Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

17 СӔР

Паддзах ахуыр кӕны йӕ фӕдылдзӕуджыты

Паддзах ахуыр кӕны йӕ фӕдылдзӕуджыты

АЦЫ СӔРЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ

Нӕ организацийы скъолатӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй сӕ хӕстӕ хорз ӕххӕст кӕной

1–3. а) Фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕй хъуыд, уымӕ гӕсгӕ Йесо цы сарӕзта? ӕ) Цавӕр фарстатыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

 ЙЕСО дыууӕ азы дӕргъы хъусын кодта Галилейӕйы. (Бакӕс Матфейы 9:35–38.) Уый зылди бирӕ горӕттыл ӕмӕ хъӕутыл, ӕмбырдгӕнӕнты адӕмы ахуыр кодта ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта. Ӕмӕ кӕмдӕриддӕр хъусын кодта, уым-иу ӕм дуне адӕм ӕрӕмбырд. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй «кӕрдинаг бирӕ» уыд, ӕмӕ хъуыди фылдӕр кусджытӕ.

2 Фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕй хъуыд, уымӕ гӕсгӕ Йесо цы сарӕзта? Йӕ 12 апостолы «арвыста Хуыцауы паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынмӕ» (Лук. 9:1, 2). Апостолтӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодтаиккой, уыцы куыст куыд кӕнын хъӕуы, ууыл. Йесо уый ӕмбӕрста, ӕмӕ сӕ цалынмӕ хъусын кӕнынмӕ нӕ арвыста, уӕдмӕ уал сын бацамыдта, цы кӕнын сӕ хъӕудзӕн, уый. Йӕ уӕларвон Фыд ын йӕхи куыд ахуыр кодта, афтӕ уый дӕр ахуыр кодта йӕ фӕдылдзӕуджыты.

3 Фӕлӕ ахъуыды кӕнӕм ахӕм фарстатыл: Йесойы йӕ Фыд цӕуыл сахуыр кодта? Йесо йӕ апостолтӕн цы бацамыдта? Ӕмӕ абон дӕр Паддзах Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын ахуыр кӕны? Кӕд о, уӕд куыд?

«Мӕ Фыд [мӕ] куыд сахуыр кодта, афтӕ... дзурын»

4. Йесойы йӕ Фыд кӕд ӕмӕ кӕм ахуыр кодта?

4 Йесо ӕргом дзырдта, йӕ Фыд ӕй кӕй ахуыр кодта. Иухатт загъта, зӕгъгӕ «мӕ мӕ Фыд куыд сахуыр кодта, афтӕ... дзурын» (Иоан. 8:28). Йесойы йӕ Фыд кӕд ӕмӕ кӕм ахуыр кодта? Куыд зыны, афтӕмӕй Хуыцау йӕ фыццаггуырд Фырты ахуыр кӕнын райдыдта, куыддӕр ӕй сфӕлдыста, афтӕ (Кол. 1:15, фип.). Фырт уӕлӕрвты йӕ Фыды фарсмӕ уыди ӕнӕнымӕц ӕнусты дӕргъы. Уый лӕмбынӕг хъуыста йӕ «Кадджын Зондамонӕгмӕ» ӕмӕ, куыд архайдта, уый йӕхи цӕстӕй уыдта (Ис. 30:20). Афтӕмӕй Фырт райста, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм ахуырад – йӕ Фыды миниуджытӕ, хъуыддӕгтӕ ӕмӕ фӕндтӕ уый куыд базыдта, афтӕ ничи.

5. Фыд йӕ Фыртӕн куыд бацамыдта, зӕххыл куыд лӕггад кӕндзӕн, уый?

