Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

74 СӔР

Йесо дзуры уазӕгуарзондзинады ӕмӕ кувыны тыххӕй

Йесо дзуры уазӕгуарзондзинады ӕмӕ кувыны тыххӕй

ЛУКАЙЫ 10:38–11:13

  • ЙЕСО МАРФӔ ӔМӔ МАРИЙӔМӔ УАЗӔГУАТЫ

  • ХЪӔУЫ ЗӔРДИАГӔЙ КУВЫН

Оливӕбӕлӕсты хохӕн йӕ хурыскӕсӕн фарс къуыбырыл уыди Вифанийы хъӕу. Иерусалимӕй уырдӕм ӕртӕ километры йеддӕмӕ нӕ уыд (Иоанны 11:18). Гъемӕ Йесо уыцы хъӕумӕ ӕрцыд ӕмӕ Марфӕ ӕмӕ Марийӕйы хӕдзармӕ бацыд. Уыцы дыууӕ хойы ӕмӕ се ’фсымӕр Лазӕр Йесойӕн йе ’мбӕлттӕ уыдысты, ӕмӕ йыл тынг бацин кодтой.

Мессийӕйы суазӕг кӕнын кӕуылты кад уыд! Марфӕйы фӕндыд Йесойӕн зӕрдиагӕй балӕггад кӕнын, ӕмӕ йӕ хуыздӕр цӕмӕй сбуц кодтаид, ууыл архайдта. Йӕ хо Марийӕ та Йесойы къӕхты раз сбадт ӕмӕ йӕм хъуыста. Иуцасдӕры фӕстӕ Марфӕ Йесойӕн загъта: «Хицау, мӕ хо ӕппӕт кӕнинӕгтӕ дӕр мӕнӕн кӕй ныууагъта, уый нӕ уыныс? Зӕгъ-ма йын, ӕмӕ мӕм фӕкӕса» (Лукайы 10:40).

Йесо Марийӕйӕн ницы загъта, фӕлӕ Марфӕйӕн уынаффӕ радта, хӕринагыл ӕгӕр кӕй стыхсти, уый тыххӕй. Загъта йын: «Ехх, Марфӕ, Марфӕ, цас цӕуылдӕрты мӕт кӕныс ӕмӕ тыхсыс. Афтӕмӕй та бирӕ ницы хъӕуы, йе та иу цыдӕр дӕр фаг у. Марийӕ та хуыздӕр хай равзӕрста, ӕмӕ йын ӕй ничи байсдзӕн» (Лукайы 10:41, 42). Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй-иу адӕймаг бирӕ хӕринӕгтӕ ӕрцӕттӕ кӕна ӕмӕ ууыл бирӕ рӕстӕг хардз кӕна. Фынгыл иу исты хуымӕтӕг хӕринаг куы уа, уӕд уый дӕр фаг уыдзӕн.

Марфӕ цы арӕзта, уый йӕ хорззӕрдӕйӕ арӕзта. Фӕндыди йӕ сӕ уазӕджы истӕмӕй сбуц кӕнын. Фӕлӕ хӕринӕгтӕ цӕттӕ кӕныныл кӕй фӕци, уый тыххӕй йӕ Хуыцауы Фырты ахсджиаг ныхӕстӕм байхъусынмӕ нӕ равдӕлд! Йесо куыд загъта, афтӕмӕй Марийӕ зондджын ми бакодта. Йесомӕ хъусгӕйӕ цы базыдта, уый йын ӕнустӕм дӕр пайда хӕсдзӕн. Уымӕй уӕлдай, йӕ хабар хорз зонды хос у махӕн дӕр.

