Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

14 СӔР

Иузӕрдион стӕм ӕрмӕстдӕр Хуыцауы ӕвӕрд хицауадыл

Иузӕрдион стӕм ӕрмӕстдӕр Хуыцауы ӕвӕрд хицауадыл

АЦЫ СӔРЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ

Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ ацы дунейӕ дард лӕууынц

1, 2. а) Абоны онг дӕр Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ цавӕр ныхӕстӕм гӕсгӕ архайынц? ӕ) Знӕгтӕ куыд архайдтой Хуыцауы адӕмы басӕттыныл ӕмӕ сын исты рауад?

 ЙЕСО дзуттаг адӕмы хъомысджындӕр тӕрхонгӕнӕг Пилаты раз лӕугӕйӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдонмӕ гӕсгӕ архайынц йӕ фӕдылдзӕуджытӕ абоны онг дӕр. Уый загъта: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу. Мӕ паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд мӕ лӕггадгӕнджытӕ тох кодтаиккой, цӕмӕй дзуттӕгты къухтӕм лӕвӕрд ма ’рцыдаин. Фӕлӕ мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу» (Иоан. 18:36). Пилат Йесойы амарын кодта, фӕлӕ уыцы уӕлахиз бирӕ нӕ ахаста. Йесо райгас. Ромы дунеон паддзахады императортӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты хурхыл бахӕцынмӕ хъавыдысты, фӕлӕ сын ницы рауад. Чырыстӕттӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар фӕхӕццӕ кодтой уӕды дунейы алы рӕттӕм дӕр (Кол. 1:23).

2 1914 азы Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты ӕвӕрд куы ’рцыд, уый фӕстӕ дунейы хъомысджындӕр ӕфсӕддон хицауӕдтӕ архайдтой, цӕмӕй Хуыцауы адӕмӕн зӕххыл сӕ кой дӕр мауал уыдаид. Фӕлӕ уый сӕ иуӕн дӕр нӕ бантыст. Бирӕ хицауӕдтӕ ӕмӕ политикон партитӕ архайдтой, цӕмӕй хӕстыты сӕ фарс хӕцыдаиккам. Фӕлӕ сӕ къухы нӕ бафтыд, цӕмӕй нӕ ныддихтӕ кодтаиккой. Йӕхи Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи бакодта, ахӕм адӕймӕгтӕ абон ис ӕппӕт адӕмыхӕттыты ’хсӕн дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр ӕгас дунейы дӕр ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты ’хсӕн ис иудзинад, уымӕн ӕмӕ политикон хъуыддӕгты нӕ архайӕм. Нӕ иудзинад у фидар бӕлвырдгӕнӕн, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста ӕмӕ Паддзах Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн абоны онг дӕр разамынд кӕй дӕтты, кӕй сӕ сыгъдӕг кӕны ӕмӕ сӕ кӕй хъахъхъӕны, уымӕн. Ӕркӕсӕм, Йесо уый куыд аразы, уымӕ. Аныхас кӕндзыстӕм, ацы дунейӕ кӕй не стӕм, уый тыххӕй нӕ тӕрхондӕтты тох кӕнын куыд бахъӕуы, ууыл ӕмӕ нын Йесо цы диссаджы уӕлахизтӕ радта, уыдонӕй иуӕй-иутыл (Иоан. 17:14).

Фарста цӕхгӕр ӕвӕрд ӕрцыд

3, 4. а) Хуыцауы Паддзахад куы райгуырд, уӕд цавӕр хабӕрттӕ ӕрцыд? ӕ) Хуыцауы адӕм, дунейы хъуыддӕгтӕй сӕхи куыд хъуамӕ хызтаиккой, уый алкӕддӕр хорз ӕмбӕрстой? Бамбарын ӕй кӕн.

3 Хуыцауы Паддзахад куы райгуырд, уӕд уӕлӕрвты райдыдта хӕст, ӕмӕ Хӕйрӕг зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд. (Бакӕс Раргомад 12:7–10, 12.) Уымӕй уӕлдай ма хӕст райдыдта зӕххыл дӕр, ӕмӕ уӕд фӕлвӕрд ӕрцыд Хуыцауы адӕмы иузӕрдиондзинад. Сӕ фидар фӕнд уыди, цӕмӕй Чырыстийы къахвӕдтыл цыдаиккой ӕмӕ сын ацы дунеимӕ иумӕйагӕй мацы уыдаид. Фӕлӕ райдианты бынтон хорз нӕма ӕмбӕрстой, политикӕйы кӕй нӕ архайынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ сӕхи цас цӕмӕйдӕрты хъӕудзӕн хизын.

