Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

7 РАДЗЫРД

Искуы дӕм афтӕ каст, ӕмӕ иунӕг дӕ ӕмӕ искуы истӕмӕй тарстӕ?

Искуы дӕм афтӕ каст, ӕмӕ иунӕг дӕ ӕмӕ искуы истӕмӕй тарстӕ?

Нывы цы гыццыл лӕппу ис, уымӕ-ма ӕркӕс. Ӕвӕццӕгӕн ӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ иунӕгӕй баззад кӕнӕ цӕмӕйдӕр тӕрсы. Дӕумӕ афтӕ никуы каст? ~ Алкӕмӕ дӕр иуӕй-иу хатт афтӕ фӕкӕсы. Библийы фыст ис, Йегъовӕйы ӕмбӕлттӕй дӕр чидӕртӕ афтӕ кӕй хъуыды кодтой, цыма иунӕгӕй баззадысты кӕнӕ-иу цӕмӕйдӕр тарстысты. Уыдонӕй иу уыд Илийа. Цӕй, ӕмӕ Илийайы тыххӕй фылдӕр базонӕм.

Йезавелы фӕндыд Илийайы амарын

Илийа цард Израилы. Уый уыд тынг раджы, цалынмӕ Йесо нӕ райгуырд, уӕдмӕ. Израилы паддзах Ахав ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн нӕ куывта. Ахав ӕмӕ йӕ ус Йезавел куывтой мӕнг хуыцау Ваалӕн. Уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕн дӕр сӕ фылдӕр райдыдтой Ваалӕн кувын. Паддзахы ус Йезавел уыд тынг ӕвзӕр адӕймаг ӕмӕ йӕ фӕндыд амарын, Йегъовӕйӕн чи куывта, уыдоны се ’ппӕты дӕр ӕмӕ Илийайы дӕр. Зоныс, Илийа куыд бакодта? ~

Илийа алыгъд! Алыгъд тынг дард ранмӕ. Адӕм кӕм нӕ цард, ахӕм ранмӕ, ӕмӕ уым лӕгӕты бамбӕхст. Куыд дӕм кӕсы, афтӕ цӕмӕн бакодта? ~ О, кӕй фӕтарст, уый тыххӕй. Фӕлӕ Илийа хъуамӕ ма фӕтарстаид. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй уыд, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид. Илийа уымӕй размӕ дӕр федта, Йегъовӕ тынг тыхджын кӕй у, уый. Иухатт Илийа Йегъовӕмӕ куы скуывта, уӕд уӕлӕрвтӕй арт ӕрцыд. Афтӕмӕй Йегъовӕ равдыста, йӕ куывд ын кӕй фехъуыста. Уӕдӕ йын ацы хатт дӕр куыннӕ баххуыс кодтаид!

Йегъовӕ Илийайӕн куыд баххуыс кодта?

Илийа лӕгӕты куы уыд, уӕд ӕй Йегъовӕ бафарста: «Илийа, ам цы кусыс?» Илийа йын дзуапп радта: «Дӕ лӕггадгӕнджытӕй мӕн йеддӕмӕ ничиуал ис. Иунӕгӕй баззадтӕн, ӕмӕ тӕрсын, мӕн дӕр куы амарой». Илийа афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр амардтой. Фӕлӕ Йегъовӕ Илийайӕн загъта: «Раст нӕ дӕ. Чи мын кувы, уыдон авд мин адӕймаджы сты. Ма тӕрс. Ды мӕнӕн нырма бирӕ хорз цыдӕртӕ сараздзынӕ!» Илийа уый куы фехъуыста, уӕд цымӕ нӕ бацин кодта? ~

Илийайы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс? ~ Афтӕ макуы хъуыды кӕн, ӕмӕ иунӕгӕй баззадтӕ, стӕй-иу мацӕмӕй тӕрс. Дӕуӕн ис, Йегъовӕйы дӕр ӕмӕ дӕу дӕр чи уарзы, ахӕм ӕмбӕлттӕ. Уымӕй уӕлдай ма, Йегъовӕ у тынг тыхджын, ӕмӕ дын алы хатт дӕр ӕххуыс кӕндзӕн! Уӕдӕ ӕцӕгӕй иунӕг кӕй нӕ дӕ, ууыл нӕ цин кӕныс? ~