5 Рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд Йегъовӕ йӕ Фыртӕн бацамыдта, зӕххыл куыд лӕггад кӕндзӕн, уый дӕр. Ӕркӕсӕм-ма Библийӕ иу пехуымпарадмӕ. Дзырд дзы цӕуы, Кадджын Зондамонӕг ӕмӕ йӕ фыццаггуырд Фырт кӕрӕдзиимӕ куыд сты, уый тыххӕй. (Бакӕс Исайы 50:4, 5.) Йегъовӕ-иу йӕ Фырты «алы райсом дӕр» райхъал кодта. Ацы ныхӕстӕ кӕсгӕйӕ адӕймагӕн йӕ цӕстытыл ауайы ахӕм ныв: ахуыргӕнӕг райсомӕй раджы йӕ ахуыргӕнинаджы райхъал кодта, цӕмӕй йӕ ахуыр кӕна. Иу энциклопедийы уый тыххӕй афтӕ фыст ис: «Йегъовӕ йӕ... зӕгъӕн ис, ӕмӕ ракӕны скъоламӕ, ахуыргӕнинаджы скъоламӕ куыд ӕрбакӕнынц, афтӕ, ӕмӕ йын амоны, цы хъуамӕ хъусын кӕна ӕмӕ йӕ куыд хъуамӕ хъусын кӕна». Уыцы уӕларвон «скъолайы» Йегъовӕ йӕ Фыртӕн бацамыдта, «куыд ӕмӕ цы загътаид», уый (Иоан. 12:49). Фыд ма йӕ Фыртӕн бацамыдта, адӕмы куыд хъуамӕ ахуыр кодтаид, уый дӕр a. Ӕмӕ Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд, уый размӕ цӕуыл сахуыр, уымӕй ӕрмӕст йӕхӕдӕг нӕ пайда кодта, фӕлӕ ма йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕр амыдта, куыд хъуамӕ лӕггад кӕной, уый.

6, 7. а) Йесо йӕ апостолтӕн цы бацамыдта ӕмӕ уый фӕрцы цӕттӕ цӕмӕ уыдысты? ӕ) Чырысти абон йӕ хъус цӕмӕ дары?

6 Ныр та ахъуыды кӕнӕм иннӕ фарстайыл: Йесо йӕ апостолтӕн цы бацамыдта? Матфейы Евангелийы 10-ӕм сӕры куыд фыст ис, афтӕмӕй сын радта бӕлвырд амындтӕ: кӕм хъуамӕ хъусын кӕной (5, 6 стихтӕ), цы хъуамӕ хъусын кӕной (7 стих), сӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй хъуамӕ дарой (9, 10 стихтӕ), адӕмимӕ ныхас куыд хъуамӕ райдайой (11–13 стихтӕ), куы нӕ сӕм байхъусой, уӕд куыд хъуамӕ бакӕной (14, 15 стихтӕ) ӕмӕ сӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд та сын куыд кӕнгӕ у (16–23 стихтӕ) b. Йесо йӕ апостолтӕн уыдӕттӕ бӕлвырд кӕй бацамыдта, уый фӕрцы сӕ бон уыд н. э. 1 ӕнусы хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕхимӕ разамынд райсын.

7 Цы зӕгъӕн ис абон та? Ныртӕккӕ Йесо у Хуыцауы Паддзахады Паддзах ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бахӕс кодта ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг – хъуамӕ «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар» хъусын кӕной «ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой» (Матф. 24:14). Цымӕ нын, уыцы ахсджиаг хъуыддаг куыд аразгӕ у, уый амонгӕ дӕр кӕны? Бӕгуыдӕр! Нӕ Паддзах уӕлӕрвтӕй йӕ хъус дары, цӕмӕй зӕххыл йӕ фӕдылдзӕуджытӕн амоной, адӕмӕн куыд хъӕуы хъусын кӕнын, стӕй сыл ӕмбырды цы хӕстӕ ис, уыдон куыд хъӕуы ӕххӕст кӕнын, уый.

Йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кӕны хъусын кӕнын

8, 9. а) Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайӕн йӕ сӕйраг нысан цы уыд? ӕ) «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлд дын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй уацамынды ӕнтыстджындӕр уай?