4 Зӕгъӕм, 1904 азы рацыд чиныг «Миназы райдиан»-ы 6-ӕм том a ӕмӕ чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй хӕстыты ма архайой. Фӕлӕ ма дзы ноджыдӕр дзырд цыди, зӕгъгӕ, чырыстоны ӕфсадмӕ куы кӕной, уӕд хъуамӕ бацархайа, цӕмӕй йӕ арвитой, хӕцын кӕм нӕ хъӕуы, ахӕм ранмӕ. Уый йӕ къухы куы нӕ бафта ӕмӕ йӕ тохы быдырмӕ куы арвитой, уӕд дӕр хъуамӕ маргӕ макӕй акӕна. Ӕфсымӕр Герберт Синьор цард Британийы, донаргъуыд та райста 1905 азы. Ӕмӕ, уыцы рӕстӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ цы уавӕры уыдысты, уый тыххӕй афтӕ загъта: «Куыд архайын хъӕуы, уый ӕфсымӕртӕ дзӕбӕх не ’мбӕрстой. Хӕстонтимӕ тохы быдырмӕ цӕуӕн ис ӕви ӕрмӕстдӕр, хӕцгӕ кӕм нӕ кӕнынц, ахӕм рӕтты ис службӕ кӕнӕн, уый фӕдыл бӕлвырд разамынд нӕ уыд».

5. 1915 азы 1 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕфсадмӕ цӕуыны фарста хуыздӕр куыд бамбарын кодта?

5 Фӕлӕ 1915 азы 1 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ацы фарста хуыздӕр бамбарын кодта. Энциклопедийы «Фыстад иртасын» ацы фарстайы фӕдыл цы уынаффӕтӕ уыди, уыдоны тыххӕй журналы фыст уыд: «Адӕймаг ӕфсадмӕ куы ацӕуа ӕмӕ, хӕцгӕ кӕм нӕ кӕнынц, ахӕм ран дӕр куы службӕ кӕна, уӕд дӕр афтӕ нӕ уайы, ӕмӕ Чырыстийы уагӕвӕрдты сӕрты ахызт?» Фӕлӕ чырыстон ӕфсадмӕ ацӕуыныл кӕнӕ ӕфсӕддон уӕлӕдарӕс скӕныныл кӕй нӕ разы кӕны, уый тыххӕй йын мӕлӕтӕй тӕссаг куы уа, уӕд та? Уый тыххӕй статьяйы дзырд цыди: «Райсӕм дыууӕ уавӕры. Зӕгъӕм, адӕймаджы амардтой, Фарны Кънйазыл иузӕрдион кӕй уыд ӕмӕ йӕ Йӕ бардзырды сӕрты ахизын кӕй нӕ фӕндыд, уый тыххӕй. Йе та, зӕгъӕм, зӕххон паддзӕхты ӕфсӕдтимӕ тохы быдырмӕ ацыд ӕмӕ, кӕд йӕхи нӕ фӕндыд, уӕддӕр нӕ Уӕларвон Паддзахы ахуырӕдты сӕрты ахызт, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ мӕлӕт ссардта. Уӕд ацы дыууӕ мӕлӕтӕй хуыздӕр кӕцы уыдзӕн? Хуыздӕр уыдзӕн фыццаг. О, хуыздӕр уыдзӕн, нӕ Уӕларвон Паддзахыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый тыххӕй амӕлын». Фӕлӕ ма ахӕм тыхджын ныхӕсты фӕстӕ уӕддӕр статьяйы кӕронбӕттӕны фыст уыд: «Мах афтӕ никӕмӕн зӕгъӕм, ӕмӕ хъуамӕ афтӕ бакӕна. Ӕрмӕст нӕ уый зӕгъын фӕнды, ӕмӕ афтӕ ис бакӕнӕн».

6. Ӕфсымӕр Герберт Синьоры хабарӕй дӕхицӕн зондӕн цы райстай?

6 Ӕфсымӕртӕй иуӕй-иутӕ бӕлвырдӕй ӕмбӕрстой, чырыстонӕн ӕфсадмӕ цӕуӕн кӕй нӕй, ӕмӕ цӕттӕ уыдысты уый тыххӕй ӕфхӕрд баййафынмӕ дӕр. Уӕлдӕр кӕй кой цыди, уыцы ӕфсымӕр Герберт Синьор афтӕ загъта: «Цы уӕлдай уыд, фӕнды нӕмгуытӕ науӕй ӕвдӕлон кодтаин [ома хӕцгӕ кӕм нӕ кӕнынц, ахӕм ран службӕ кӕнын], фӕнды уыцы нӕмгуытӕ топпы бавӕрдтаин» (Лук. 16:10). Гербертӕн йе ’фсарм хӕстмӕ ацӕуыны бар кӕй нӕ лӕвӕрдта, уый тыххӕй йӕ ахӕстоны сбадын кодтой. Йемӕ ма уыди ноджыдӕр 4 ӕфсымӕры. Великобританийы Ричмонды ахӕстоны ма цасдӕр рӕстӕг семӕ иумӕ бадтысты, ӕндӕр динтыл хӕст чи уыд ӕмӕ йе ’фсарм хӕстмӕ цӕуыны бар кӕмӕн нӕ лӕвӕрдта, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ. Уыцы къорды не ’фсымӕртимӕ иумӕ ӕдӕппӕтӕй уыди 16 адӕймаджы. Иу афон се ’ппӕты дӕр науыл сусӕгӕй аластой Францимӕ, хӕст кӕм цыди, уырдӕм. Ӕмӕ сын уым тӕрхон рахастой – хъуамӕ сӕ фехстаиккой. Герберты ӕмӕ ма ноджыдӕр цалдӕры ӕрлӕууын кодтой, чи сӕ хъуамӕ фехстаид, уыцы салдӕтты раз, фӕлӕ сӕ нӕ амардтой. Сӕ тӕрхон сын аивтой ӕмӕ сын радтой дӕс азы.

