Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Галиуырдыгӕй: Бруклины Вефилы Рождество фӕстаг хатт сбӕрӕг кодтой 1926 азы; рахизырдыгӕй: Адӕм ӕй уынынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иннӕтӕй кӕй хицӕн кӕнынц

3 ХАЙ

Хуыцауы Паддзахады уагӕвӕрдтӕ. Агурӕм Хуыцауы рӕстдзинад

Хуыцауы Паддзахады уагӕвӕрдтӕ. Агурӕм Хуыцауы рӕстдзинад

ИУ БОН уынджы дӕ бинонтимӕ фӕцӕуыс ӕмӕ дӕ сыхагыл амбӕлдтӕ. Фӕстаг рӕстӕг ӕй бафиппайдтай, арӕх уӕм йӕ хъус кӕй фӕдары. Гъемӕ йын салам радтай. Уый дӕр дын салам радта, ӕмӕ стӕй загъта: «Цӕмӕй дӕ бафӕрсинаг дӕн, уый зоныс? Сымах иннӕты хуызӕн цӕуылнӕ стут?» Ды йӕ бафарстай: «Ома дӕ цы зӕгъын фӕнды?» Ӕмӕ дын уый загъта: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ стут, уый зонын. Кӕсын уӕм, ӕмӕ сымах хуызӕн адӕм никуыма федтон. Иннӕ динтӕ куыд кӕнынц, сымах афтӕ нӕ кӕнут: бӕрӕгбӕттӕ нӕ кӕнут, политикӕйы хабӕрттӕ уӕм нымады дӕр не сты ӕмӕ хӕстмӕ нӕ цӕут. Тамако нӕ дымут. Стӕй йӕ куыд уынын, афтӕмӕй ӕгъдауджын бинонтӕ стут. Иннӕтӕй афтӕ тынг цӕй фӕрцы хицӕн кӕнут?»

Ды йӕ зоныс, ацы фарстайӕн кӕй ис хуымӕтӕг дзуапп: мах нӕхи бакодтам Хуыцауы Паддзахады дӕлбар. Нӕ Паддзах Йесо Чырысти нӕ ӕдзухдӕр сыгъдӕг кӕны. Ӕххуыс нын кӕны, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуӕм ӕмӕ уый фӕрцы ацы цъаммар дунейы хуызӕн ма уӕм. Ацы хайы ӕркӕсдзыстӕм, йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн у, уыцы Паддзахад Хуыцауы адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй мӕнг дины ӕгъдӕуттӕй сӕхи ма фӕчъизи кӕной, цӕмӕй сыгъдӕг цард кӕной ӕмӕ организацийы алцыдӕр уа Библимӕ гӕсгӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕ кад хӕссынц Йегъовӕйӕн.

АЦЫ ХАЙЫ

10 СӔР

Паддзах йӕ адӕмы сыгъдӕг кӕны мӕнг дины ӕгъдӕуттӕй

Рождествойӕн ӕмӕ крестӕн иумӕйагӕй цы ис?

11 СӔР

Сыгъдӕг Хуыцауы адӕм. Сӕ уаг ӕмӕ се ’гъдау ивынц

Йезекил цӕстылуайӕны кӕй федта, уыцы кувӕндоны хъахъхъӕнджыты уӕттӕ ӕмӕ кулдуӕрттӕ баст сты, Хуыцауы адӕм 1914 азӕй фӕстӕмӕ куыд лӕггад кӕнынц, уыимӕ.

12 СӔР

«Фарны Хуыцауӕн» лӕггад кӕнӕм бӕлвырд фӕткмӕ гӕсгӕ

Уаг ӕмӕ ӕгъдауыл дзургӕйӕ апостол Павел фарны кой цӕмӕн скодта? Ӕмӕ уый абон чырыстӕттӕн цӕуыл дзурӕг у?