19 УРОК
Архай адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарыныл
Ӕмбисӕндтӕ 3:1
НЫСАН: Хъусджытӕн баххуыс кӕн, цӕмӕй цы базыдтой, уый бамбарой ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайой.
УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН
-
Хъусджытӕн-иу сӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсынӕн баххуыс кӕн. Хъусджытӕм, дзуапп дӕттын кӕмӕн нӕ хъӕуы ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсынӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм фарстатӕ дӕтт.
-
Хорз хъуыддӕгтӕм сӕ разӕнгард кӕн. Хъусджыты баразӕнгард кӕн, цӕмӕй ахъуыды кӕной, хорз хъуыддӕгтӕ цӕмӕн аразынц, ууыл. Йегъовӕйы, иннӕты ӕмӕ Библийы ахуырӕдтӕ кӕй уарзынц, сӕйрагдӕр сӕ уый тыххӕй хъуамӕ фӕнда хорз хъуыддӕгтӕ аразын. Бамбарын сын кӕн, Библийы хорз уынаффӕтӕ кӕй ис, уый. Зонд сын ма амон. Хъуамӕ сӕм афтӕ ма кӕса, ӕмӕ сӕ аххосджын кӕныс, фӕлӕ-иу сӕ бафидар кӕн, цӕмӕй сӕ дӕ раныхасы фӕстӕ фӕнда сӕ тых сӕ бонӕй архайын.
-
Хъусджыты ’ргом Йегъовӕмӕ здах. Ӕмбарын сын кӕн, Библийы ахуырӕдтӕй, уагӕвӕрдтӕй ӕмӕ амындтӕй Хуыцауы миниуджытӕ ӕмӕ нӕ кӕй уарзы, уый куыд зыны. Разӕнгард сӕ кӕн, цӕмӕй сӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнда.