Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

68 СӔР

Хуыцауы Фырт – «ацы дунейӕн рухс»

Хуыцауы Фырт – «ацы дунейӕн рухс»

ИОАННЫ 8:12–36

  • ЙЕСО БАМБАРЫН КОДТА, ФЫРТ ЧИ У, УЫЙ

  • ДЗУТТӔГТӔ ЦАГЪАРТӔ ЦЫ ХУЫЗЫ УЫДЫСТЫ?

Цатырты бӕрӕгбоны фӕстаг бон, ома ӕвдӕм бон, Йесо адӕмы ахуыр кодта кувӕндоны, «хӕзнадоны ӕхцавӕрӕнтӕ кӕм уыдысты» ӕмӕ-иу адӕм сӕ мысайнӕгтӕ кӕм ӕппӕрстой, уым (Иоанны 8:20; Лукайы 21:1). Ӕвӕццӕгӕн, уый уыди сылгоймӕгты кӕрты.

Бӕрӕгбоны рӕстӕг-иу ӕхсӕвыгон уыцы ран иннӕ рӕттӕй рухсдӕр уыди. Уыцы кӕрты лӕууыд цыппар стыр цырагъдарӕны, алкӕцыйӕн дӕр дзы уыди цыппар стыр къусы ӕмӕ уыцы къустӕ йедзаг уыдысты сойӕ. Ӕмӕ-иу уыцы цырӕгъты рухс дардмӕ калди. Уӕдӕ Йесомӕ хъусгӕйӕ адӕмӕн, ӕвӕццӕгӕн, уыцы рухс сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд. Йесо загъта: «Ӕз дӕн ацы дунейӕн рухс. Мӕ фӕдыл чи цӕуы, уый талынджы нӕ цӕудзӕн, фӕлӕ хайджын уыдзӕн царддӕттӕг рухсӕй» (Иоанны 8:12).

Фарисейтӕ Йесойы ныхӕстимӕ разы нӕ уыдысты ӕмӕ загътой: «Ды дӕхи тыххӕй дӕхӕдӕг лӕууыс ӕвдисӕн. Дӕ ныхӕстӕ раст не сты». Йесо сын дзуапп радта: «Кӕд ӕз мӕхи тыххӕй мӕхӕдӕг лӕууын ӕвдисӕн, уӕддӕр мӕ ныхӕстӕ раст сты, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕз зонын, кӕцӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ кӕдӕм цӕуын. Фӕлӕ йӕ сымах та нӕ зонут, ӕз кӕцӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ кӕдӕм цӕуын, уый». Ӕмӕ дарддӕр йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Уӕ Закъоны дӕр афтӕ фыст ис, зӕгъгӕ, „Дыууӕ адӕймаджы ӕвдисӕн цӕмӕн ныллӕууой, уый раст у“. Ӕз мӕхӕдӕг ӕвдисӕн лӕууын мӕхи тыххӕй, ӕмӕ мӕн тыххӕй ӕвдисӕн лӕууы мӕ рарвитӕг Фыд дӕр» (Иоанны 8:13–18).

Фӕлӕ фарисейтӕ уыцы бӕлвырдгӕнӕнтыл дӕр не сразы сты ӕмӕ йӕ бафарстой: «Кӕм ис дӕ Фыд?» Ӕмӕ сын уӕд Йесо комкоммӕ загъта: «Сымах мӕн дӕр нӕ зонут, ӕмӕ мӕ Фыды дӕр. Мӕн куы зониккат, уӕд мын мӕ Фыды дӕр зониккат» (Иоанны 8:19). Ӕмӕ кӕд фарисейтӕн ныр дӕр ма сӕ зӕрды уыд Йесойы ӕрцахсын, уӕддӕр ӕм ничи бавнӕлдта.

Ӕмӕ та Йесо ногӕй загъта, уымӕй размӕ цы загъта, уый: «Ӕз цӕуын, ӕмӕ мӕ сымах агурдзыстут, фӕлӕ уӕддӕр уӕ тӕригъӕдты амӕлдзыстут. Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм сымахӕн уӕ бон ацӕуын нӕу». Дзуттӕгтӕ Йесойы ныхӕстӕн ӕппындӕр ницы бамбӕрстой ӕмӕ дис кодтой: «Йӕхи марынмӕ хъавы, ӕви? Афтӕ куы зӕгъы, ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм сымахӕн уӕ бон ацӕуын нӕу, зӕгъгӕ». Йесо цӕй кой кодта, уый уымӕн нӕ бамбӕрстой, ӕмӕ, кӕцӕй ӕрцыд, уый нӕ зыдтой. Йесо сын бамбарын кодта: «Сымах стут зӕххӕй, ӕз та дӕн уӕларвӕй. Сымах стут ацы дунейӕ, ӕз та ацы дунейӕ нӕ дӕн» (Иоанны 8:21–23).

