Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разамонӕг советы писмо

Разамонӕг советы писмо

«Сымах хъуамӕ ахуыргӕнджытӕ уаиккат» (Дзут. 5:12). Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕйы – Дун-дунейы ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕджы – фӕнды, цӕмӕй мах иннӕты ахуыр кӕнӕм, ӕмӕ йӕ хуыздӕр базоной! Йегъовӕйы тыххӕй бинонты ’хсӕн, ӕмбырды кӕнӕ уацамынды дзурын у стыр кад ӕмӕ хӕс. Ацы хъуыддаджы ӕнтыстджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм?

Ацы фарстайӕн дзуапп базонӕн ис, апостол Павел Тимофеймӕ цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдонӕй: «Ӕппӕт хъарутӕй ууыл архай, цӕмӕй иннӕтӕн хъӕрӕй кӕсай, фӕдзӕхсай сӕ ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнай». Стӕй ма ныффыста: «Афтӕмӕй дӕхи дӕр фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр» (1 Тим. 4:13, 16). Цы хабар хъусын кӕныс, уый кӕны цардмӕ. Уӕдӕ ахсджиаг у, цӕмӕй кӕсынмӕ ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсай. Уыцы хъуыддаджы дын ацы брошюрӕ стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн. Ӕркӕс-ма, куыд конд у, уымӕ.

Алы фарсыл дӕр дзы ис стих Библийӕ. Уый у, сӕйраг хъуыды кӕмӕй зыны, ахӕм уагӕвӕрд кӕнӕ, уыцы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ куыд бакӕнын хъӕуы, уымӕн цӕвиттон.

Йегъовӕ у «Кадджын Зондамонӕг» (Ис. 30:20). Ацы брошюрӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кӕсынмӕ ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсай. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд, цы хабар хъусын кӕнӕм, уый Йегъовӕйӕ кӕй у ӕмӕ адӕмы йӕхимӕ йӕхӕдӕг кӕй ӕрбакӕны (Иоан. 6:44). Уымӕ гӕсгӕ-иу дзы йӕ сыгъдӕг тых арӕх кур. Хуыцауы Ныхасӕй арӕх пайда кӕн. Иннӕты ӕргом дӕхимӕ нӕ, фӕлӕ Йегъовӕмӕ здах. Архай, цӕмӕй дӕм чи хъусы, уыдон Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ бауарзой.

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй адӕмӕн хъусын кӕнай ӕппӕты ахсджиагдӕр хабар. Мах фидарӕй зонӕм, «Хуыцау цы хъаруйӕ хайджын кӕны, ууыл» дӕ ныфс куы дарай, уӕд ӕнтыстджын кӕй уыдзынӕ (1 Пет. 4:11).

Демӕ чи фыдӕбон кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕ,

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет