Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 СӔР

Хуыцауы раз дӕ цӕсгом сыгъдӕг уӕд

Хуыцауы раз дӕ цӕсгом сыгъдӕг уӕд

«Уӕ цӕсгом сыгъдӕг уӕд» (1 ПЕТРЫ 3:16).

1, 2. Компас хъӕугӕ дзаума цӕмӕн у ӕмӕ йӕ ӕфсармимӕ абарӕн цӕмӕн ис?

ДЕНДЖЫЗДЗАУ йӕ нау фӕтӕры ӕнӕкӕрон денджызы егъау уылӕнтыл. Бӕлццон фӕцӕуы ӕдзӕрӕг быдыры. Пилот йӕ хӕдтӕхӕг систа арвы бӕрзӕндмӕ ӕмӕ мигъты сӕрмӕ фӕтӕхы. Ацы ӕртӕ адӕймагӕн сӕ уавӕр ӕмхуызон цӕмӕй у? Компас кӕнӕ сӕм ӕндӕр нырыккон фӕндагамонӕн техникӕ куы нӕ уаид, уӕд исты бӕллӕхы бахауиккой.

2 Компас у хуымӕтӕг дзаума, цӕгатмӕ чи амоны, ахӕм магнитон стрелкӕимӕ. Компас раст куы фӕкусы ӕмӕ ма йемӕ адӕймагмӕ картӕ дӕр куы вӕййы, уӕд ӕй мӕлӕтӕй дӕр бахъахъхъӕны. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ афтӕ хъахъхъӕны, Йегъовӕ нын цы диссаджы лӕвар скодта, уый дӕр – не ’фсарм, кӕнӕ нӕ цӕсгом (Иаковы 1:17). Ӕфсарм нын куы нӕ уыдаид, уӕд царды бынтондӕр фӕдзӕгъӕл уыдаиккам. Не ’фсарм нын цы амоны, уымӕ куы хъусӕм, уӕд царды раст фӕндаг ссардзыстӕм ӕмӕ дзы нӕ адзӕгъӕл уыдзыстӕм. Уӕдӕ базонӕм, цы у ӕфсарм ӕмӕ нын куыд ӕххуыс кӕны. Стӕй аныхас кӕнӕм ацы ӕртӕ хъуыддагыл: 1) нӕ бон куыд у не ’фсарм ахуыр кӕнын, 2) иннӕты ӕфсармыл цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕнӕм ӕмӕ 3) не ’фсарм сыгъдӕг уа, уый хорз цӕмӕн у.

ЦЫ У ӔФСАРМ ӔМӔ НЫН КУЫД ӔХХУЫС КӔНЫ?

3. «Ӕфсарм»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый комкоммӕ цы нысан кӕны ӕмӕ уый фӕрцы адӕймагӕн йӕ бон цы у аразын?

3 Библийы ӕфсармы кой кӕм ис, уым ирон тӕлмацы ӕмбӕлы ӕндӕр дзырдтӕ дӕр, зӕгъӕм, «цӕсгом» ӕмӕ «зӕрдӕ». Ацы дзырдтӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый комкоммӕ нысан кӕны «хи зонын». Хуыцау зӕххыл цы сфӕлдыста, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр адӕймагӕн у йӕ бон йӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын. Йӕ бон у йӕхимӕ фӕрсырдыгӕй бакӕсын ӕмӕ ахъуыды кӕнын, раст бакодта ӕви нӕ. Не ’фсарм, раст цыма тӕрхонгӕнӕг у, уыйау нын иртасы нӕ хъуыддӕгтӕ, нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ, цы уынаффӕтӕ хӕссӕм, уыдон. Уый нын ӕххуыс кӕны раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн ӕмӕ нӕ рӕдыд къахдзӕфтӕй хизы. Раст куы бакӕнӕм, уӕд фӕцин кӕнӕм, ӕвзӕрӕй исты куы саразӕм, уӕд та нӕхи фӕхӕрӕм.

