Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

69 СӔР

Чи уыд сӕ фыд – Авраам ӕви Хӕйрӕг?

Чи уыд сӕ фыд – Авраам ӕви Хӕйрӕг?

ИОАННЫ 8:37–59

  • ДЗУТТӔГТӔ АВРААМЫ ХУЫДТОЙ СӔ ФЫД

  • ЙЕСО УЫДИ АВРААМӔЙ ДӔР РАЗДӔР

Йесо уыди Иерусалимы Цатырты (кӕнӕ Халагъудты) бӕрӕгбоны. Бӕрӕгбонмӕ чи ’рцыд, уыцы дзуттӕгтӕй йын чидӕртӕ гыццыл раздӕр загътой: «Мах Авраамы байзӕддӕгтӕ стӕм, ӕмӕ никуы никӕй цагъартӕ уыдыстӕм». Йесо сын загъта: «Авраамы байзӕддӕгтӕ кӕй стут, уый зонын. Фӕлӕ сымах мӕн марынмӕ хъавут, уымӕн ӕмӕ уӕм мӕ ныхӕстӕ нӕ хъарынц. Ӕз дзурын, мӕ Фыдимӕ куы уыдтӕн, уӕд цы федтон, уый, ӕмӕ сымах дӕр аразут, уӕ фыдӕй цы фехъуыстат, уый» (Иоанны 8:33, 37, 38).

Йесойы цы зӕгъын фӕндыд, уый бӕлвырд у: йӕ Фыд иу чидӕр у, уыдоны фыд та – ӕндӕр чидӕр. Фӕлӕ цӕй кой кодта, уый дзуттӕгтӕ не ’мбӕрстой, ӕмӕ та йын ногӕй загътой: «Нӕ фыд Авраам у» (Иоанны 8:39; Исай 41:8). Дзуттӕгтӕ ӕцӕгдӕр Авраамы байзӕддӕгтӕ уыдысты. Ӕмӕ сӕм уымӕ гӕсгӕ афтӕ каст, ӕмӕ уыдонӕн дӕр сӕ уырнындзинад Хуыцауы хӕлар Авраамы уырнындзинадау фидар у.

Фӕлӕ сын Йесо цы дзуапп радта, уый фехъусын ӕнхъӕл нӕ уыдысты: «Кӕд Авраамы сывӕллӕттӕ стут, уӕд Авраамы хъуыддӕгтӕ кӕнут». Фырт алцӕмӕй дӕр йӕ фыды фӕфӕзмы. «Фӕлӕ сымах та мӕн, Хуыцауӕй цы рӕстдзинад фехъуыста, уый уын чи дзуры, уыцы адӕймаджы, марынмӕ хъавут. Авраам афтӕ нӕ кодта»,– адарддӕр кодта йӕ ныхас Йесо. Ӕмӕ сын уый фӕстӕ цы загъта, уый та сӕм бынтон диссаг фӕкаст: «Сымах кӕнут уӕ фыды хъуыддӕгтӕ» (Иоанны 8:39–41).

Дзуттӕгтӕ уӕддӕр нӕма ӕмбӕрстой, Йесо сын кӕй кой кӕны, уый. Ӕмӕ загътой: «Мах дзӕгъӕлзад сывӕллӕттӕ не стӕм. Махӕн иу Фыд ис – Хуыцау». Фӕлӕ цымӕ Хуыцау ӕцӕгдӕр сӕ Фыд уыди? Йесо загъта: «Уӕ Фыд Хуыцау куы уаид, уӕд мӕ уарзиккат, уымӕн ӕмӕ ӕз Хуыцауӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ ныр ам дӕн. Ӕз мӕхи фӕндӕй не ’рцыдтӕн, фӕлӕ мӕ Уый рарвыста». Дарддӕр сӕ Йесо бафарста: «Цы уын дзурын, уый цӕуылнӕ ӕмбарут?» Ӕмӕ стӕй йӕ фарстайӕн йӕхӕдӕг дзуапп радта: «Уымӕн ӕмӕ мӕ ныхӕстӕм хъусын уӕ бон нӕу» (Иоанны 8:41–43).

Йесо сын бамбарын кӕнынмӕ хъавыд, кӕй йыл не ’ууӕндынц, уый сӕ цӕмӕ ӕркӕндзӕн. Фӕлӕ сын ныр комкоммӕ загъта: «Сымахӕн уӕ фыд Хӕйрӕг у, ӕмӕ уӕ фӕнды, уӕ фыды зӕрдӕ цы зӕгъы, уый аразын». Цымӕ сын сӕ фыдӕй цы зӕгъӕн ис? Йесо уый дӕр ӕргом загъта: «Уый йӕхи фӕндагыл куы слӕууыд, уӕд дӕр уыди лӕгмар, ӕмӕ рӕстдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд». Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм ноджыдӕр бафтыдта: «Хуыцауӕй чи у, уый Хуыцауы ныхӕстӕм хъусы. Уӕдӕ сымах уымӕн нӕ хъусут, ӕмӕ Хуыцауӕй не стут» (Иоанны 8:44, 47).