8 Йегъовӕйы организаци рагӕй фӕстӕмӕ дӕр афтӕ архайы, цӕмӕй конгрессты ӕмӕ ӕмбырды фембӕлдты, зӕгъӕм, Хъусын кӕныны фембӕлды, Хуыцауы адӕмы ахуыр кӕна хъусын кӕнын. Фӕлӕ, сӕйраг хайадӕй разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕ 1940-ӕм азты хъусынгӕнджыты ахуыр кӕнын райдыдтой алыхуызон скъолаты фӕрцы.

9 Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола. 16-ӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Хъусынгӕнджыты скъола уадзын райдыдтой 1943 азы. Ацы скъолайӕн йӕ нысан ӕрмӕст уый нӕ уыд, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ фембӕлдты хорз раныхӕстӕ дзурын сахуыр уой. Йӕ сӕйраг нысан рагӕй фӕстӕмӕ дӕр уыди, цӕмӕй Хуыцауы адӕм сахуыр уыдаиккой уацамынды сӕ дзыхыныхасӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнын (Пс. 150:6). Хъусынгӕнджыты скъола, фыст дзы чи уыди, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕххуыс кодта, цӕмӕй уацамынды ӕнтыстджындӕр уыдаиккой. Ныр та сын уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕны, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлд.

10, 11. Ныртӕккӕ Галаады скъоламӕ кӕй фӕхонынц ӕмӕ ацы скъолайӕн йӕ нысан цы у?

10 Галаады скъола. Ныртӕккӕ Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнады библион скъола Галаад чи хуыйны, уыцы скъолайы ахуыр кӕнын райдыдтой 1943 азы 1 февралы, къуырисӕры. Ацы скъолайӕн ӕппӕты райдианы йӕ нысан уыди, цӕмӕй дзы пионерты ӕмӕ иннӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты цӕттӕ кодтаиккой дунейы алы рӕтты миссионертӕй лӕггад кӕнынмӕ. Фӕлӕ 2011 азы октябрӕй фӕстӕмӕ Галаады скъоламӕ хонынц ӕрмӕстдӕр сӕрмагонд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты – сӕрмагонд пионерты, цӕуӕг цӕстдарджыты ӕмӕ сӕ устыты, Вефилы чи лӕггад кӕны, уыдоны ӕмӕ, миссионерӕй чи лӕггад кӕны, фӕлӕ Галаады скъола чи нӕма фӕци, уыдоны.

11 Галаады скъолайӕн йӕ нысан цы у? Уыцы скъолайы фӕлтӕрдджын ахуыргӕнджытӕй сӕ иу афтӕ загъта: «Йӕ нысан у, цӕмӕй студенттӕн, Хуыцауы Ныхас дзы арф кӕй фӕиртасынц, уый фӕрцы сӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр сфидар уа, стӕй сӕ удыхъӕды ӕрфидар кӕной чырыстон миниуджытӕ. Уыцы миниуджытӕ сӕ бахъӕуынц, кӕм фӕлӕггад кӕнынц, уым алыхуызон зындзинӕдты сӕрты хизынӕн. Стӕй ма ацы скъолайӕн йӕ сӕйрагдӕр нысӕнттӕй иу у, цӕмӕй студенттӕн сӕ зӕрдӕты зынг ноджы тынгдӕр ссудза ӕмӕ дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй хъусын кӕной» (Еф. 4:11).

12, 13. Галаады скъола ӕнӕхъӕн дунейы дӕр хъусын кӕныны хъуыддагыл куыд фӕзынд? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

12 Галаады скъола ӕнӕхъӕн дунейы дӕр хъусын кӕныны хъуыддагыл куыд фӕзынд? 1943 азӕй фӕстӕмӕ дзы сахуыр кодта 8 500 адӕймагӕй фылдӕр c. Ӕмӕ, Галаады скъола чи фӕци, ахӕм миссионертӕ ӕнӕхъӕн дунейы лӕггад кодтой 170 бӕстӕйӕ фылдӕры. Миссионертӕ скъолайы цӕуыл сахуыр вӕййынц, уымӕй ӕнтыстджынӕй фӕпайда кӕнынц: зынгзӕрдӕйӕ фӕхъусын кӕнынц ӕмӕ иннӕты дӕр ууыл фӕахуыр кӕнынц. Миссионерты-иу арӕх арвыстой, цалдӕр хъусынгӕнӕджы йеддӕмӕ йе та хъусынгӕнджытӕ ӕппындӕр кӕм нӕ уыд, ахӕм рӕттӕм.