Саймон Крейкер: «Уӕд ӕй бамбӕрстон, суанг хӕстӕй тӕссаг куы уа, уӕд дӕр Хуыцауы адӕм алкӕимӕ дӕр хӕларӕй кӕй хъуамӕ цӕрой» (кӕс 7 абзац)

7. Дыккаг дунеон хӕст куы райдыдта, уӕдмӕ Йегъовӕйы адӕм бӕлвырдӕй цы бамбӕрстой?

7 Дыккаг дунеон хӕст куы райдыдта, уӕдмӕ Йегъовӕйы адӕм бӕлвырдӕй бамбӕрстой, ацы дунейӕ ма уай ӕмӕ Чырыстийы къахвӕдтыл цӕуай, уый цы нысан кӕны (Матф. 26:51–53; Иоан. 17:14–16; 1 Пет. 2:21). Зӕгъӕм, 1939 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уыди тынг ахсджиаг статья – «Ацы дунейы хъуыддӕгтӕй дард лӕууӕм». Фыст дзы уыд: «Йегъовӕ бадзырд кӕимӕ скодта, уыцы адӕм ныр хъуамӕ архайой ахӕм бӕлвырд уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ: дунейы адӕмтӕ кӕрӕдзиимӕ куы фӕхӕцынц, уӕд хъуамӕ чырыстӕттӕ уымӕй дард лӕууой». Ӕфсымӕр Саймон Крейкер (фӕстӕдӕр лӕггад кодта сӕйраг хайады Бруклины, штат Нью-Йорк) уыцы статьяйы тыххӕй афтӕ загъта: «Уӕд ӕй бамбӕрстон, суанг хӕстӕй тӕссаг куы уа, уӕд дӕр Хуыцауы адӕм алкӕимӕ дӕр хӕларӕй кӕй хъуамӕ цӕрой». Уыцы статья уыди хӕринаг йӕ афоныл. Цӕмӕн? Хуыцауы адӕм йӕ Паддзахадыл иузӕрдион кӕй уыдысты, уый тыххӕй сӕм ӕнхъӕлмӕ каст ноджы стырдӕр фыдӕвзарӕнтӕ, ӕмӕ сӕм уыцы статьяйы фӕрцы цӕттӕ уыдысты.

Фыдӕвзарӕнты «цӕугӕдон» раивылд

8, 9. Апостол Иоанны пехуымпарад куыд сӕххӕст?

8 Апостол Иоанны пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, Хуыцауы Паддзахады райгуырды фӕстӕ залиаг калм, ома Сайтан ӕмӕ Хӕйрӕг, хъуамӕ йӕ хъӕлӕсӕй цӕугӕдон ракалдтаид, цӕмӕй, Хуыцауы Паддзахады фарс чи уыд, уыдоны зӕххы цъарӕй фесӕфтаид. (Бакӕс Раргомад 12:9, 15.) Иоанны пехуымпарад куыд сӕххӕст? 1920-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ тынг цыдысты. Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг не ’фсымӕртӕй Цӕгат Америкӕйы чи цард, уыдонӕй бирӕты ахӕстоны сбадын кодтой, Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Афтӕ бакодтой ӕфсымӕр Крейкерӕн дӕр. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, йӕ уырнындзинады тыххӕй хӕстмӕ чи нӕ ацыд ӕмӕ уый тыххӕй хӕсты рӕстӕг Иугонд Штатты федералон ахӕстӕтты чи бадт, уыдонӕн сӕ 70 проценты бӕрц уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

9 Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ тынг архайдтой, цӕмӕй, алы бӕстӕты дӕр йӕхи Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи бакодта, уыдоны басастаиккой. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй Африкӕйы, Европӕйы ӕмӕ Иугонд Штатты ӕрлӕууын бахъуыд тӕрхондӕтты раз кӕнӕ, адӕймаджы ахӕстонӕй афонӕй раздӕр ссӕрибар кӕнӕн ис ӕви нӕ, уый чи скъуыддзаг кодта, ахӕм къамисты раз. Не ’фсымӕртӕ фидар кӕй лӕууыдысты, уый тыххӕй-иу сӕ ахӕстӕтты ныппӕрстой, фӕнадтой-иу сӕ ӕмӕ-иу сӕ ныссахъат кодтой. Хуыцауы адӕм уӕлдай карз ӕфхӕрд баййӕфтой Германийы, «Хайль Гитлер!» кӕй нӕ дзырдтой ӕмӕ хӕстмӕ кӕй нӕ цыдысты, уый тыххӕй. Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, нацистты рӕстӕджы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй концлагерты бадти 6 мин адӕймаджы ӕмӕ дзы 1 600-йӕ фылдӕры та маргӕ акодтой. Се ’хсӕн уыди немыцӕгтӕ дӕр ӕмӕ, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи уыд, ахӕм ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ дӕр. Фӕлӕ кӕд Хӕйрӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ цард байста, уӕддӕр йӕ бон нӕ баци сӕ уырнындзинадӕн зиан ӕрхӕссын (Мар. 8:34, 35).

«Зӕхх» аныхъуырдта «цӕугӕдон»

10. «Зӕхх» цӕмӕ амоны ӕмӕ-иу Хуыцауы адӕмы куыд бахъахъхъӕдта?

10 Апостол Иоанн цы пехуымпарад ныффыста, уым ӕвдыст ӕрцыд, «зӕхх» Хуыцауы адӕммӕ ӕххуысмӕ кӕй фӕзынд ӕмӕ уыцы «цӕугӕдон» кӕй аныхъуырдта. «Зӕхх» амоны, ацы дунейы бартӕ кӕй къухы ис, уыдоны ’хсӕн ӕмбаргӕдӕр чи у, уыдонмӕ. «Цӕугӕдон» та амоны, нӕ фӕдыл кӕй зилынц, уымӕ. Иоанны пехуымпарадӕй ацы хай куыд сӕххӕст? Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ-иу арӕх афтӕ уыди, ӕмӕ-иу «зӕхх» бахъахъхъӕдта, Хуыцауы Паддзахады фарс чи лӕууы, уыдоны. (Бакӕс Раргомад 12:16.) Зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн бирӕ хӕттыты тӕрхон кодтой, ӕфсадмӕ кӕй нӕ цӕуынц ӕмӕ патриотикон церемониты кӕй нӕ архайынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ уӕлдӕр тӕрхондӕтты сӕ сӕрыл рахӕцыдысты ӕмӕ сын сӕ бартӕ бахъахъхъӕдтой. Фыццаг уал ӕркӕсӕм, ӕфсадимӕ баст хъуыддаджы Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цы стыр уӕлахизтӕ балӕвар кодта, уыдонӕй цалдӕрмӕ (Пс. 68:20).

11, 12. Ӕфсымӕртӕ Сикуреллӕ ӕмӕ Флимменосы тӕрхоны раз ӕрлӕууын цӕмӕн бахъуыд ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕ цӕуыл ахицӕн сты?

11 Иугонд Штаттӕ. Энтони Сикуреллӕйӕн йӕ ныййарджытӕ уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Донаргъуыд райста 15-аздзыдӕй. 21 азы йыл куы сӕххӕст, уӕд ӕм ӕфсадмӕ фӕсидтысты, ӕмӕ йын къамис йӕ гӕххӕттыты ныффыста, дины кусӕг у, зӕгъгӕ. Дыууӕ азы фӕстӕ, 1950 азы, Энтони курдиат балӕвӕрдта, цӕмӕй йын йӕ гӕххӕттыты ныффыстаиккой, ӕфсадмӕ уый тыххӕй кӕй нӕ цӕуы, ӕмӕ йын йе ’фсарм уый бар нӕ дӕтты. Иугонд Штатты ӕдасдзинады службӕ (Федеральное бюро расследований) разы уыди, фӕлӕ Юстицийы министрады йӕ курдиатыл не сразы сты. Уыйадыл йӕ хъуыддаг цалдӕр хатты ӕвзӕрст цыди тӕрхондӕтты, ӕмӕ ӕппынфӕстаг бахауд АИШ-ы Сӕйраг тӕрхондонмӕ. Уым ӕфсымӕр Сикуреллӕйы сӕрыл рахӕцыдысты, ӕмӕ дӕлдӕр тӕрхондоны уынаффӕ йӕ тыхы нал уыд. Сӕйраг тӕрхондоны уынаффӕ стыр ӕххуыс фӕци, Иугонд Штатты цӕрджытӕй ма йе ’фсарм ӕфсадмӕ цӕуыны бар ноджыдӕр кӕмӕн нӕ лӕвӕрдта, уыдонӕн.