Дзуттӕгтӕ сӕхи тыххӕй ахӕм карз ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд фырмӕстӕй рафыхтысты ӕмӕ йын дзуапп радтой: «Дзӕгъӕлы зӕгъӕм, самариаг ӕмӕ хӕйрӕджджын кӕй дӕ?» Йесойы «самариаг» кӕй схуыдтой, уымӕй йын фидис бакодтой. Фӕлӕ Йесо йӕхи афтӕ скодта, цыма уыцы фидис хъусгӕ дӕр нӕ фӕкодта. Ӕрмӕст сын загъта: «Ӕз хӕйрӕджджын нӕ дӕн, фӕлӕ мӕ Фыдӕн кад кӕнын, сымах та мӕн ӕгад кӕнут». Уымӕ хъуамӕ хуымӕтӕг цӕстӕй ма кастаиккой. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, Йесо цы диссаджы ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй: «Мӕ ныхӕстӕ мын чи ӕххӕст кӕны, уый мӕлӕт никуы фендзӕн». Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ йӕ апостолтӕ ӕмӕ ма йӕ фӕдыл ноджыдӕр чи цӕуы, уыдон никуы амӕлдзысты. Йӕ ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ уыцы адӕм нӕ фендзысты «дыккаг мӕлӕт», ома ӕнустӕм сӕфт не ’рцӕудзысты, ӕмӕ, куы амӕлой, уӕддӕр сын райгасы ныфс уыдзӕн (Иоанны 8:48–51; Раргомад 21:8).

Фӕлӕ та дзуттӕгтӕ Йесойы ныхӕстӕ комкоммӕ бамбӕрстой ӕмӕ йын загътой: «Ныр ӕй бӕлвырд зонӕм, ды хӕйрӕджджын кӕй дӕ. Авраам амард, амардысты пехуымпартӕ дӕр, ды та афтӕ зӕгъыс, мӕ ныхӕстӕ мын чи ӕххӕст кӕны, уый мӕлӕт никуы фендзӕн, зӕгъгӕ. Нӕ фыд Авраам дӕр ма куы амард, уӕд ды уымӕй уӕлдӕр дӕ? [...] Уӕд ды дӕхи кӕуыл нымайыс?» (Иоанны 8:52, 53).

Йесо сын, Мессийӕ кӕй у, уый ӕмбарын кодта. Фӕлӕ сын сӕ фарстайӕн комкоммӕ дзуапп нӕ радта. Ӕрмӕст сын загъта: «Кӕд мӕхӕдӕг мӕхи кадджын кӕнын, уӕд мӕ кад ницы у. Фӕлӕ мӕн кадджын кӕны мӕ Фыд, сымах афтӕ кӕмӕй зӕгъут, нӕ Хуыцау у, зӕгъгӕ, уый. Ӕмӕ йӕ кӕд афтӕ хонут, уӕддӕр ӕй зонгӕ нӕ кӕнут. Ӕз та йӕ зонын. Гъеныр афтӕ куы зӕгъин, ӕмӕ йӕ нӕ зонын, уӕд та ӕз дӕр сымах хуызӕн уаин – мӕнгдзурӕг» (Иоанны 8:54, 55).

Уый фӕстӕ Йесо дзуттӕгтӕн сӕ хъус ногӕй ӕрдардта, сӕ фыдӕл Авраам сын фӕзминаг цӕмӕй уыд, уымӕ. Загъта сын: «Уӕ фыд Авраам тынг цин кодта, мӕ хъуыддӕгтӕ феныны ныфс ӕй кӕй уыд, ууыл, ӕмӕ сӕ уынгӕ дӕр фӕкодта ӕмӕ цин кодта». Авраам Хуыцауы зӕрдӕвӕрдыл фидарӕй ӕууӕндыд ӕмӕ Мессийӕйы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ каст. Фӕлӕ дзуттӕгты уӕддӕр ницы уырныдта ӕмӕ та йӕ бафарстой: «Фӕндзай азы дӕр дыл куы нӕма цӕуы, уӕд Авраамы куыд федтай?» Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ӕз уыдтӕн, Авраам куы нӕма райгуырд, уӕд дӕр». Йесо, цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ уӕлӕрвты кӕй цард ӕмӕ хъомысджын зӕд кӕй уыди, уый кой сын кодта (Иоанны 8:56–58).

Йесо афтӕ кӕй загъта, ӕмӕ Авраамӕй дӕр раздӕр цард, уый тыххӕй йӕм дзуттӕгтӕ мӕстӕй рафыхтысты ӕмӕ йӕ дуртӕй марынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ Йесо йӕхи айста ӕмӕ сӕ къухӕй аирвӕзт.