13 Ӕркӕсӕм, хабар Японийы куыд рауад, уымӕ. Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы ацы бӕстӕйы хъусын кӕныны хъуыддаг, зӕгъӕн ис, ӕмӕ бынтондӕр ӕрлӕууыд. 1949 азы августмӕ дзы хъусынгӕнджытӕ дӕс дӕр нал уыдысты. Фӕлӕ уыцы азы кӕронмӕ Японимӕ ӕрцыд 13 миссионеры, Галаады скъола чи фӕци, ахӕмтӕ. Уый фӕстӕ ма ӕрцыд ӕндӕр миссионертӕ дӕр. Фыццаг уал миссионертӕ сӕ хъарутӕ сарӕзтой стырдӕр горӕттӕм, уый фӕстӕ бавнӕлдтой иннӕ горӕттӕм дӕр. Библи кӕимӕ ахуыр кодтой, уыдоны дӕр ӕмӕ хъусынгӕнджыты дӕр зӕрдиагӕй разӕнгард кодтой, цӕмӕй пионертӕ суыдаиккой. Ӕмӕ уыцы зынгзӕрдӕ миссионерты фыдӕбон стыр тыллӕг ӕрхаста. Абон Японийы ис 216 мин хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр, ӕмӕ сӕ 40 проценты бӕрц лӕггад кӕнынц пионертӕй! d

14. Нӕ организацийы скъолатӕ бӕлвырдгӕнӕн цӕмӕн сты? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Хуыцауы лӕггадгӕнджыты скъолатӕ».)

14 Ӕндӕр скъолатӕ. Пионерты скъола, Скъола чырыстон бинонтӕн ӕмӕ Скъола ӕнӕус ӕфсымӕртӕн стыр ӕххуыс фесты, чи дзы ахуыр кодта, уыдонӕн e. Уый фӕрцы сӕ уырнындзинад сырӕзт ӕмӕ сахуыр сты алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын. Стӕй сӕ уыцы скъолатӕ сразӕнгард кодтой хорз хабар ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕнынмӕ, ӕмӕ афтӕмӕй уыцы хъуыддаджы иннӕтӕн дӕр фӕзминаг сты. Ацы скъолатӕ иууылдӕр сты фидар бӕлвырдгӕнӕн, нӕ Паддзах йӕ фӕдылдзӕуджыты алцӕмӕй дӕр кӕй сифтонг кодта, цӕмӕй сӕ лӕггады рохуаты мацы уадзой (2 Тим. 4:5).

Ӕфсымӕртӕ ахуыр кӕнынц, цы хӕстӕ сыл ис, уыдон ӕххӕст кӕнын

15. Хуыцауы организацийы алыхуызон хӕстӕ кӕуыл ис, уыцы ӕфсымӕрты цавӕр хъуыддаджы фӕнды Йесойы фӕзмын?

15 Иу хатт ма нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм Исайы пехуымпарад. Уӕларвон «скъолайы» Хуыцауы Фырт сахуыр, «фӕллад адӕймаджы ныхасӕй куыд барӕвдауӕн» ис, ууыл (Ис. 50:4). Ӕмӕ куыд сахуыр, афтӕ кодта, зӕххыл куы уыди, уӕд – «фыдӕбон чи кодта ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хаста», уыдонӕн удӕнцой лӕвӕрдта (Матф. 11:28–30). Абон Хуыцауы организацийы алыхуызон хӕстӕ кӕуыл ис, уыцы ӕфсымӕрты дӕр фӕнды Йесойау хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн удӕнцой хӕссын. Ӕмӕ цӕмӕй бӕрнон ӕфсымӕртӕ сӕ хотӕн ӕмӕ се ’фсымӕртӕн ноджы хуыздӕр лӕггад кӕной, уый тыххӕй арӕзт ӕрцыд алыхуызон скъолатӕ.

