УӔЛӔМХАСӔН
Библийы хицӕн кӕныны ӕмӕ хицӕнтӕй цӕрыны тыххӕй цы фыст ис?
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус цӕрой, кӕрӕдзийӕн цы дзырд радтой, уымӕ гӕсгӕ. Хуыцау фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы куы баиу кодта, уӕд загъта: «Адӕймаг... баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар». Фӕстӕдӕр Йесо Чырысти дӕр ацы ныхӕстӕ загъта ӕмӕ ма сӕм бафтыдта: «Уӕдӕ Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Райдиан 2:24; Матфейы 19:3–6). Уӕдӕ Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы хъуыдымӕ гӕсгӕ, лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ иумӕ уой цӕрӕнбонтӕм, цалынмӕ сӕ мӕлӕт нӕ фӕхицӕн кӕна, уӕдмӕ (1 Коринфӕгтӕм 7:39). Бинонты цард табуйаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хицӕн кӕнынмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Йегъовӕ йе сӕфт уыны, лӕг ӕмӕ усӕн Библимӕ гӕсгӕ бар куы нӕ вӕййы, афтӕмӕй куы ахицӕн вӕййынц, уымӕй (Малахи 2:15, 16).
Библимӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ усӕн хицӕн кӕныны бар кӕд ис? Йегъовӕ йе сӕфт уыны, адӕймаг йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй куы рацӕуы, уымӕй ӕмӕ хӕтындзинадӕй (Райдиан 39:9; 2 Самуилы 11:26, 27; Псалом 51:4). Хӕтындзинад йӕ цӕсты афтӕ ӕлгъаг у, ӕмӕ уый тыххӕй хицӕн кӕныны бар дӕтты. (Хӕтындзинад цы у ӕмӕ йӕм цы хауы, уый тыххӕй дзырд цӕуы 9 сӕры, 7 абзацы.) Йӕ цардӕмбал гадзрахатӕй кӕуыл рацыд, уымӕн Йегъовӕ бар дӕтты, цӕмӕй йӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕна, йемӕ ма цӕрдзӕн ӕви дзы ахицӕн уыдзӕн (Матфейы 19:9). Куы дзы ахицӕн уа, уӕд афтӕ зӕгъӕн нӕ уыдзӕн, ӕмӕ, Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, ахӕм цыдӕр сарӕзта. Фӕлӕ чырыстон ӕмбырды хицӕн кӕнынмӕ никӕй разӕнгард кӕнынц. Гадзрахатӕй кӕуыл рацыдысты, уый, чи зоны, хицӕн кӕнын ма бафӕнда, уӕлдайдӕр йӕ цардӕмбал зӕрдӕбынӕй куы ’рфӕсмон кӕна, уӕд. Куыдфӕнды ма уа, Библимӕ гӕсгӕ хицӕн кӕныны бар кӕмӕн ис, уый хъуамӕ йӕхӕдӕг рахӕсса уынаффӕ ӕмӕ, уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн, уый дӕр хъуамӕ ӕмбара (Галатӕгтӕм 6:5).
Иуӕй-иу уавӕрты чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты ӕндӕр гӕнӕн нал вӕййы, ӕмӕ аскъуыддзаг кӕнынц сӕ цардӕмбалӕй 1 Коринфӕгтӕм 7:11). Ахӕм чырыстонӕн ног цардӕмбал агурыны бар нӕй (Матфейы 5:32). Ӕркӕсӕм, иуӕй-иутӕ цавӕр уавӕрты аскъуыддзаг кодтой, сӕ цардӕмбалӕй кӕй ацӕудзысты кӕнӕ дзы кӕй ахицӕн уыдзысты (кӕд сын Библимӕ гӕсгӕ ног бинонтӕ скӕныны бар нӕй, уӕддӕр).