12 Греци. 1983 азы Иаковос Флимменосы, ӕфсӕддон дарӕс скӕнын кӕй нӕ бакуымдта, уый тыххӕй ахӕстоны сбадын кодтой. Куы ссӕрибар, уӕд ӕй фӕндыд бухгалтерӕй кусын. Фӕлӕ, бадгӕ кӕй кодта, уый тыххӕй йӕ куыстмӕ нӕ айстой. Иаковос тӕрхондонмӕ хъаст балӕвӕрдта, фӕлӕ Грецийы тӕрхондӕттӕй иуы дӕр йӕ сӕрыл нӕ рахӕцыдысты. Ӕмӕ уӕд хъаст балӕвӕрдта Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондонмӕ. 2000 азы Европӕйы тӕрхондоны Стыр палатӕ (ӕдӕппӕтӕй 17 тӕрхонгӕнӕджы) йӕ сӕрыл рахӕцыд. Ӕмӕ уый стыр ӕххуыс фӕци, адӕймаджы бартӕ ссӕст кӕй цӕуынц, уый фӕдыл ӕндӕр хъуыддӕгтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр. Уӕды онг Грецийы 3 500 ӕфсымӕрӕй фылдӕр, ӕфсадмӕ кӕй нӕ акуымдтой ӕмӕ ахӕстӕтты кӕй фӕбадтысты, уый тыххӕй афтӕ нымад цыдысты, цыма фыдракӕнд сарӕзтой, ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕййӕфтой. Фӕлӕ Европӕйы тӕрхондон уыцы уынаффӕ куы рахаста, уый фӕстӕ Грецийы хицауад ног закъон рауагъта, ӕмӕ уыцы ӕфсымӕртӕй фыдгӕнджыты ном ист ӕрцыд. Уымӕй уӕлдай ма, Грецийы Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ куы хастой, уӕд дзы ногӕй фидаргонд ӕрцыд, уымӕй цалдӕр азы размӕ альтернативон службӕйы тыххӕй цы закъон рацыд, уый – уыцы закъонмӕ гӕсгӕ Грецийы алкӕмӕн дӕр ис альтернативон граждайнаг службӕ равзарыны бар.

Ивайло Стефанов: «Цалынмӕ тӕрхондоны залмӕ нӕ бахызтӕн, уӕдмӕ Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй куывтон, ӕмӕ йӕ банкъардтон, мӕ зӕрдӕ мын куыд ӕрсабыр кодта» (кӕс 13 абзац)

13, 14. Дӕумӕ гӕсгӕ, Ивайло Стефанов ӕмӕ Ваган Баятяны хабӕрттӕй цы ис зондӕн райсӕн?

13 Болгари. 1994 азы Ивайло Стефановмӕ ӕфсадмӕ куы фӕсидтысты, уӕд ыл цыди 19 азы. Не ’фсымӕр не сразы нӕдӕр ӕфсадмӕ ацӕуыныл, нӕдӕр, къухмӕ хӕцӕнгарз исын кӕм нӕ хъӕуы, фӕлӕ уӕддӕр ӕфсӕддонты дӕлбар чи ис, ахӕм ран службӕ кӕныныл. Ӕмӕ йӕ афӕдз ӕмӕ ӕрдӕгмӕ ахӕстоны сбадын кодтой. Фӕлӕ тӕрхондонмӕ хъаст балӕвӕрдта, уымӕн ӕмӕ йын закъонмӕ гӕсгӕ уый бар уыди, цӕмӕй ӕфсадмӕ ма ацыдаид. Йӕ хъуыддаг ӕппынфӕстаг Европӕйы тӕрхондонмӕ бахӕццӕ. 2001 азы, цалынмӕ йӕ хъуыддаг ӕвзӕрст не ’рцыд, уӕдмӕ, Болгарийы хицауад ӕфсымӕр Стефановимӕ бадзырд скодта, ӕмӕ бафидыдтой. Хицауад ӕрмӕст Стефановы нӕ банымадта растыл, фӕлӕ ма Болгарийы цӕрджытӕй альтернативон граждайнаг службӕ равзарын кӕй фӕндыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр b.

14 Сомих. Ваган Баятянмӕ ӕфсадмӕ фӕсидтысты 2001 азы c. Ваган не сразы ӕфсадмӕ ацӕуыныл, уымӕн ӕмӕ йын йе ’фсарм уый бар нӕ лӕвӕрдта. Фӕлӕ йын йӕ бӕстӕйы тӕрхондӕттӕй иуы дӕр йӕ бартӕ нӕ бахъахъхъӕдтой. 2002 азы сентябры Ваганы дыууӕ азы ӕмӕ ӕрдӕгмӕ ахӕстоны сбадын кодтой, фӕлӕ йӕ дӕс мӕйы ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ рауагътой. Цалынмӕ ахӕстоны бадт, уӕдмӕ хъаст балӕвӕрдта Европӕйы тӕрхондонмӕ, ӕмӕ йын йӕ хъуыддагмӕ ӕркастысты. Фӕлӕ 2009 азы 27 октябры Европӕйы тӕрхондон уынаффӕ рахаста, ӕфсадмӕ кӕй нӕ ацыд, уымӕй закъон фехӕлдта, зӕгъгӕ. Афтӕ зынди, цыма Сомихы ӕфсымӕртӕн ӕппындӕр ницыуал ныфс ис. Фӕлӕ Европӕйы тӕрхондоны Стыр палатӕ уыцы хъуыддагмӕ ногӕй ӕркаст. Ӕмӕ 2011 азы 7 июлы уынаффӕ рахаста, ӕфсымӕр Баятянӕн цы тӕрхон скодтой, уый раст кӕй нӕ уыд. Европӕйы тӕрхондон фыццаг хатт сразы, адӕймагӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфсадмӕ ма ацӕуа, уымӕн ӕмӕ Европӕйы конвенци алкӕмӕн дӕр бар дӕтты, цӕмӕй йӕ хъуыдытӕ ӕргом дзура ӕмӕ йын йе ’фсарм ӕмӕ йӕ дин куыд амонынц, уымӕ гӕсгӕ архайа. Ацы уынаффӕ ӕрмӕст Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бартӕ нӕ хъахъхъӕны, фӕлӕ ма, Европӕйы советы чи ис, уыцы бӕстӕты цӕрӕг адӕмы, сӕдӕгай милуанты, бартӕ дӕр d.

