Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

77 СӔР

Уынаффӕтӕ хъӕздыгдзинады фӕдыл

Уынаффӕтӕ хъӕздыгдзинады фӕдыл

ЛУКАЙЫ 12:1–34

  • ФӔСНОМЫГ НЫХАС ХЪӔЗДЫГ ЛӔДЖЫ ТЫХХӔЙ

  • ЙЕСО ДЗУРЫ ХАЛӔТТӔ ӔМӔ БЫДЫРЫ ДИДИНДЖЫТЫ ТЫХХӔЙ

  • «ГЫЦЦЫЛ ДЗУГ» УЫДЗӔН УӔЛАРВОН ПАДДЗАХАДЫ

Цалынмӕ Йесо фарисейы хӕдзары къӕбӕр хордта, уӕдмӕ ӕддейӕ дуне адӕм ӕрӕмбырд. Галилейӕйы дӕр-иу ыл адӕм афтӕ ӕрӕмбырд сты (Марчы 1:33; 2:2; 3:9). Ӕмӕ ам дӕр, Иудейӕйы, бирӕты фӕндыд йӕ фенын ӕмӕ йӕм байхъусын. Уыцы адӕм тынг хицӕн кодтой, фынгыл кӕимӕ бадт, уыцы фарисейтӕй.

Йесо уым йӕ ныхас райдыдта афтӕ: «Уӕхи хъахъхъӕнут фарисейты ӕнхъизӕнӕй – цӕстмӕ митӕй». Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый фыццаг хатт нӕ фехъуыстой. Уымӕй ма сӕ уый размӕ дӕр фӕдзӕхста, фӕлӕ фарисейтимӕ фынгыл бадгӕйӕ цытӕ федта, уымӕ гӕсгӕ бамбӕрста, уыцы уынаффӕ тынг ахсджиаг кӕй у (Лукайы 12:1; Марчы 8:15). Фарисейтӕ, сӕ зӕрдӕты цы фыддзинад уыд, уый бамбӕхсыны тыххӕй сӕхи, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ ӕвдыстой, цыма тынг тӕригъӕдгӕнаг сты. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та сӕ уавӕр тынг тӕссаг уыди, ӕмӕ уый тыххӕй хъуыди ӕргом зӕгъын. Йесо бамбарын кодта: «Ницы у афтӕ арф ӕмбӕхст, ӕмӕ ма раргом уа, ӕмӕ нӕй ахӕм сусӕгдзинад, ӕмӕ ма рахъӕр уа» (Лукайы 12:2).

Йесойы алыварс цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдонӕй бирӕтӕ, ӕвӕццӕгӕн, Иудейӕйӕ уыдысты, ӕмӕ адӕмы Галилейӕйы цӕуыл ахуыр кодта, уый нӕ фехъуыстой. Уымӕ гӕсгӕ та ам дӕр радзырдта, уымӕй размӕ цы хъуыдытӕ дзырдта, уыдонӕн сӕ сӕйрагдӕртӕ. Йӕ ныхасмӕхъусджытӕн загъта: «Уӕ амарын кӕй бон у ӕмӕ уын уымӕй дарддӕр йӕ бон кӕмӕн ницы у бакӕнын, уыдонӕй ма тӕрсут» (Лукайы 12:4). Ӕмӕ та иннӕ хӕттытау ныр дӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бамбарын кодта, Хуыцау сыл кӕй тыхсдзӕн, ууыл сӕ ӕппындӕр дызӕрдыг кӕнын кӕй нӕ хъӕуы. Стӕй ма сын загъта, Адӕймаджы Фыртыл дӕр кӕй хъуамӕ ӕууӕндой ӕмӕ алкӕддӕр сӕ зӕрдыл кӕй хъуамӕ дарой, Хуыцау сын цыфӕнды уавӕры дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн (Матфейы 10:19, 20, 26–33; 12:31, 32).

Уӕд ӕм иу чидӕр бахатыд, цы йӕ тыхсын кодта, уый тыххӕй: «Ахуыргӕнӕг, ме ’фсымӕрӕн-ма зӕгъ, ӕмӕ нын цы бынтӕ баззад, уыдон мемӕ адих кӕна» (Лукайы 12:13). Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ фыды бынтӕй дыууӕ хайы ӕмбӕлд хистӕр фыртмӕ. Ӕмӕ ма сын уӕдӕ уаринаг цы хъуамӕ уыдаид? (Дыккаг закъон 21:17). Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй уыцы адӕймаджы, цы йӕм ӕмбӕлд, уымӕй фылдӕр хъуыди. Уымӕ гӕсгӕ Йесо зондджын ми бакодта: сӕ иуы сӕрыл дӕр нӕ рахӕцыд. Нӕлгоймаджы бафарста: «Хорз лӕг, мӕн сымахӕн тӕрхонгӕнӕгӕй кӕнӕ бынтӕ уарӕгӕй чи сӕвӕрдта?» (Лукайы 12:14).