Ӕндӕр хатт та Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ хъус ӕрдардта, кувын куыд хъӕуы, уымӕ. Сӕ иу ӕм дзы бахатыд: «Хицау, сахуыр-ма нӕ кӕн кувын, Иоанн дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд сахуыр кодта, афтӕ» (Лукайы 11:1). Афӕдз ӕмӕ ӕрдӕджы размӕ Йесо йӕ зындгонд раныхасы дӕр дзырдта, Хуыцаумӕ кувын куыд хъӕуы, уый тыххӕй (Матфейы 6:9–13). Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы ахуыргӕнинаг уӕд уым нӕ уыди, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йесо сӕйраг хъуыдытӕ ногӕй радзырдта. Уый фӕстӕ иу цӕвиттон ӕрхаста ӕмӕ афтӕмӕй бамбарын кодта, зӕрдиагӕй кӕй хъӕуы кувын.

Йесо радзырдта: «Зӕгъӕм, кӕмӕндӕр уӕ ис ӕрдхорд. Ӕмбисӕхсӕв ӕм бацыдтӕ ӕмӕ йын загътай: „Ме ’рдхорд, ӕртӕ дзулы-ма мын ӕфстау авӕр. Гыццыл раздӕр мӕм ме ’мбал ӕрбацыд, фӕндагыл уыд, ӕмӕ йын йӕ разы цы ӕрӕвӕрон, уый мӕм нӕй“. Уый та дӕм ӕддӕмӕ радзырдта: „Ныууадз мӕ! Дуар дӕр сӕхгӕдтон, мӕ сывӕллӕттӕ дӕр мӕ фарсмӕ хуыссынц. Сыстон ӕмӕ дын исты раттон, уый мӕ бон нӕу“. Зӕгъын уын: ӕрдхӕрдтӕ кӕй сты, уый тыххӕй куы нӕ сыста ӕмӕ йын куы ницы ратта, уӕддӕр ӕй куы нал ӕмӕ куы нал уадза, уӕд сыстдзӕн ӕмӕ йӕ цы хъӕуа, уый йын ратдзӕн» (Лукайы 11:5–8).

Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ Йегъовӕйы дӕр уыцы ӕрдхордау нӕ фӕнды йӕ лӕггадгӕнджыты лӕгъстӕтӕм хъусын. Фӕлӕ уыцы цӕвиттоны фӕрцы бамбарын кодта ахсджиаг хъуыддаг – кӕд уыцы адӕймаг ӕвӕндонӕй дӕр йе ’рдхорды курдиат сӕххӕст кодта, кӕй йӕ нал уагъта, уый тыххӕй, уӕд нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уӕларвон Фыд куыннӕ фехъусдзӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты зӕрдиаг куывдтытӕ! Дарддӕр Йесо загъта: «Уӕдӕ уын зӕгъын: курут, ӕмӕ уын ратдзысты, агурут, ӕмӕ ссардзыстут, хойут, ӕмӕ уын бакӕндзысты, уымӕн ӕмӕ, чи куры, уымӕн раттынц, чи агуры, уый ссары, ӕмӕ, чи хойы, уымӕн бакӕнынц» (Лукайы 11:9, 10).

Уый фӕстӕ йӕ хъуыды фӕбӕлвырддӕр кӕныны тыххӕй Йегъовӕйы абарста зӕххон фыдимӕ: «Уе ’хсӕн ахӕм фыд ис, ӕмӕ дзы йӕ фырт кӕсаг куы ракура, уӕд ын кӕсаджы бӕсты калм ратта? Кӕнӕ дзы айк куы ракура, уӕд ын скорпион ратта? Ӕмӕ кӕд сымах, тӕригъӕдджын уӕвгӕйӕ, уӕ цотӕн хорзы цӕуын зонут, уӕд уӕ уӕларвон Фыд та куыннӕ ратдзӕн сыгъдӕг тых, чи дзы куры, уыдонӕн!» (Лукайы 11:11–13). Уымӕй хуыздӕр ма куыд уыди равдисӕн, нӕ уӕларвон Фыд нын нӕ куывдтытӕм ӕхсызгонӕй кӕй хъусы ӕмӕ нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый нын алы хатт дӕр кӕй ратты!