Сомихы ӕфсымӕрты ахӕстонӕй рауагътой, Европӕйы тӕрхондон цы уынаффӕ рахаста, уый фӕстӕ

Патриотикон церемонитӕ

15. Йегъовӕйы адӕм патриотикон церемониты цӕуылнӕ архайынц?

15 Йегъовӕйӕн йӕ адӕм йӕ Паддзахадыл иузӕрдион кӕй сты, уый, ӕфсадмӕ кӕй нӕ цӕуынц, ӕрмӕст уымӕй не ’вдисынц. Уыдон нӕ архайынц патриотикон церемониты дӕр. Уӕлдайдӕр Дыккаг дунеон хӕст куы райдыдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕнӕхъӕн дунейы дӕр адӕмтӕ тох кӕнынц сӕ фыдыбӕстӕйы сӕрыл. Бирӕ бӕстӕты цӕрджытӕй домынц, цӕмӕй ард бахӕрой, сӕ бӕстӕйыл сӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивдзысты, уый номыл, стӕй цӕмӕй сӕ бӕстӕйы гимн зарой кӕнӕ тырысайӕн табу кӕной. Фӕлӕ мах ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл стӕм иузӕрдион (Рац. 20:4, 5). Уый тыххӕй нӕ фӕдыл зилын байдыдтой, ӕмӕ афтӕ зынди, цыма уыцы фыдӕвзарӕнты гуылфӕны бын фӕуыдзыстӕм. Фӕлӕ та Йегъовӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй «зӕхх» уыцы гуылфӕны дӕттӕ аныхъуырдтаид. Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ нын ацы хъуыддаджы Чырыстийы уылты цы стыр уӕлахизтӕ радта, уыдонӕй цалдӕрмӕ (Пс. 3:8).

16, 17. а) Лиллиан ӕмӕ Уильям Гобайтас цавӕр фӕлварӕныл сӕмбӕлдысты? ӕ) Сӕ хабар дын цӕуыл дзурӕг у?

16 Иугонд Штаттӕ. 1940 азы АИШ-ы Сӕйраг тӕрхондоны ӕвзӕрст цыди иу хъуыддаг, «Майнерсвиллы скъолаты округ Гобайтисты ныхмӕ», зӕгъгӕ. Ӕмӕ 9 тӕрхонгӕнӕгӕй 8 уынаффӕ рахастой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ. 12-аздзыд Лиллиан Гобайтасы e ӕмӕ йӕ 10-аздзыд ӕфсымӕр Уильямы фӕндыд Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын, ӕмӕ уый тыххӕй не сразы сты тырысайӕн табу кӕныныл ӕмӕ ард бахӕрыныл. Уый тыххӕй сӕ скъолайӕ ратардтой. Сӕ хъуыддаг ӕвзӕрст цыди Сӕйраг тӕрхондоны, ӕмӕ тӕрхондон сразы, скъолайӕ сӕ кӕй ратардтой, уый Конституцимӕ гӕсгӕ раст кӕй уыд, уымӕн ӕмӕ, дам, афтӕмӕй скъола архайдта «бӕстӕйы иудзинадыл». Уыцы уынаффӕйы фӕстӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ фыдӕвзарӕнты цӕхӕры бахаудысты. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕтты-иу скъолайӕ ратардтой. Уымӕй уӕлдай, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй чидӕртӕ сӕ куыстӕй фӕхауӕггаг сты. Бирӕтыл та-иу уынгты адӕм сӕхи тугдзых сырдтау ныццавтой. Уыцы хабӕртты тыххӕй иу чиныджы фыст уыди: «1941 азӕй 1943 азмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕдыл кӕй зылдыстӕм, уымӕй равдыстам, ӕндӕр динтӕн кӕй нӕ быхсӕм, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы Америкӕйы ссӕдзӕм ӕнусы уый у ӕппӕты ӕвирхъаудӕр хабар» (The Lustre of Our Country).

