Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

16 УРОК

Дӕ ныхас иннӕтӕн ныфсы хос уӕд

Дӕ ныхас иннӕтӕн ныфсы хос уӕд

Иов 16:5

НЫСАН: Зындзинӕдтыл бирӕ ма дзур, фӕлӕ дзур, уавӕр цӕй фӕрцы фӕхуыздӕр уыдзӕн ӕмӕ хъусджыты ныфс цы бауадздзӕн, ууыл.

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН

  • Дӕ хъусджытӕм хорз цӕстӕй кӕс. Де ’мчырыстӕтты Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, ууыл ма дызӕрдыг кӕн. Уынаффӕ раттын сын куы хъӕуа, уӕддӕр-иу сӕ фыццаг зӕрдиагӕй раппӕл.

  • Ӕвзӕр хабӕрттыл бирӕ ма дзур. Ӕвзӕр хабӕртты кой ракӕнӕн ис, уый исты пайда куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд. Куыд ӕмӕ цы дзурыс, уымӕй дӕ хъусджыты ныфс уадз.

  • Хуыцауы Ныхасы фӕрцы иннӕты ныфс уадз. Зӕгъ, Йегъовӕ адӕмы тыххӕй цы сарӕзта, цы аразы ӕмӕ цы сараздзӕн, уый. Дӕ хъусджыты ныфс бауадз ӕмӕ сӕ бафидар кӕн.