Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

54 СӔР

Йесо – «царддӕттӕг дзул»

Йесо – «царддӕттӕг дзул»

ИОАННЫ 6:25–48

  • ЙЕСО У «ДЗУЛ УӔЛАРВӔЙ»

Галилейӕйы денджызы хурыскӕсӕн фарс Йесо диссаджы хуызы минты бафсӕста ӕмӕ стӕй уырдыгӕй йӕхи айста, уымӕн ӕмӕ базыдта, паддзахӕй сӕвӕрынмӕ йӕ кӕй хъавынц. Уыцы ӕхсӕв денджызы тыхдымгӕ куы сыстад, уӕд Йесо доныл бацыд ӕмӕ Петры фервӕзын кодта. Стӕй ма дымгӕ дӕр ныссабыр кодта. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы диссаг уый тыххӕй сарӕзта, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ бӕлӕгъ доны бын ма фӕуыдаид.

Ныр Йесо фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт денджызы ныгуылӕн фарсмӕ, Капернаум кӕм уыд, уырдӕм. Уым ӕй ссардтой, диссаджы хуызы кӕй бафсӕста, уыцы адӕм ӕмӕ йӕ бафарстой: «Ардӕм кӕд ӕрбацыдтӕ?» Фӕндыди сӕ, цӕмӕй та сӕ Йесо бафсӕстаид, фӕлӕ сын уый бауайдзӕф кодта. Ӕмӕ сын стӕй радта ахӕм уынаффӕ: «Сӕфгӕ чи кӕны, уыцы хӕринагыл ма уӕд уӕ фыдӕбон, фӕлӕ, сӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ ӕнусон цард чи дӕтты, уыцы хӕринагыл». Уыдон ӕй бафарстой: «Цавӕр хъуыддӕгтӕ хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕна?» (Иоанны 6:25–28).

Уыдон, чи зоны, ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ сын Йесо Закъоны фыст хъуыддӕгты кой ракӕндзӕн. Фӕлӕ сын уый сӕ хъус ӕрдардта ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддагмӕ: «Хуыцауы зӕрдӕ уӕ рухс кӕндзӕн, кӕй рарвыста, ууыл куы ӕууӕндат, уӕд». Фӕлӕ адӕм Йесойыл не ’ууӕндыдысты, кӕд сӕ разы уыйбӕрц хъомысджын хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уӕддӕр. Домдтой дзы, диссаг нын равдис, цӕмӕй дыл баууӕндӕм, зӕгъгӕ. «Цы сараздзынӕ? – бафарстой йӕ уыдон.– Зӕгъӕм, нӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг быдыры хордтой маннӕ. Фыст дӕр афтӕ у: „Уӕларвӕй сын радта дзул“» (Иоанны 6:29–31; Псалом 78:24).

Йесойӕ диссаг саразын кӕй домдтой, уымӕ гӕсгӕ сын се ’ргом аздӕхта, уыцы диссӕгтӕ ӕцӕгӕй Кӕмӕй цӕуынц, уымӕ: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Моисей уын нӕ радта ӕцӕг дзул уӕларвӕй, фӕлӕ уын ныр мӕ Фыд дӕтты ӕцӕг дзул уӕларвӕй. Хуыцау кӕй дӕтты, уыцы дзул у, уӕларвӕй чи ӕрцыд ӕмӕ дунейӕн цард чи дӕтты, уый». Уыцы ныхӕстӕй сын цы зӕгъинаг уыд, уый афтӕ дӕр нӕ бамбӕрстой, ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодтой: «Хицау, алкӕддӕр нын дӕтт уыцы дзулӕй» (Иоанны 6:32–34). Цымӕ Йесо цавӕр «дзулы» кой кодта?