17 Хуыцауы знӕгтӕ, кӕй фӕуӕлахиз сты, ууыл бирӕ нӕ фӕцин кодтой. 1943 азы Сӕйраг тӕрхондоны ӕвзӕрст цыди ӕндӕр хъуыддаг – «Штат Цӕгат Вирджинийы ахуырады департамент Барнетты ныхмӕ». Уый дӕр уыди Гобайтасты хъуыддаджы хуызӕн. Фӕлӕ ацы хатт Сӕйраг тӕрхондон рахӕцыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕрыл. Иугонд Штатты фыццаг хатт ӕрцыд ахӕм хабар, ӕмӕ Сӕйраг тӕрхондон цыбыр рӕстӕгмӕ йӕ хъуыды фӕива. Уыцы уынаффӕйы фӕстӕ Иугонд Штатты Йегъовӕйы адӕмы уавӕр цӕхгӕр фӕивта: сӕ ныхмӕ ӕргом афтӕ тынг нал цыдысты. Уый фӕрцы уыцы бӕстӕйы тынгдӕр аргъ кӕнын райдыдтой ӕппӕт цӕрджыты бартӕн дӕр.

18, 19. а) Пабло Баррос йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй фидар цӕй фӕрцы фӕлӕууыд? ӕ) Иннӕ ӕфсымӕртӕн ӕмӕ хотӕн сӕ бон куыд у Паблойы бафӕзмын?

18 Аргентинӕ. 1976 азы Пабло ӕмӕ Уго Барросы скъолайӕ ратардтой, тырысайӕн кӕй нӕ табу кодтой, уый тыххӕй. Паблойыл уӕд цыди аст азы, Угойыл та – авд азы. Иу хатт скъолайы директор Паблойы асхуыста ӕмӕ йын йӕ сӕр ныццавта. Стӕй сӕ дыууӕйы дӕр урокты фӕстӕ иу сахат скъолайы фӕдардта ӕмӕ сӕ патриотикон церемониты тыххӕй архайын кодта. Уыцы фыдӕвзарӕнты тыххӕй Пабло фӕстӕдӕр афтӕ загъта: «Йегъовӕ мын куы не ’ххуыс кодтаид, уӕд фидар фӕлӕууын мӕ бон нӕ бауыдаид».

19 Сӕ хъуыддаг сын тӕрхондоны куы ’взӕрстой, уӕд тӕрхонгӕнӕг скъолайы фарс рахӕцыд, ома, дам, Пабло ӕмӕ Угойы кӕй ратардтой, уый раст уыди. Уӕд хъаст балӕвӕрдтой Аргентинӕйы Сӕйраг тӕрхондонмӕ. 1979 азы Сӕйраг тӕрхондон дӕлдӕр тӕрхондоны уынаффӕйыл не сразы. Хаст ӕрцыд ахӕм уынаффӕ: «Афтӕ сӕ кӕй бафхӕрдтой [ома сӕ скъолайӕ кӕй ратардтой], уымӕй ахызтысты Конституцийы сӕрты, уымӕн ӕмӕ Конституцимӕ гӕсгӕ алкӕмӕн дӕр ис уый бар, цӕмӕй ахуыр кӕна (14 статья), ӕмӕ Паддзахадӕн та йӕ хӕс у, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр сӕйраг ахуырад ратта (5 статья)». Ацы уӕлахиз Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕй стыр ӕххуыс кӕмӕн фӕци, уыдон уыдысты иу мины бӕрц. Кӕйдӕрты дзы скъолайӕ нал ратардтой. Пабло ӕмӕ Угойы та, ӕмӕ ма скъолатӕй ноджыдӕр кӕй ратардтой, уыдоны, фӕстӕмӕ айстой.

Нӕ кӕстӕртӕй бирӕтӕ фӕлварӕны Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайынц

20, 21. Роэль ӕмӕ Эмилийы хабар дын дӕ уырнындзинад куыд бафидар кодта?

20 Филиппинтӕ. 1990 азы 9-аздзыд Роэль Ембралинаг ӕмӕ йӕ 10-аздзыд хо Эмилийы скъолайӕ ратардтой, тырысайӕн кӕй нӕ табу кодтой, уый тыххӕй. Афтӕ ма бакодтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕй ноджыдӕр 65-ӕй фылдӕрӕн. Роэль ӕмӕ Эмилийы фыд Леонардо ныхас кодта скъолайы администрациимӕ, фӕлӕ дзӕгъӕлы. Ӕмӕ уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр куы кодта, уӕд Леонардо хъаст балӕвӕрдта Сӕйраг тӕрхондонмӕ. Фӕлӕ йӕм нӕдӕр ӕхца уыди, нӕдӕр ын адвокат уыд. Гъемӕ ӕгас бинонтӕй дӕр Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй куывтой, цӕмӕй сын равдыстаид, цы бакӕнӕн ис, уый. Уӕдмӕ та сывӕллӕттӕн дӕр ӕнцон нӕ уыд: иннӕтӕ сыл худтысты ӕмӕ сын фидистӕ кодтой. Леонардомӕ юристы ахуырдзинад кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕм афтӕ каст, ӕмӕ уыцы хъуыддаг ницы хуызы рамбулдзӕн.