4, 5. а) Адам ӕмӕ Евӕ ӕфсармӕй хайджын кӕй уыдысты, уый кӕцӕй зонӕм ӕмӕ, Хуыцауы закъоны сӕрты куы ахызтысты, уӕд сӕ уый цӕмӕ ’ркодта? б) Раджы заманты Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн се ’фсарм куыд ӕххуыс кодта?

4 Хуыцау фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы, Адам ӕмӕ Евӕйы, куы сфӕлдыста, уӕд сӕ схайджын кодта ӕфсармӕй. Уый бӕрӕг у уымӕй, ӕмӕ, Хуыцауы закъон куы фехӕлдтой, уӕд сӕм худинаг ӕркаст (Райдиан 3:7, 8). Фӕлӕ сын кӕд се ’фсарм ӕнцой нал лӕвӕрдта, уӕддӕр сын уый ницыуал пайда уыд. Уыдон Хуыцауы закъоны сӕрты зонгӕ-зонын ахызтысты. Афтӕмӕй рацыдысты Йегъовӕ Хуыцауы ныхмӕ ӕмӕ систы йе знӕгтӕ. Адам ӕмӕ Евӕ уыдысты ӕххӕст, ӕмӕ, цы аразынц, уый хорз ӕмбӕрстой. Уымӕ гӕсгӕ сӕ бон Хуыцауимӕ бафидауын нал уыд.

5 Адам ӕмӕ Евӕйӕ уӕлдай, ӕнӕххӕст адӕмӕй бирӕтӕ кодтой, се ’фсарм сын куыд дзырдта, афтӕ. Зӕгъӕм, рӕстгӕнӕг Иовӕн йӕ бон уыди зӕгъын: «Ӕз фидар хӕцдзынӕн мӕ рӕстдзинадыл ӕмӕ йӕ нӕ ныууадздзынӕн, мӕ зӕрдӕ мыл мӕ царды бонтӕй иуы тыххӕй дӕр нӕ фӕхуддзӕн» (Иов 27:6) *. Иовы-иу исты саразын кӕнӕ исты уынаффӕ рахӕссын куы хъуыд, уӕд-иу алкӕддӕр хъуыста, йе ’фсарм ын цы дзырдта, уымӕ. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд фидарӕй зӕгъын, мӕ зӕрдӕ мӕхиуыл ницӕмӕй худы, зӕгъгӕ. Иовӕй уӕлдай, Давидӕн йӕ бон афтӕ зӕгъын нӕ уыд. Давид, цы не ’мбӕлд, уый куы сарӕзта – Йегъовӕйы ӕвӕрд паддзах Саулӕн йӕ дарӕсы кӕрон куы ралыг кодта,– уӕд «йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт» (1 Самуилы 24:5). Йӕ цӕсгом ӕй кӕй хордта, уый йын пайда ӕрхаста – ахӕм ми никуыуал бакодта.

6. Алы адӕймаг дӕр ӕфсармӕй хайджын кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

6 Цымӕ ӕфсармӕй ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сты хайджын? Ӕркӕсӕм-ма, апостол Павел цы загъта, уымӕ: «Закъон кӕмӕн нӕй, уыцы адӕмтӕ сӕхи ӕгъдауӕй, закъон куыд дзуры, афтӕ куы фӕкӕнынц, уӕд уыдон, кӕд сын закъон нӕй, уӕддӕр сӕхӕдӕг сӕхицӕн сты закъон. Уымӕй уыдон ӕвдисынц, закъоны хъуыды сӕ зӕрдӕты фыст кӕй ис, ӕмӕ семӕ иумӕ ууыл дзурӕг у се ’фсарм дӕр, ӕмӕ куы фӕхъуыды кӕнынц, уӕд сӕм сӕ зӕрдӕ фӕдзуры, зӕгъгӕ, раст нӕ бакодтай, кӕнӕ та – раст бакодтай» (Ромӕгтӕм 2:14, 15). Йегъовӕйы закъӕттӕ чи нӕ зоны, суанг ма уыцы адӕм дӕр хатт бакӕнынц, Хуыцауы цӕсты раст куыд у, афтӕ, уымӕн ӕмӕ сын се ’фсарм афтӕ фӕамоны.

