адӕймаг, ӕцӕг уын зӕгъын, ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй нӕ баззайдзӕн» (Марчы 9:39–41).
Уыцы рӕстӕг адӕймаджы ӕдзух Чырыстиимӕ цӕуын нӕ хъуыди, цӕмӕй бӕрӕг уыдаид, йӕ фарс кӕй у, уый. Уӕд чырыстон ӕмбырд арӕзт нӕма ӕрцыд. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ӕдзух Йесоимӕ кӕй нӕ цыди, уый ууыл дзурӕг нӕ уыди, ӕмӕ йӕ ныхмӕ цӕуы кӕнӕ адӕмы мӕнг динмӕ здахы. Бӕрӕг у, уыцы адӕймаг Йесойы номыл кӕй ӕууӕндыд. Ӕмӕ Йесо бамбарын кодта, уый тыххӕй ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй кӕй нӕ баззайдзӕн.
Фӕлӕ, зӕгъӕм, апостолтӕ уыцы адӕймаджы, цы йын загътой ӕмӕ сӕхи куыд дардтой, уымӕй фӕрӕдийын кодтой. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй уый хуымӕтӕг хъуыддаг нӕ уыдаид: «Мӕныл чи ӕууӕнды, уыцы гыццылтӕй иуы дӕр чи фӕрӕдийын кӕна, уымӕн... хуыздӕр уаид, йӕ хъуырыл ын куыройыдур куы бакӕниккой ӕмӕ йӕ денджызы куы ныппариккой» (Марчы 9:42). Ӕмӕ стӕй бамбарын кодта, йӕ фӕдылдзӕуджыты сӕ къух кӕнӕ сӕ къах, йе та сӕ цӕст куы рӕдийын кӕна, уӕд ӕй кӕй хъуамӕ ралыг кӕной ӕмӕ йӕ кӕй хъуамӕ аппарой. Адӕймагӕн йӕ буары уӕнгтӕй алкӕцыдӕр зынаргъ у. Фӕлӕ цӕйнӕфӕлтау йӕ къух, йӕ къах кӕнӕ йӕ цӕстимӕ гееннӕмӕ (ома Енномы дӕлвӕзмӕ) бахауа, фӕлтау йӕ буары уӕнгтӕй фӕхъӕуӕд ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуӕд. Уыцы дӕлвӕз уыди Иерусалиммӕ хӕстӕг, сыгътой-иу дзы бырӕттӕ. Уӕдӕ апостолтӕ уыцы дӕлвӕз, ӕвӕццӕгӕн, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ федтой. Уымӕ гӕсгӕ сын зын бамбарӕн нӕ уыдаид, гееннӕ цӕмӕ амоны, уый, ома адӕймаг ӕнустӕм кӕй фесӕфдзӕн.
Йесо ма йӕ ахуыргӕнинӕгты ноджыдӕр бафӕдзӕхста: «Уӕхимӕ кӕсут, ацы гыццылтӕй иуыл дӕр былысчъил куыд нӕ кӕнат, уымӕн ӕмӕ уын зӕгъын: уыдонӕн уӕлӕрвты сӕ зӕдтӕ ӕппынӕдзухдӕр уынынц мӕ уӕларвон Фыды Матфейы 18:10, 14).
цӕсгом». Ахӕм «гыццылтӕ» Йесойы Фыдӕн тынг зынаргъ сты. Йесо радзырдта, иу лӕгмӕ 100 фысы кӕй уыди ӕмӕ йын дзы иу кӕй фесӕфт. Уӕд лӕг йӕ 99 фысы ныууагъта ӕмӕ йӕ сӕфт фысы агурӕг ацыд. Ӕмӕ йӕ куы ссардта, уӕд ыл иннӕ 99 фысӕй тынгдӕр цин кодта. Уый фӕстӕ Йесо йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Афтӕ мӕ уӕларвон Фыды дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй ацы гыццылтӕй иу дӕр фесӕфа» (Ӕвӕццӕгӕн, Йесо ныр дӕр ма хъуыды кодта, йӕ апостолтӕ, уӕлдӕр сӕ чи у, уый тыххӕй кӕй быцӕу кодтой, ууыл. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ загъта: «Цӕххъуаг ма ут, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрут» (Марчы 9:50). Хӕринагыл цӕхх куы ныккӕнынц, уӕд хӕрзаддӕр вӕййы. Афтӕ адӕймагӕн дӕр йӕ дзыхыныхасыл «цӕхх» куы уа, уӕд ӕй иннӕмӕн ӕнцондӕр уыдзӕн йӕ зӕрдӕмӕ айсын. Ӕмӕ уӕд адӕм кӕрӕдзиимӕ быцӕу нӕ кӕндзысты. Уӕдӕ ахӕсгӕ хуызы цӕхх ахъаз у фарн бахъахъхъӕнынӕн (Колоссӕгтӕм 4:6, фиппаинаг).
Иуӕй-иу хатт ахӕм хабӕрттӕ ӕрцӕуы, ӕмӕ сыл дӕ цӕстытӕ нӕ сӕхгӕндзынӕ. Йесо бамбарын кодта, ахӕм уавӕрты куыд бакӕнын хъӕуы, уый дӕр: «Де ’фсымӕр тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд ӕм бацу ӕмӕ йын йӕ рӕдыд хибарӕй зӕгъ. Кӕд дӕм байхъуса, уӕд ссардтай де ’фсымӕры». Фӕлӕ дын дӕ ныхасмӕ куы нӕ байхъуса, уӕд та? Йесо ахӕм уынаффӕ радта: «Уӕд демӕ акӕн ноджыдӕр иу кӕнӕ дыууӕ адӕймаджы, цӕмӕй алы хъуыддаг дӕр сбӕлвырд уа дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны ныхасмӕ гӕсгӕ». Фӕлӕ хъуыддаг уӕддӕр лыггонд куы не ’рцӕуа, уӕд та хабар радзурын хъӕуы «ӕмбырдӕн», ома хистӕр нӕлгоймӕгтӕн – уыцы хъуыддаг аскъуыддзаг кӕнын кӕй бон у, уыдонӕн. Ӕмӕ тӕригъӕд чи ракодта, уый уӕд дӕр куы нӕ байхъуса, уӕд та куыд кӕнгӕ у? Йесо загъта: «Уӕд дын иннӕ адӕмӕй ӕмӕ хъалонисджытӕй уӕлдай ма уӕд», ома, дзуттӕгтӕ кӕимӕ нӕ иу кодтой, уыцы адӕмӕй уӕлдай (Матфейы 18:15–17).
Ӕмбырды цӕстдарджытӕ хъуамӕ фидар хӕцой, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, ууыл. Адӕймаг тӕригъӕд кӕй сарӕзта ӕмӕ йын зонд бацамонын кӕй хъӕуы, уый куы уыной, уӕд, цы уынаффӕ рахӕссой, уый «раздӕр баст ӕрцӕудзӕн уӕлӕрвты». Фӕлӕ йӕ куы уыной, ӕмӕ адӕймаг аххосджын нӕу, уӕд та сӕ уынаффӕ «хӕлд ӕрцӕудзӕн уӕлӕрвты». Фӕстӕдӕр чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд уыцы амындтӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, стыр ӕххуыс уыдысты. Ахӕм ахсджиаг хабӕрттӕ ӕвзарыны тыххӕй Йесо загъта: «Мӕ номыл дыууӕйӕ кӕнӕ ӕртӕйӕ кӕм ӕрӕмбырд уой, уым ӕз дӕр уыдзынӕн семӕ» (Матфейы 18:18–20).