21 Фӕстагмӕ хабар афтӕ рауад, ӕмӕ тӕрхондоны бинонты сӕрыл дзырдта адвокат Фелино Ганаль. Фелино раздӕр куыста бӕстӕйы зындгонддӕр юридикон фирмӕтӕй сӕ иуы. Фӕлӕ, уыцы хъуыддаг ӕвзӕрст куы цыди, уӕдмӕ уыцы фирмӕйы йӕ куыст ныууагъта ӕмӕ сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Хъуыддаг Сӕйраг тӕрхондоны куы ’взӕрстой, уӕд тӕрхонгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр ӕмхъӕлӕсӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕрыл рахӕцыдысты, ӕмӕ, сывӕллӕтты скъолайӕ цы бардзырдтӕм гӕсгӕ ратардтой, уыдонӕн тых нал уыди. Ногӕй та уынӕм, знӕгтӕн кӕй нӕ бантыст Хуыцауы адӕмы басӕттын.

Ацы дунейӕ дард кӕй лӕууӕм, уый фӕрцы не ’хсӕн ис иудзинад

22, 23. а) Тӕрхондӕтты уыйбӕрц ахсджиаг хъуыддӕгтӕ цӕй фӕрцы рамбылдтам? ӕ) Ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты ’хсӕн фарн ӕмӕ иудзинад кӕй ис, уый цӕуыл дзурӕг у?

22 Йегъовӕйы адӕм тӕрхондӕтты уыйбӕрц ахсджиаг хъуыддӕгтӕ цӕй фӕрцы рамбылдтой? Хицӕутты цӕсты дзырддзӕугӕ адӕм не стӕм ӕмӕ сын сӕ хъуыдыйыл бандавын нӕ бон нӕу. Фӕлӕ уӕддӕр бирӕ бӕстӕты ӕмӕ алыхуызон тӕрхондӕтты рӕстаг тӕрхонгӕнджытӕ нӕ сӕрыл рахӕцынц ӕмӕ нӕ тыхджын ӕмӕ ӕгъатыр знӕгтӕй бахъахъхъӕнынц. Афтӕмӕй уыдон бындур сӕвӕрынц, цӕмӕй, адӕймагӕн Конституцимӕ гӕсгӕ цы бартӕ ис, уыдон фидӕны дӕр хъахъхъӕд цӕуой. Дзырд дӕр ыл нӕй: ахӕм уӕлахизтӕ нӕ къухы бафтыд Чырыстийы фӕрцы! (Бакӕс Раргомад 6:2.) Фӕлӕ тӕрхондӕтты нӕ бартыл цӕмӕн тох кӕнӕм? Махӕн нӕ нысан уый нӕу, ӕмӕ закъӕттӕ фӕивӕм. Нӕ нысан у, цӕмӕй дарддӕр дӕр нӕ бон уа нӕ Паддзах Йесо Чырыстийӕн ӕнӕкъуылымпыйӕ лӕггад кӕнын (Хъуыд. 4:29).

23 Ацы дунейы иудзинад нӕй. Хицӕуттӕ кӕрӕдзи хӕрынц ӕмӕ адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт уынынц. Фӕлӕ Паддзах Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ӕгас зӕххыл дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ацы дунейӕ дард лӕууой. Хӕйрӕгӕн йӕ къухы нӕ бафтыд Хуыцауы адӕмы ныддихтӕ кӕнын ӕмӕ сӕ йӕ дӕлбар бакӕнын. Хуыцауы Паддзахад ӕрӕмбырд кодта, «хӕцын... [чи] нал ахуыр кӕны», ахӕм адӕмы – милуанты. Зӕххыл нын уыйбӕрц ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ кӕй ис ӕмӕ не ’хсӕн фарн ӕмӕ иудзинад кӕй ис, уый ӕцӕгдӕр у диссаг! Уымӕй фидардӕр бӕлвырдгӕнӕн ма цы хъуамӕ уа, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уымӕн! (Ис. 2:4).

a Ацы том ма хуыйны «Ног сфӕлдыстад» дӕр. Фӕстӕдӕр чиныг «Миназы райдиан» (уыди дзы цалдӕр томы) схуыдтой «Фыстад иртасын».

b Уыцы бадзырдмӕ гӕсгӕ ма Болгарийы хицауад, йе ’фсарм ӕфсадмӕ цӕуыны бар кӕмӕн нӕ лӕвӕрдта, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр хъуамӕ раттаид альтернативон граждайнаг службӕ равзарыны фадат, ӕмӕ уыцы службӕмӕ ӕфсӕддон организацитӕ хъуамӕ мацы бар дардтаиккой.

c Ацы хабары тыххӕй бӕстондӕр дзырд цӕуы брошюрӕйы «Цӕмӕй бафӕрсис Хуыцауы?», статья «Европӕйы тӕрхондон бахъахъхъӕдта, йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфсадмӕ чи нӕ цӕуы, уыдоны бартӕ».

d Сомихы хицауад 20 азмӕ ахӕстӕтты сбадын кодта 450 ӕрыгон ӕфсымӕрӕй фылдӕры. Уыцы лӕппутӕй фӕстаг ахӕстонӕй рацыд 2013 азы ноябры.

e Сӕ мыггаг сын тӕрхондоны гӕххӕттыты раст нӕ ныффыстой.