Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

13 СӔР

Йесо фӕлварӕнты йӕхи куыд дардта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Йесо фӕлварӕнты йӕхи куыд дардта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

МАТФЕЙЫ 4:1–11 МАРЧЫ 1:12, 13 ЛУКАЙЫ 4:1–13

  • ХӔЙРӔГ ЙЕСОЙЫ ФӔЛВАРЫ

Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд ӕй Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕдзӕрӕг быдырмӕ акодта. Бирӕ цӕуылдӕрты йӕ хъуыди ахъуыды кӕнын. Куыддӕр аргъуыд райста ӕмӕ донӕй рахызт, афтӕ «арв фегом» (Матфейы 3:16). Ӕмӕ уӕд Йесо ӕрхъуыды кодта, уӕлӕрвты цы арӕзта ӕмӕ цӕуыл сахуыр, уыдӕттӕ иууылдӕр. Уӕдӕ, цӕуыл хъуыды кодтаид, уый йын куыннӕ уыдаид!

Йесо ӕдзӕрӕг быдыры фӕци 40 боны ӕмӕ 40 ӕхсӕвы. Уал боны йӕ дзыхмӕ къӕбӕр не схаста. Ӕмӕ тынг куы сӕххормаг, уӕд ӕм Хӕйрӕг бацыд, цӕмӕй йӕ бафӕлвӕрдтаид. Хӕйрӕг ын загъта: «Кӕд Хуыцауы фырт дӕ, уӕд ацы дуртӕн зӕгъ, ӕмӕ дзултӕ фестой» (Матфейы 4:3). Йесо ӕмбӕрста, Хуыцау ын диссӕгтӕ аразыны тых уый тыххӕй нӕ радта, цӕмӕй йӕхи бафсӕстаид, ӕмӕ Хӕйрӕджы коммӕ нӕ бакаст.

Фӕлӕ Хӕйрӕг ууыл не ’рлӕууыд. Йесомӕ та ногӕй бацыд. Ацы хатт та йын загъта, цӕмӕй, кувӕндоны алыварс цы къул уыд, уый сӕрӕй йӕхи раппӕрстаид. Фӕлӕ Йесойы уыдӕттӕй нӕ уыди асайӕн. Афтӕ нӕ ахъуыды кодта, гъа-ма, цы диссӕгтӕ у мӕ бон аразын, уый ӕцӕгдӕр равдисон, зӕгъгӕ. Йесо Хӕйрӕгӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый ӕмӕ уымӕй равдыста, Хуыцауы афтӕ фӕлварын раст кӕй нӕу.

Ӕртыккаг фӕлварӕны та Хӕйрӕг Йесойӕн диссаджы хуызы равдыста «дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ ӕмӕ сӕ кад» ӕмӕ йын загъта: «Ӕппӕт адӕттӕ дын ратдзынӕн, дӕ зонгуытыл куы ӕрхауай ӕмӕ мын куы бакувай, уӕд». Фӕлӕ та ацы фӕлварӕны дӕр Йесо фидар фӕлӕууыд. Загъта йын: «Ацу ардыгӕй, Сайтан!» (Матфейы 4:8–10). Йесо зыдта, кувын ӕмӕ лӕггад кӕнын ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кӕй ӕмбӕлы, ӕмӕ сайын нӕ бакуымдта. Ацы хатт дӕр та Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад.

Хӕйрӕг Йесойы кӕй фӕлвӕрдта ӕмӕ Йесо йӕхи куыд дардта, уымӕй бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. Иу уый, ӕмӕ Хӕйрӕг Йесойы ӕцӕгдӕр фӕлвӕрдта. Цӕуыл дзурӕг у уый? Ууыл, ӕмӕ, иуӕй-иутӕ афтӕ кӕй фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, хӕйрӕг нӕй, адӕм сӕхӕдӕг сты хӕйрӕджытӕ, уый раст нӕу. Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр ис, уый у ӕнӕуынгӕ удгоймаг. Ацы хабарӕй ма уынӕм уый дӕр, ӕмӕ дунейы хицауӕдтӕ иууылдӕр сты Хӕйрӕджы къухы, йӕ бар сыл цӕуы. Йӕ къухы куы нӕ уаиккой, уӕд уый Чырыстийӕн цӕй фӕлварӕн уыдаид?!

Уымӕй уӕлдай ма Хӕйрӕг Йесойӕн загъта, ӕрмӕст ын иу хатт дӕр куы бакува, уӕд ын дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ дӕр кӕй ратдзӕн. Хӕйрӕг абон дӕр афтӕ архайы. Чи зоны нын ахӕм фадӕттӕ ратта, ӕмӕ нӕ сӕр разила. Уыцы фадӕттӕй иуӕй-иутӕ сты ацы дунейы бирӕ ӕхца бакусын, стыр бынат бацахсын кӕнӕ нӕхицӕн адӕмы цӕсты ном скӕнын. Цӕмӕйфӕнды нӕ ма рӕдийын кӕна,– Йесойы-иу бафӕзмӕм ӕмӕ-иу Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайӕм! Фӕлӕ ма иу хъуыддаг нӕ хъӕуы рох кӕнын. Хӕйрӕг Йесойы ныууагъта рӕстӕгмӕ – «ӕндӕр хорз фадат ын кӕд фӕуыдаид, уӕдмӕ» (Лукайы 4:13). Ӕмӕ мах дӕр ӕнцад нӕ ныууадздзӕн. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр къӕрцхъус уӕм.