Уый фӕстӕ се ’ппӕтӕн дӕр ныффӕдзӕхста: «Кӕсут, зыд мацӕуыл кӕнут, уымӕн ӕмӕ адӕймагмӕ алцыдӕр парахатӕй куы уа, уӕд дӕр йӕ цард, цы йӕм ис, уымӕй кӕнгӕ нӕу» (Лукайы 12:15). Адӕймаг цыфӕнды хъӕздыг куы уа, уӕддӕр иу бон, куы амӕла, уӕд йӕ фӕллӕйттӕ иууылдӕр кӕмӕндӕр нӕ баззайдзысты? Уыцы хъуыды фӕбӕлвырддӕр кӕнынӕн Йесо дарддӕр радзырдта, ферохгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм фӕсномыг ныхас. Ӕмӕ ма уый фӕрцы бамбарын кодта, ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕй у Хуыцауы раз хорз ном скӕнын.

«Иу хъӕздыг лӕгӕн йӕ быдыры ӕрзади бирӕ хор. Гъемӕ хъуыдытӕ кӕнын байдыдта: „Ныр цы кӕнон? Кӕм бафснайон мӕ тыллӕг?“ Ӕмӕ загъта: „Мӕнӕ цы бакӕндзынӕн: мӕ хордӕттӕ фехалдзынӕн ӕмӕ стырдӕртӕ сараздзынӕн, ӕмӕ мӕ хор ӕмӕ мӕ фӕллӕйттӕ иууылдӕр уым бафснайдзынӕн. Стӕй мӕхицӕн зӕгъдзынӕн: „Ис дӕм бирӕ фӕллой бирӕ азты фаг. Ныр цӕр дӕ уды дзӕбӕхӕн, хӕр, нуаз, хъӕлдзӕгӕй ӕрвит дӕ бонтӕ“. Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: „Куыд ӕнӕзонд дӕ! Ахсӕв дын дӕ цард байсдзысты, ӕмӕ уӕд, цы фӕллӕйттӕ скодтай, уыдон кӕмӕн баззайдзысты?“ Афтӕ рауайы йӕ хабар, хӕзнатӕ йӕхицӕн чи фембырд кӕны, Хуыцауы цӕсты та хъӕздыг чи нӕ вӕййы, уымӕн» (Лукайы 12:16–21).

Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр тӕссаг уыди мулчы къӕппӕджы бахауынӕй. Хызт нӕ уыдысты, царды сагъӕсты тыххӕй Йегъовӕйӕн куы нал лӕггад кодтаиккой, уымӕй дӕр. Уымӕ гӕсгӕ сын Йесо ногӕй сӕ хъус ӕрдардта, афӕдз ӕмӕ ӕрдӕджы размӕ йӕ зындгонд раныхасы цы хорз уынаффӕтӕ радта, уыдонмӕ:

«Уӕ удтыл мауал мӕт кӕнут, цы хӕрат, науӕд уӕ уӕлӕ цы скӕнат... Акӕсут-ма халӕттӕм – уыдон нӕдӕр таугӕ кӕнынц, нӕдӕр кӕрдгӕ, ӕмӕ сын нӕдӕр къутутӕ ис, нӕдӕр хордӕттӕ, фӕлӕ сӕ Хуыцау ӕфсады. Ӕмӕ уӕд сымах та цас зынаргъдӕр стут мӕргътӕй! [...] Акӕсут-ма, быдыры дидинджытӕ куыд рӕзынц, уымӕ – уыдон нӕдӕр фыдӕбон кӕнынц, нӕдӕр ӕлвисгӕ. Фӕлӕ уын зӕгъын: Соломоны хуызӕн хъӕздыг лӕг нӕ уыд, ӕмӕ-иу уый дӕр уыдоны хуызӕн рӕсугъд нӕ сарӕзта йӕхи. [...] Уӕдӕ, цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат, ууыл мауал тыхсут ӕмӕ мауал мӕт кӕнут... ...Уӕ Фыд зоны, уыдӕттӕ уӕ кӕй хъӕуынц. Уӕдӕ йын агурут йӕ паддзахад, ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕй дӕр цух нӕ уыдзыстут» (Лукайы 12:22–31; Матфейы 6:25–33).

Хуыцауы Паддзахад чи агурдзӕн? Йесо раргом кодта, афтӕ кӕй кӕндзысты Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты чысыл къорд – «гыццыл дзуг». Фӕстӕдӕр та раргом, 144 мины йеддӕмӕ кӕй нӕ уыдзысты. Хуыцау сын цавӕр хӕрзиуӕг ӕрцӕттӕ кодта? Йесо уыдоны тыххӕй загъта: «Уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн паддзахад раттын». Уыцы «гыццыл дзуджы» чи ис, уыдон сӕхицӕн, зӕххыл адавынӕй тӕссаг кӕмӕн у, ахӕм хӕзнатӕ не ’мбырд кӕндзысты. Фӕлӕ сӕ зӕрдӕ ӕдзух уыдзӕн, «къаддӕр чи нӕ кӕны, ахӕм хӕзнатимӕ». Уыцы хӕзнатӕ сты «уӕлӕрвты» – Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ кӕм уыдзысты, уым (Лукайы 12:32–34).