Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

14 УРОК

Сӕйраг хъуыдытӕ-иу рахицӕн кӕн

Сӕйраг хъуыдытӕ-иу рахицӕн кӕн

Дзуттӕгтӕм 8:1

НЫСАН: Афтӕ дзур, цӕмӕй дӕм хъусджытӕ лӕмбынӕг хъусой ӕмӕ цӕмӕй бӕрӕг уа, сӕйраг хъуыдытӕй алкӕцыдӕр дӕ нысанимӕ ӕмӕ темӕимӕ куыд баст у, уый.

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН

  • Дӕ разы нысан сӕвӕр. Ахъуыды кӕн: «Мӕ раныхас уый тыххӕй дзурын, цӕмӕй хъусджыты цӕмӕдӕр баразӕнгард кӕнон ӕви цӕмӕй цыдӕр базоной ӕмӕ цӕуылдӕр баууӕндой?» Стӕй-иу дӕ ныхас уымӕ гӕсгӕ араз. Бацархай, цӕмӕй сӕйраг хъуыдыты фӕрцы дӕ нысан дӕ къухы бафта.

  • Сӕйраг темӕ бӕрӕг куыд уа, ууыл архай. Раныхасы рӕстӕг-иу дӕ темӕйы сӕйраг ныхӕстӕ арӕх дзур.

  • Афтӕ дзур, цӕмӕй сӕйраг хъуыдытӕ ӕнцонӕмбарӕн уой. Дзур, дӕ темӕимӕ баст чи у, уыцы сӕйраг хъуыдытыл, цӕмӕй сӕ хорз бамбарын кӕнай ӕмӕ дӕ рӕстӕгӕй дӕр ма ахизай. Сӕйраг хъуыдытӕ ӕгӕр бирӕ ма уӕнт. Алкӕцыдӕр-иу дзы хорз бамбарын кӕн ӕмӕ, цалынмӕ иннӕ хъуыды нӕ зӕгъай, уӕдмӕ-иу гыццыл ӕрлӕуу ӕмӕ-иу уый фӕстӕ иннӕ сӕйраг хъуыды зӕгъ.