ацӕуын кӕнӕ та дзы хицӕн дӕр авӕййынц, сӕ цардӕмбалмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн куы нӕ вӕййы, уӕддӕр. Ӕрмӕст, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй, уыцы чырыстон хъуамӕ мой мауал скӕна кӕнӕ ус мауал ракура, фӕлӕ йӕ бон у фӕстӕмӕ йӕ цардӕмбалимӕ бафидауын (Лӕджы йӕ бинонты дарын куы нӕ фӕнда. Лӕгӕн йӕ бон куы уа йӕ бинонты дарын, фӕлӕ йӕ уый аразын куы нӕ фӕнда, уӕд, гӕнӕн ис, бинонтӕ мӕгуыры къахыл ныллӕууой ӕмӕ сын, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уый дӕр мауал уа. Библийы фыст ис: «Йӕ бинонтыл... чи нӕ тыхсы, уый ныууагъта уырнындзинад ӕмӕ у, уырнындзинад кӕмӕ нӕй, уымӕй фыддӕр» (1 Тимофеймӕ 5:8). Лӕджы ивын куы нӕ фӕнда, уӕд усы хъӕудзӕн аскъуыддзаг кӕнын, йӕ лӕгӕй ацӕудзӕн ӕви нӕ, цӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ дӕр, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ цух мауал ӕййафой. Чи зоны дзы хицӕн дӕр ауыдзӕн (кӕд ын Библимӕ гӕсгӕ ног бинонтӕ скӕныны бар нӕ уыдзӕн, уӕддӕр). Лӕг чырыстон куы уа ӕмӕ дзы ус куы хъаст кӕна, йӕ бинонты дарын ӕй нӕ фӕнды, зӕгъгӕ, уӕд хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуыддаг лӕмбынӕг равзарой. Хабар ӕцӕг куы разына, уӕд лӕджы, гӕнӕн ис, ӕмбырдӕй дӕр ацух кӕной.
Чырыстоны йӕ цардӕмбал фыднад куы кӕна. Иуӕй-иу хатт лӕг йӕ цардӕмбалы афтӕ тынг фӕнӕмы, ӕмӕ йе ’нӕниздзинадӕн кӕнӕ суанг йӕ цардӕн дӕр тӕссаг вӕййы *. Кӕд ахӕм адӕймаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн у, уӕд ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуыддаг сбӕрӕг кӕндзысты. Мӕстыгӕр куы уа ӕмӕ йӕ цардӕмбалы куы нӕма, уӕд ӕй ӕмбырдӕй дӕр ацух кӕндзысты (Галатӕгтӕм 5:19–21).
Чырыстоны йӕ цардӕмбал Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы нӕ уадза. Вӕййы афтӕ, ӕмӕ лӕг (кӕнӕ ус) ӕппынӕдзух Хъуыддӕгтӕ 5:29).
йӕ цардӕмбалӕн цӕлхдуртӕ февӕры, цӕмӕй йӕ бон ма уа ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын, йе та йӕ, гӕнӕн ис, суанг Хуыцауы закъӕтты сӕрты хизын кӕна. Ахӕм уавӕры чырыстон, гӕнӕн ис, аскъуыддзаг кӕна, ӕмӕ хъуамӕ йӕ цардӕмбалӕй ацӕуа кӕнӕ дзы ахицӕн уа (кӕд ын Библимӕ гӕсгӕ ног бинонтӕ скӕныны бар нӕ уыдзӕн, уӕддӕр), кӕннод йӕ бон нӕ уыдзӕн фыццаджыдӕр Хуыцаумӕ хъусын (Цы уавӕртыл аныхас кодтам, уыдоны хойӕн (кӕнӕ ӕфсымӕрӕн), «дӕ цардӕмбалӕй ацу», зӕгъгӕ дӕр хъуамӕ мачи дзура ӕмӕ «ма ацу» дӕр. Кӕд фӕлтӕрд чырыстӕттӕн ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у адӕймагӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ йын Библийӕ уынаффӕтӕ раттын, уӕддӕр, лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн ӕцӕгӕй цы цӕуы, уый тыххӕй алцы нӕ зонынц. Уый ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ зоны. Чырыстон сылгоймаг, цӕмӕй йын йӕ лӕгӕй ацӕуынӕн ӕфсон уа, уый тыххӕй хъуыддаг куы ныддиссаг кӕна, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауӕн ӕмӕ бинонты цардӕн нӕ кад кӕндзӕн. Уый хауы лӕгмӕ дӕр. Адӕймаджы йӕ цардӕмбалӕй ацӕуын ӕцӕгӕй цӕмӕн фӕнды, уый куыдфӕнды ма сусӕг кӕна, уӕддӕр Йегъовӕ алцыдӕр зоны. «Дзуапп кӕй разы дӕттӕм, уымӕй ӕмбӕхст ницы у, алцыдӕр ын у ӕргом» (Дзуттӕгтӕм 4:13). Фӕлӕ чырыстонӕн йӕ цардӕмбалимӕ цӕрын тӕссаг куы уа ӕмӕ дзы ацӕуынвӕнд куы скӕна, уӕд хъуамӕ йӕ кой мачи кӕна, раст нӕ бакодта, зӕгъгӕ. Ӕппынфӕстаг «не ’ппӕт дӕр Хуыцауы тӕрхоны раз ӕрлӕудзыстӕм» (Ромӕгтӕм 14:10–12).
^ 2 абз. Кӕд ам лӕджы кой цӕуы, уӕддӕр ацы хъуыдытӕ усмӕ дӕр хауынц.