Дарддӕр ӕй бамбарын кодта: «Ӕз дӕн царддӕттӕг дзул. Мӕнмӕ чи ’рцӕуа, уый никуы сӕххормаг уыдзӕн, ӕмӕ мӕныл чи ӕууӕнды, уый никуы сдойны уыдзӕн. Фӕлӕ уын ӕз загътон: сымах мӕ уынгӕ дӕр фӕкодтат, фӕлӕ мыл уӕддӕр не ’ууӕндут. [...] Ӕз уӕларвӕй уый тыххӕй не ’рцыдтӕн, цӕмӕй, мӕхи цы фӕнды, уый кӕнон, фӕлӕ мӕ рарвитӕджы цы фӕнды, уый. Ӕмӕ мӕ рарвитӕджы та уый фӕнды, цӕмӕй мын кӕй радта, уыдонӕй иуы дӕр ма фесафон, фӕлӕ се ’ппӕты дӕр фӕстаг бон райгас кӕнон. О, мӕ Фыды уый фӕнды, цӕмӕй, Фырты чидӕриддӕр уыны ӕмӕ йыл ӕууӕнды, уый хайджын уа ӕнусон цардӕй» (Иоанны 6:35–40).

Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ дзуттӕгтӕ смӕсты сты ӕмӕ хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой, афтӕ куыд дзуры, «ӕз, уӕларвӕй чи ’рцыд, уыцы дзул дӕн», зӕгъгӕ (Иоанны 6:41). Сӕ цӕсты Йесо уыди хуымӕтӕг зӕххон лӕджы фырт. Йӕ ныййарджытӕ уыдысты галилейаг горӕт Назаретӕй. Адӕм дзырдтой: «Ай мӕнӕ Иосифы фырт нӕу, йӕ фыд ӕмӕ йын йӕ мады нӕ зонӕм?» (Иоанны 6:42).

Фӕлӕ сын Йесо дзуапп радта: «Мауал хъуыр-хъуыр кӕнут. Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу мӕнмӕ ӕрцӕуын, мӕ рарвитӕг Фыд ӕй куы не ’рбакӕна, уӕд, ӕмӕ йӕ ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн. Пехуымпарты чингуыты фыст ис: „Се ’ппӕты дӕр ахуыр кӕндзӕн Йегъовӕ“. Мӕ Фыдмӕ чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ уымӕй ахуыр кӕны, уый мӕм ӕрцӕуы. Иу адӕймаг дӕр нӕ федта Фыды, Хуыцауӕй чи у, уый йеддӕмӕ – ӕрмӕстдӕр ӕй уый федта. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: мӕныл чи ’ууӕнды, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй» (Иоанны 6:43–47; Исай 54:13).

Уымӕй размӕ Йесо Никодимимӕ куы ныхас кодта, уӕд уымӕн дӕр ӕнусон царды кой ракодта ӕмӕ йын бамбарын кодта, ӕнусон цард ӕмӕ Адӕймаджы Фыртыл ӕууӕндын кӕрӕдзиимӕ баст кӕй сты. Загъта йын, зӕгъгӕ, Хуыцауы иунӕг Фыртыл «чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый нӕ фесӕфдзӕн, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уыдзӕн» (Иоанны 3:15, 16). Фӕлӕ ныр та бирӕ адӕмимӕ ныхас кодта, ӕмӕ уыдонӕн дӕр загъта, ӕнусон цардӕй уый фӕрцы кӕй уыдзысты хайджын. Бамбарын сын кодта, ӕнусон цард сын кӕй нӕ ратдзӕн нӕдӕр маннӕ, нӕдӕр, Галилейӕйы алкӕм дӕр адӕм цы дзул хордтой, уый. Уӕдӕ куыд ис ӕнусон цард ссарӕн? Йесо та ногӕй загъта: «Ӕз дӕн царддӕттӕг дзул» (Иоанны 6:48).

Фӕлӕ Йесойӕн уӕларвон дзулы фӕдыл нырма зӕгъинӕгтӕ уыди. Ӕмӕ йӕ ныхас адарддӕр кодта, адӕмы Капернаумы ӕмбырдгӕнӕны куы ахуыр кодта, уӕд.