15 СӔР
Йесо сарӕзта йӕ фыццаг диссаг
-
ЧЫНДЗӔХСӔВ КАНӔЙЫ
-
ЙЕСО ДОН СӔН ФЕСТЫН КОДТА
Нафанаил Йесойы ахуыргӕнинаг куы сси, уымӕй рацыд дыууӕ боны. Ӕмӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй ӕппынкъаддӕр цалдӕримӕ ацыд цӕгатырдӕм, Галилейӕмӕ, йӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ кӕцӕй уыдысты, уырдӕм. Уыдон ӕрцыдысты Канӕмӕ, Нафанаилы райгуырӕн горӕтмӕ. Канӕ уыди, Йесо кӕм схъомыл, уыцы горӕт Назаретӕн цӕгатырдыгӕй, уӕлвӕз ран. Уырдӕм сӕ фӕхуыдтой чындзӕхсӕвмӕ.
Чындзӕхсӕвмӕ ӕрбацыд Йесойӕн йӕ мад дӕр. Ӕвӕццӕгӕн, Марийӕ фысымтимӕ лымӕнӕй цард, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уый дӕр лӕггад кодта, чындзӕхсӕвмӕ цы дуне уазджытӕ ӕрбацыд, уыдонӕн. Ӕмӕ фынгтыл сӕн куы нал уыд, уӕд Йесойӕн бакой кодта: «Сӕн сӕм нал ис» (Иоанны 2:3).
Уыцы ныхӕстӕй Марийӕ Йесойӕн бамбарын кодта, зӕгъгӕ, сӕн фӕци, ӕмӕ исты бакӕн. Йесо йӕ мадӕн дзуапп радта: «Ӕмӕ ууыл ӕз ӕмӕ ды цӕмӕн хъуамӕ мӕт кӕнӕм?» Афтӕ-иу дзырдтой дзуттӕгтӕ, адӕймаджы курдиатимӕ-иу разы куы нӕ уыдысты, уӕд (Иоанны 2:4). Йесо уыди Хуыцауы ӕвзӕрст Паддзах ӕмӕ йӕ цы аразын хъуыд, уый йын хъуамӕ ӕрмӕстдӕр йӕ уӕларвон Фыд амыдтаид, ӕндӕр ничи – нӕдӕр йӕ хиуӕттӕ, нӕдӕр йе ’мбӕлттӕ. Марийӕ ӕмбаргӕ адӕймаг уыд, ӕмӕ уӕлдай ницыуал загъта. Ӕрмӕст ма, уазджытӕн чи лӕггад кодта, уыдонӕн афтӕ бакодта: «Куыддӕриддӕр уын зӕгъа, афтӕ бакӕнут» (Иоанны 2:5).
Чындзӕхсӕв кӕм уыди, уыцы хӕдзары уыд ӕхсӕз стыр дурыны. Алкӕцыйы дӕр дзы цыди 40 литрӕй фылдӕр. Фыццаг уал Йесо лӕггадгӕнджытӕн дурынтӕ донӕй байдзаг кӕнын кодта ӕмӕ сын уый фӕстӕ загъта: «Ныр дзы иу гыццыл сисут ӕмӕ йӕ къӕбицы хицаумӕ ахӕссут» (Иоанны 2:7, 8).
Къӕбицы хицау сӕнӕй куы ахуыпп кодта, уӕд тынг бадис кодта. Фӕлӕ, дон сӕн диссаджы хуызы кӕй фестад, уый нӕ зыдта. Гъемӕ усгурмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Алчи фынгыл фыццаг хорз сӕн ӕрӕвӕры, ӕмӕ адӕм куы ануазынц, уӕд та – ӕвзӕрдӕр. Ды та хорз сӕн нырмӕ ныууагътай» (Иоанны 2:10).
Уый уыди, Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй фыццаг. Уыцы диссаг фенгӕйӕ йӕ ног ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ уырнындзинад куыннӕ бафидар уыдаид. Уый фӕстӕ Йесо йӕ мад ӕмӕ йе ’фсымӕртимӕ ацыд горӕт Капернауммӕ. Уыцы горӕт уыди Галилейӕйы денджызы цӕгат-ныгуылӕн фарс.