Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

18 УРОК

Хъусджытӕн фылдӕр базонынӕн ӕххуыс кӕн

Хъусджытӕн фылдӕр базонынӕн ӕххуыс кӕн

1 Коринфӕгтӕм 9:19–23

НЫСАН: Дӕ ныхасӕй иннӕты хъуыдытыл ӕфтау. Хъуамӕ ӕмбарой, ахсджиаг цыдӕр кӕй базыдтой.

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН

  • Ахъуыды кӕн, цӕуыл дзурдзынӕ, уый тыххӕй дӕ хъусджытӕ цы зонынц. Цы зонынц, уый сын ногӕй ма дзур, фӕлӕ сын баххуыс кӕн, цӕмӕй темӕмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсой.

  • Ӕрмӕг бацагур ӕмӕ йыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕн. Цӕмӕй сӕйраг хъуыдытӕ бамбарын кӕнай, уый тыххӕй, гӕнӕн куы уа, уӕд-иу радзур, хъусджытӕ кӕй нӕ зонынц, ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ кӕнӕ ног хабӕрттӕ. Лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, ӕрмӕг ӕмӕ, цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕсдзынӕ, уыдон куыд сбӕттай, ууыл.

  • Ӕмбарын кӕн, цы дзурыс, уый цы пайда у. Хъусджытӕн бамбарын кӕн, Библийы стихтӕ царды куыд баххуыс кӕндзысты. Ныхас кӕн, хъусджытӕ кӕй зонынц, ахӕм бӕлвырд уавӕртыл, хабӕрттыл ӕмӕ хъуыддӕгтыл.