7. Иуӕй-иу хатт адӕймаджы йе ’фсарм цӕмӕн фӕрӕдийын кӕны?

7 Фӕлӕ иуӕй-иу хатт адӕймаг, йе ’фсарм ын куыд фӕдзуры, афтӕ куы бакӕны, уӕд рӕдийгӕ дӕр фӕкӕны. Афтӕ цӕмӕн рауайы? Зӕгъӕм, компасӕн йӕ разы ӕфсӕйнаг куы сӕвӕрай, уӕд цӕгатмӕ нал амондзӕн. Стӕй дӕм картӕ куы нӕ уа, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ дӕ компас дӕр ницы пайда у. Афтӕ у не ’фсармы хабар дӕр. Нӕ мӕнгард зӕрдӕмӕ куы хъусӕм, уӕд нын, чи зоны, не ’фсарм раст фӕндаг мауал амона. Стӕй Хуыцауы Ныхасы разамындмӕ куы нӕ хъусӕм, уӕд ахсджиаг уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ хорз ӕвзӕрӕй нал хицӕн кӕндзыстӕм. Уӕдӕ нын цӕмӕй не ’фсарм ӕххуыс кӕна, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы разамынд. Павел ныффыста: «Мемӕ иумӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы ӕвдисӕн лӕууы ме ’фсарм дӕр» (Ромӕгтӕм 9:1). Фӕлӕ цы хъӕуы, цӕмӕй нын не ’фсарм Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайынӕн ӕххуыс кӕна? Уый тыххӕй хъуамӕ не ’фсарм ахуыр кӕнӕм.

НӔ БОН КУЫД У НЕ ’ФСАРМ АХУЫР КӔНЫН?

8. а) Зӕрдӕ цы дзуры, уый адӕймаджы ӕфсармыл куыд фӕзыны ӕмӕ уынаффӕ хӕсгӕйӕ фыццаджыдӕр цӕуыл фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын? б) Чырыстонӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл мацӕмӕй худа, уый алы хатт фаг цӕуылнӕ вӕййы? (Кӕс фиппаинаг.)

8 Иуӕй-иутӕ исты уынаффӕ куы фӕхӕссынц, уӕд фӕхъусынц, сӕ зӕрдӕ сын цы фӕдзуры, ӕрмӕстдӕр уымӕ. Стӕй фӕзӕгъынц: «Мӕ зӕрдӕ мӕхиуыл ницӕмӕй худы». Адӕймаджы зӕрдӕйы фӕндтӕ афтӕ тыхджын вӕййынц, ӕмӕ йын хатт йе ’фсармыл дӕр фӕтых вӕййынц. Библийы фыст ис: «Зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр ӕмӕ фыдбылыздӕр ницы ис. Чи йын цы базондзӕн?» (Йереми 17:9). Уӕдӕ фыццаджыдӕр, нӕ зӕрдӕйы цы фӕнды, ууыл хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, фӕлӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы фӕцӕудзӕн, ууыл *.

9. Хуыцауӕй тӕрсын цы нысан кӕны ӕмӕ уый не ’фсармыл куыд фӕзындзӕн?

9 Не ’фсарм Библимӕ гӕсгӕ куы ахуыр кӕнӕм, уӕд, цы уынаффӕтӕ фӕхӕссӕм, уыдонӕй бӕрӕг уыдзӕн, нӕ зӕрдӕйы фӕдыл кӕй нӕ цӕуӕм, фӕлӕ Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм. Зӕгъӕм, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Неемийӕн бар уыди, цӕмӕй Иерусалимы цӕрӕг адӕмӕй хъалон истаид. Фӕлӕ уый афтӕ нӕ кодта. Цӕуылнӕ? Йегъовӕйы адӕмы бафхӕра ӕмӕ уымӕй йӕ зӕрдӕхудты бацӕуа, уыцы хъуыды йӕхимӕ ӕмгӕрон дӕр нӕ уагъта. Нееми загъта: «Ӕз афтӕ нӕ кодтон, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй тарстӕн» (Нееми 5:15). Ӕцӕгдӕр, Хуыцауӕй, ома йӕ зӕрдӕхудты бацӕуынӕй, тӕрсӕм, уый ӕнӕмӕнг у. Хуыцауӕй куы тӕрсӕм, уӕд уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ разамынд агурдзыстӕм йӕ Ныхасы.