16, 17. Бӕрнон ӕфсымӕрты скъолайӕн йӕ нысан цы у? (Ноджыдӕр кӕс фиппаинаг.)

16 Бӕрнон ӕфсымӕрты скъола. Ацы скъолайы фыццаг къласӕн йӕ ахуыр райдыдта 1959 азы 9 мартъийы горӕт Саут-Лансингы (штат Нью-Йорк). Скъола цыди иу мӕй. Фӕхуыдтой йӕм цӕуӕг цӕстдарджыты, стӕй ӕмбырдты лӕггадгӕнджыты дӕр (ныр хуыйнынц хистӕр нӕлгоймӕгты советы координатортӕ). Фӕстӕдӕр ацы скъолайы программӕ англисаг ӕвзагӕй ӕндӕр ӕвзӕгтӕм дӕр ратӕлмац кодтой ӕмӕ йӕ гыццылгай уадзын райдыдтой ӕгас дунейы дӕр f.

Ӕфсымӕр Ллойд Бэрри уадзы Бӕрнон ӕфсымӕрты скъола Японийы, 1970 аз

17 Ацы скъолайӕн йӕ нысан цы у, уый тыххӕй 1962 азы «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныджы» фыст уыд: «Цӕмӕй ацы ӕнӕвдӕлон дунейы цӕргӕйӕ адӕймаг Йегъовӕйы ӕвдисӕнты ӕмбырды цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ йӕ хъуыддӕгтӕ хорз пълан кӕнын зона, цӕмӕй йын ӕмбырды рохуаты мачи баззайа ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн арфӕдзинад уа. Ӕрмӕст ӕмбырды хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ хъуамӕ йӕ бинонты дӕр рохуаты ма ныууадза, фӕлӕ уӕззау зондӕй архайа. Ӕгас дунейы дӕр ӕмбырдты лӕггадгӕнджытӕн ис диссаджы фадат, цӕмӕй Бӕрнон ӕфсымӕрты скъоламӕ ӕрӕмбырд уой ӕмӕ иумӕ ахуыр кӕной! Уый фӕрцы сын бантысдзӕн, цӕмӕй, Библи сӕ куыд домы, ахӕм цӕстдарджытӕ уой» (1 Тим. 3:1–7; Тит. 1:5–9).

18. Бӕрнон ӕфсымӕрты скъола Хуыцауы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр стыр пайда куыд хӕссы?

18 Бӕрнон ӕфсымӕрты скъола стыр пайда хӕссы Хуыцауы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Куыд? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ скъолайы цӕуыл сахуыр вӕййынц, уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайынц, уӕд уыдон дӕр Йесойау хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн вӕййынц удӕнцойы хос. Хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ дыл кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр кӕй тыхсы, уый куы фӕуыныс, уӕд дын ӕхсызгон нӕ вӕййы? Исты хорз ныхас дын куы фӕзӕгъынц, лӕмбынӕг дӕм куы байхъусынц кӕнӕ дӕ куы абӕрӕг кӕнынц ӕмӕ дын дӕ ныфсыл ныфс куы бафтауынц, уӕд уый тыххӕй бузныг нӕ вӕййыс? (1 Фес. 5:11). Ахӕм фӕлтӕрд ӕфсымӕртӕ се ’мбырдтӕн ӕцӕгдӕр стыр арфӕдзинад сты!

19. Ахуырадон комитеты бӕрны ма ноджыдӕр цавӕр скъолатӕ ис ӕмӕ сӕ нысан цы у?

