Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

83 СӔР

Хуыцау куывдмӕ хоны

Хуыцау куывдмӕ хоны

ЛУКАЙЫ 14:7–24

  • ЙЕСО ЙӔ НЫХАСМӔХЪУСДЖЫТЫ АХУЫР КӔНЫ СӔРНЫЛЛӔГДЗИНАДЫЛ

  • ХУЫНД УАЗДЖЫТӔ ӔФСӔНТТӔ АГУРЫНЦ

Йесо доннизӕй рынчын адӕймаджы куы сдзӕбӕх кодта, уый фӕстӕ дӕр ма иуцасдӕр фӕци фарисейы хӕдзары. Уым Йесо бафиппайдта, иннӕ уазджытӕ фынгыл кадджындӕр бынӕтты сбадыныл кӕй архайдтой. Ӕмӕ уыцы фадатӕй спайда кодта, цӕмӕй сӕ сӕрныллӕгдзинадыл сахуыр кодтаид.

Йесо загъта: «Исчи дӕ чындзӕхсӕвмӕ куы фӕхона, уӕд-иу фынгыл уӕлейӕ ма сбад. Науӕд уазджытӕй исчи дӕуӕй кадджындӕр куы разына, уӕд дӕм, уӕ дыууӕйы дӕр чи фӕхуыдта, уый бацӕудзӕн ӕмӕ дын зӕгъдзӕн: „Мӕнӕ-ма ацы лӕджы ам бауадз“. Ӕмӕ уӕд къӕмдзӕстыгӕй дӕлдӕр абаддзынӕ» (Лукайы 14:8, 9).

Стӕй йӕ ныхас адарддӕр кодта: «Фӕлӕ дӕ куы фӕхоной, уӕд-иу ацу ӕмӕ-иу фынгыл дӕлейӕ сбад, цӕмӕй дӕм фысым бацӕуа ӕмӕ дын зӕгъа: „Мӕ хӕлар, уӕлдӕр сбад“. Ӕмӕ дын уӕд иннӕ уазджыты цӕсты уыдзӕни стыр кад». Уый ӕнӕуи уӕздандзинад нӕ уыди. Хъуыддаг цӕй мидӕг уыд, уый Йесо дарддӕр бамбарын кодта: «Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн» (Лукайы 14:10, 11). Куыд уынӕм, афтӕмӕй йӕ ныхасмӕхъусджыты ахуыр кодта сӕрныллӕгдзинадыл.

Уый фӕстӕ Йесо йӕ фысым фарисейӕн ноджыдӕр иу хъуыддагмӕ йӕ хъус ӕрдардта. Бамбарын ын кодта, цавӕр адӕмы-иу хъуамӕ фӕхона уазӕгуаты, цӕмӕй дзы Хуыцау райгонд уа: «Сихор кӕнӕ ӕхсӕвӕрмӕ искӕй куы хонай, уӕд мадӕр де ’рдхӕрдты фӕхон, мадӕр де ’фсымӕрты, мадӕр дӕ хӕстӕджыты, мадӕр дӕ хъӕздыг сыхӕгты. Кӕннод дӕ иу бон уыдон дӕр фӕхондзысты, ӕмӕ дӕ хорздзинад уымӕй фыст ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ куывд куы кӕнай, уӕд-иу фӕхон мӕгуырты, цӕнкуылты, къуылыхты ӕмӕ куырмыты. Ӕмӕ уӕд уыдзынӕ амондджын, уымӕн ӕмӕ дын уыдон дӕ хорздзинад цӕмӕй бафидой, уый сӕм нӕй» (Лукайы 14:12–14).

Ӕцӕгдӕр, адӕймаг уазӕгуаты йе ’мбӕлтты, йӕ хӕстӕджыты ӕмӕ йӕ сыхӕгты фӕхоны. Ӕмӕ Йесойы дӕр уый зӕгъын нӕ фӕндыди, ӕмӕ уый раст нӕу. Фӕлӕ йӕ фысымӕн йӕ хъус ӕрдардта, мӕгуырты, цӕнкуылты кӕнӕ куырмыты куы фӕхона, уӕд ын уый стыр арфӕдзинӕдтӕ кӕй ӕрхӕсдзӕн. Бамбарын ын кодта: «Дӕ хорздзинад дын фыст ӕрцӕудзӕн, рӕстгӕнджытӕ куы ӕгас кӕной, уӕд». Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ уазджытӕй чидӕр загъта: «Амондджын у, Хуыцауы паддзахады къӕбӕр чи хӕрдзӕн, уый» (Лукайы 14:15). Уыцы адӕймаг бамбӕрста, уый стыр кад кӕй у. Фӕлӕ уыцы кадӕн се ’ппӕт нӕ аргъ кодтой, ӕмӕ уый бӕрӕг у, Йесо дарддӕр цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй.