10, 11. а) Библийы нозты фӕдыл цавӕр уагӕвӕрдтӕ ис? б) Нӕ бон куыд у Хуыцауы разамынд ссарын, цӕмӕй, уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куыд архайын хъӕуы, уый ӕмбарӕм?

10 Ӕркӕсӕм нозты хабармӕ. Зӕгъӕм, бадты куы вӕййӕм, уӕд махӕй бирӕты фӕхъӕуы аскъуыддзаг кӕнын, исты дзы бануаздзыстӕм ӕви нӕ. Фыццаджыдӕр нӕ фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, Библи уый фӕдыл цы зӕгъы, ууыл. Афтӕ дзы нӕй фыст, ӕмӕ нуазӕн нӕй, фӕлӕ адӕймаг хъуамӕ нозтӕй бӕрц зона. Библи сӕн хоны Йегъовӕйы лӕвар (Псалом 104:14, 15). Фӕлӕ, адӕймаг фыднозт кӕна ӕмӕ ӕнӕуаг цӕл-минас кӕна, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы (Лукайы 21:34; Ромӕгтӕм 13:13). Уымӕй уӕлдай, фыднозт кӕнын нымад у уӕззау тӕригъӕдыл, зӕгъӕм, хӕтындзинад куыд у, афтӕ (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10).

11 Ахӕм уагӕвӕрдты фӕрцы адӕймаг йе ’фсарм фӕахуыр кӕны ӕмӕ афтӕмӕй, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый хуыздӕр фембары. Уӕдӕ, бануаздзыстӕм ӕви нӕ, уый фӕдыл нӕ уынаффӕ рахӕссын куы хъӕуа, уӕд-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм ахӕм фарстатыл: «Бадт цӕй номыл у? Фӕстагмӕ дзы ӕнӕуаг цӕл-минас нӕ рауайдзӕн? Мӕхи тыххӕй та цы зӕгъдзынӕн? Мӕ зӕрдӕ нозт фӕагуры? Мыййаг, ӕнӕ нозтӕй нӕ фӕразын? Уый тыххӕй бануазын, цӕмӕй мӕ мӕ зындзинӕдтӕ айрох уой? Куы фӕнуазын, уӕд мын нӕ фегӕр вӕййы? *» Уӕдӕ Библийы уагӕвӕрдтыл ӕмӕ нӕм уыдоны фӕдыл чи фӕзыны, уыцы фарстатыл хъуыды кӕнгӕйӕ хъуамӕ Йегъовӕйӕ разамынд курӕм. (Бакӕс Псалом 139:23, 24.) Уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы разамынд дӕтта. Уымӕй уӕлдай ма мах архайӕм, цӕмӕй не ’фсарм йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ахуыр кӕнӕм. Фӕлӕ ма уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ фӕхъӕуы ноджыдӕр иу цӕуылдӕр ахъуыды кӕнын.

ИННӔТЫ ’ФСАРМЫЛ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ХЪУЫДЫ КӔНӔМ?

Де ’фсарм Библимӕ гӕсгӕ ахуыр куы уа, уӕд дын баххуыс кӕндзӕн, бануазай ӕви нӕ, уый фӕдыл раст уынаффӕ рахӕссынӕн

12, 13. Чырыстӕттӕ, се ’фсарм сын бар цӕмӕн дӕтты ӕмӕ цӕмӕн нӕ дӕтты, уымӕй кӕрӕдзийӕ цӕмӕн хицӕн кӕнынц ӕмӕ уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