Йесо, цалынмӕ адӕймаг не сси, уӕдмӕ уӕлӕрвты кӕй цард, уый кой кодта. Уый уыд, Хуыцау бирӕ раздӕр кӕй тыххӕй дзырдта, уыцы Мессийӕ, кӕнӕ Чырысти. Ӕмӕ, кӕй хъуамӕ ӕрцыдаид, уый тыххӕй дины разамонджытӕ куыннӕ хъуамӕ зыдтаиккой. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр уыцы ӕнӕрвӕссон фарст бакодтой: «Чи дӕ?» (Иоанны 8:25).

Йесо сын, кӕй йыл не ’ууӕндыдысты ӕмӕ йӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, уымӕ гӕсгӕ загъта: «Ӕниу, сымахимӕ цӕуыл дзурын?» Фӕлӕ сын уӕддӕр се ’ргом аздӕхта йӕ Фыдмӕ ӕмӕ сын бамбарын кодта, дзуттӕгтӕ Фыртмӕ цӕмӕн хъуамӕ хъусой, уый: «Мӕ рарвитӕг, ӕцӕг цы у, уый дзуры, ӕмӕ ӕз, уымӕй цы фехъуыстон, ӕрмӕстдӕр уый дзурын дунейӕн» (Иоанны 8:25, 26).

Уый фӕстӕ бамбарын кодта, уыцы дзуттӕгтӕй уӕлдай йӕм йӕ Фыд ӕндӕрхуызон цӕстӕй кӕй кӕсы ӕмӕ дзы райгонд кӕй у. Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырты уӕлӕмӕ куы сисат, уӕд ӕй базондзыстут, ӕз, ӕрцӕуинаг чи уыд, уый кӕй дӕн, ӕмӕ мӕхи фӕндӕй кӕй ницы аразын, фӕлӕ мӕ мӕ Фыд куыд сахуыр кодта, афтӕ кӕй дзурын. Чи мӕ рарвыста, уый мемӕ ис – иунӕгӕй мӕ нӕ ныууагъта, уымӕн ӕмӕ ӕз алкӕддӕр аразын, уымӕн ӕхсызгон цы у, уый» (Иоанны 8:28, 29).

Фӕлӕ уӕддӕр дзуттӕгтӕй чидӕртӕ Йесойыл баууӕндыдысты, ӕмӕ уыдонӕн та ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Кӕд мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрат, уӕд ӕцӕгдӕр мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут, ӕмӕ базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн» (Иоанны 8:31, 32).

Йесо афтӕ кӕй загъта, ссӕрибар уыдзыстут, зӕгъгӕ, уый иуӕй-иутӕм ӕнахуыр фӕкаст, ӕмӕ йын загътой: «Мах Авраамы байзӕддӕгтӕ стӕм, ӕмӕ никуы никӕй цагъартӕ уыдыстӕм. Уӕд нын ды афтӕ куыд зӕгъыс, ссӕрибар уыдзыстут, зӕгъгӕ?» Дзуттӕгтӕ йӕ тынг хорз зыдтой, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу ӕцӕгӕлон паддзахӕдты дӕлбар кӕй уыдысты, фӕлӕ уӕддӕр, цагъартӕ сӕ хуыдтаиккой, уый сӕ сӕрмӕ нӕ хастой. Фӕлӕ сын Йесо бамбарын кодта, нырма дӕр цагъартӕ кӕй сты: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: тӕригъӕд чи аразы, уый у тӕригъӕды цагъар» (Иоанны 8:33, 34).

Дзуттӕгтӕ тӕригъӕды цагъартӕ кӕй уыдысты, ууыл нӕ састысты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ уавӕр тынг тӕссаг уыди. Йесо куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй цагъар «хицауы хӕдзары цӕрӕнбонтӕм нӕ баззайы – фырт дзы баззайы цӕрӕнбонтӕм» (Иоанны 8:35). Цагъар йӕ хицауы бынтӕм ницы бар фӕдары. Хицауӕн йӕ бон у, ӕмӕ йӕ кӕдфӕнды дӕр атӕра. Йӕ хӕдзары «цӕрӕнбонтӕм» баззайы ӕрмӕстдӕр йӕ фырт кӕнӕ, йӕхицӕн фырт кӕмӕй скӕны, уый.

Уӕдӕ адӕм Фырты тыххӕй рӕстдзинад куы базонынц, уӕд сӕ уый цӕрӕнбонтӕм, ома ӕнустӕм, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар кӕны. Йесо загъта: «Кӕд [уӕ] Фырт ссӕрибар кӕна, уӕд уыдзыстут ӕцӕг сӕрибар» (Иоанны 8:36).