«Иу лӕг сфӕнд кодта стыр куывд скӕнын ӕмӕ бирӕ адӕмы фӕхуыдта. ...Кӕй фӕхуыдта, уыдонмӕ йӕ цагъары арвыста, рацӕут, алцыдӕр цӕттӕ у, зӕгъгӕ. Фӕлӕ се ’ппӕт дӕр, цыма ӕмдзырд бакодтой, уыйау ӕфсӕнттӕ кӕнын райдыдтой. Сӕ иу ын афтӕ бакодта: „Зӕхх балхӕдтон, ӕмӕ йӕ хъуамӕ фенон. Хатырӕй мын уӕд“. Иннӕ та йын загъта: „Дӕс галы балхӕдтон, ӕмӕ сӕ фӕлварынмӕ цӕуын. Хатырӕй мын уӕд“. Иу та йын афтӕ бакодта: „Ус нырма гъеныр ракуырдтон, ӕмӕ мӕ бон ацӕуын нӕу“» (Лукайы 14:16–20).

Сӕхицӕн цы ӕфсӕнттӕ ссардтой, уыдон ӕфсӕнттӕ схонӕн дӕр нӕ уыд. Адӕймаг зӕхх кӕнӕ фос фены, цалынмӕ сӕ нӕ балхӕны, уӕдмӕ. Ӕмӕ сӕ иугӕр балхӕдта, уӕд ма сӕ фенын цас ӕхсызгон хъуыддаг уыд! Уӕдӕ ӕртыккаг лӕг дӕр йӕхи ус курынмӕ нӕ цӕттӕ кодта. Йӕ бинонты хъуыддаг конд уыди, ӕмӕ йӕ уӕдӕ уый хъуамӕ ма бакъуылымпы кодтаид. Фысым уыцы ӕфсӕнттӕ куы фехъуыста, уӕд смӕсты ӕмӕ йӕ цагъарӕн загъта:

«Тагъддӕр ацу горӕты стыр ӕмӕ гыццыл уынгтӕм, ӕмӕ мӕгуырты, цӕнкуылты, куырмыты ӕмӕ къуылыхты ӕрбакӕн». Цасдӕры фӕстӕ цагъар загъта: «Мӕ буц хицау, куыд загътай, афтӕ бакодтон, фӕлӕ ма дзы уӕддӕр бынат ис». Хицау та йын афтӕ: «Ацу фӕндӕгтӕм ӕмӕ къахвӕндӕгтӕм, ӕмӕ тыхӕй дӕр ракӕн адӕмы, цӕмӕй мӕ хӕдзар уазджытӕй байдзаг уа. Зӕгъын уын: хуынд чи уыд, уыдонӕй иу дӕр мӕ куывды фынгӕй нӕ бахӕрдзӕн» (Лукайы 14:21–24).

Ацы фӕсномыг ныхас хорз ӕвдисы, Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ Фыд, Йегъовӕ Хуыцау, уӕларвон Паддзахадмӕ адӕмы куыд хонынц, уый. Хуыцау фыццаг фӕхуыдта дзуттӕгты, ӕмӕ уыдонӕй та ӕппӕты раздӕр – сӕ дины разамонджыты. Йесо цалынмӕ зӕххыл лӕггад кодта, уӕдмӕ сӕ зӕрдиагӕй хуыдта, фӕлӕ сӕ фылдӕр уыцы кадӕн нӕ саргъ кодтой. Ӕмӕ цымӕ хуынды хабар уыдоныл ахицӕн? Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, фидӕны хонӕг дыккаг хат кӕй хъуамӕ ацыдаид ӕмӕ кӕй хъуамӕ фӕхуыдтаид, дзуттаг адӕмӕй ӕфхӕрд чи уыд, уыдоны, стӕй ма, иннӕ адӕмтӕй дзуттаг дин чи райста, уыдоны дӕр. Уый фӕстӕ та хонӕг хъуамӕ рацыдаид ӕртыккаг хатт, фӕстаг хатт, ӕмӕ хъуамӕ фӕхуыдтаид, дзуттӕгты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы цӕсты аккаг чи нӕ уыд, уыцы адӕмы (Хъуыддӕгтӕ 10:28–48).

Уӕдӕ цӕуыл дзурӕг сты Йесойы ныхӕстӕ? Уазджытӕй иу тынг раст загъта: «Амондджын у, Хуыцауы паддзахады къӕбӕр чи хӕрдзӕн, уый»!