19 Ӕндӕр скъолатӕ. Разамонӕг советы Ахуырадон комитеты бӕрны ма ис ӕндӕр скъолатӕ дӕр. Уыцы скъолатӕн сӕ нысан у, цӕмӕй бӕрнон ӕфсымӕртӕн – хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, цӕуӕг цӕстдарджытӕн ӕмӕ, филиалты комитетты чи ис, уыдонӕн – ӕххуыс кӕной, цы бирӕ хӕстӕ сыл ис, уыдон хуыздӕр ӕххӕст кӕнынӕн. Уыцы скъолаты программӕ арӕзт у Библийыл ӕмӕ ӕфсымӕрты разӕнгард кӕны, цӕмӕй сӕхи уырнындзинад фидар кӕной ӕмӕ алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсой, стӕй Йегъовӕйы зынаргъ фысты хизгӕйӕ архайой, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ (1 Пет. 5:1–3).

Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъолайы фыццаг кълас Малавийы, 2007 аз

20. а) Йесойӕн не ’ппӕты тыххӕй дӕр йӕ бон афтӕ зӕгъын цӕмӕн уыди, зӕгъгӕ сӕ Йегъовӕ ахуыр кӕны? ӕ) Дарддӕр дӕр цӕмӕ тырндзынӕ?

20 Куыд федтам, афтӕмӕй Паддзах Мессийӕ йӕ хъус дары, цӕмӕй йын йӕ фӕдылдзӕуджыты хорз ахуыр кӕной. Ацы ахуыр иууылдӕр цӕуы Йегъовӕйӕ, ома Йегъовӕ сахуыр кодта йӕ Фырты, Фырт та ахуыр кӕны йӕ фӕдылдзӕуджыты. Ӕмӕ мах тыххӕй Йесойӕн йӕ бон афтӕ зӕгъын дӕр уымӕн уыди, зӕгъгӕ, «се ’ппӕты дӕр ахуыр кӕны Йегъовӕ» (Иоан. 6:45; Ис. 54:13). Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр архайӕм, нӕ Паддзах нӕ цӕуыл ахуыр кӕны, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, сӕйраджыдӕр нӕ уый тыххӕй кӕй ахуыр кӕны, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа, алцӕмӕ дӕр Хуыцауы цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ уый фӕрцы нӕ лӕггады рохуаты мацы уадзӕм.

a Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ Фыд йӕ Фыртӕн бацамыдта, адӕмы куыд хъӕуы ахуыр кӕнын, уый? Йесо адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ бирӕ фӕсномыг ныхӕстӕ кӕй дзырдта, уымӕй сӕххӕст, йӕ райгуырдӕй бирӕ ӕнустӕ раздӕр фыст чи ’рцыд, уыцы пехуымпарад (Пс. 78:2; Матф. 13:34, 35). Йегъовӕ йӕ ныффыссын кодта, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, бирӕ раздӕр кӕй аскъуыддзаг кодта, йӕ Фырт адӕмы фӕсномыг ныхӕсты фӕрцы кӕй ахуыр кӕндзӕн (2 Тим. 3:16, 17).

b Уымӕй цалдӕр мӕйы фӕстӕ ма Йесо ноджыдӕр «йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй равзӕрста ӕвдай адӕймаджы» ӕмӕ сӕ «дыгӕйттӕй арвыста». Ӕмӕ уыдонӕн дӕр бацамыдта, куыд хъуамӕ хъусын кодтаиккой, уый (Лук. 10:1–16).

c Иуӕй-иутӕ Галаады скъолайы иу хаттӕй фылдӕр ахуыр кодтой.

d Галаады скъола чи фӕци, уыцы миссионертӕ ӕгас дунейы дӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы цы стыр куыст бакодтой, уый тыххӕй бӕстондӕр дзырд цӕуы чиныджы «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ – Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджытӕ», 23 сӕр (уырыс.).

e Ныртӕккӕ фӕстаг дыууӕ скъолайы бӕсты ис Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола.

f Ныр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр фӕахуыр кӕнынц Бӕрнон ӕфсымӕрты скъолайы. Скъола фӕцӕуы цалдӕр азы иу хатт. 1984 азӕй фӕстӕмӕ ацы скъоламӕ фӕхонынц кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты дӕр.