12 Чи зоны дӕм диссаг фӕкӕса, чырыстӕттӕ кӕрӕдзийӕ куыд тынг хицӕн кӕнынц, се ’фсарм сын бар цӕмӕн дӕтты ӕмӕ цӕмӕн нӕ дӕтты, уымӕй. Иу адӕймагмӕ раст цы нӕ кӕсы, уый иннӕмӕн та, чи зоны, йӕ зӕрдӕмӕ цӕуа ӕмӕ йӕм ӕвзӕр ма кӕса. Зӕгъӕм, чидӕр йе ’мбӕлттимӕ йӕ рӕстӕг куы фервиты, уӕд иу гыццыл ануазы, иннӕмӕ та уый раст нӕ кӕсы. Цымӕ уыцы иу фарстайы фӕдыл адӕм алыхуызон хъуыдытыл хӕст цӕмӕн вӕййынц? Ӕмӕ-иу уый нӕ уынаффӕтыл куыд хъуамӕ фӕзына?

13 Адӕм кӕрӕдзийӕ кӕй хицӕн кӕнынц, уымӕн бирӕ аххосӕгтӕ ис. Се ’ппӕтӕн сӕ цард иухуызон нӕ уыд. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕн тынг зын уыд цавӕрдӕр ӕвзӕр хъуыддаг ныууадзын (1 Паддзӕхты 8:38, 39). Ӕмӕ раздӕр нозтмӕ ӕмхиц чи уыд, уыдоны ныр хъӕуы сӕ алы къахдзӕфыл дӕр хъуыды кӕнын. Ахӕм адӕймаг дӕм уазӕгуаты куы ’рбацӕуа, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ нуазын ма бакома. Ӕмӕ йӕм уӕд фӕхӕрам уыдзынӕ? Тыххӕй йын нуазын кӕндзынӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Цӕуылнӕ нуазы, уый дын куы нӕ зӕгъа, уӕддӕр ын йӕ хъуыдыйӕн аргъ кӕндзынӕ, кӕй йӕ уарзыс, уый тыххӕй.

14, 15. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ цавӕр хъуыддаджы фӕдыл уыдысты алыхуызон хъуыдытыл хӕст ӕмӕ сын Павел цавӕр уынаффӕ радта?

14 Апостол Павел дӕр зыдта, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ, се ’фсарм сын бар цӕмӕн лӕвӕрдта, уыцы хъуыддаджы кӕрӕдзийӕ кӕй хицӕн кодтой. Чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕм сӕвзӕрд фарста, мӕнгхуыцӕуттӕн кувинагӕн хаст хӕринӕгтӕй хӕрӕн ис ӕви нӕ (1 Коринфӕгтӕм 10:25). Павелӕн йе ’фсарм уый бар лӕвӕрдта, цӕмӕй хордтаид, мӕнгхуыцӕуттӕн-иу нывондӕн кӕй ӕрхастой ӕмӕ-иу стӕй базары кӕй уӕй кодтой, уыцы хӕринӕгтӕй. Уый зыдта, мӕнгхуыцӕуттӕ кӕй ницы сты ӕмӕ хӕринаг уыдон кӕй нӕ дӕттынц, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр Йегъовӕ сфӕлдыста ӕмӕ алцыдӕр уый дӕтты. Фӕлӕ Павел ӕмбӕрста, иннӕтӕ ацы хъуыддагмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕй кӕсынц. Иуӕй-иутӕ, цалынмӕ чырыстӕттӕ нӕ систы, уӕдмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн куывтой. Ӕмӕ сын ныр, мӕнгхуыцӕуттимӕ цыдӕриддӕр баст уыд, уый ӕлгъаг уыди. Цымӕ Павел уыцы фарста куыд аскъуыддзаг кодта?

15 Павел загъта: «Мах, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уыдон, хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, фидар чи нӕу, уыдонӕн сӕ лӕмӕгъдзинӕдты ӕмӕ, нӕхицӕн куыд ӕнцондӕр у, ууыл ма хъуыды кӕнӕм. Чырысти дӕр, йӕхицӕн куыд ӕнцондӕр уыдаид, ууыл нӕ хъуыды кодта» (Ромӕгтӕм 15:1, 3). Павел бамбарын кодта, мах дӕр Чырыстийау нӕхицӕй раздӕр не ’фсымӕртыл кӕй хъуамӕ хъуыды кӕнӕм. Ӕндӕр хатт та уыцы фарстайыл куы ныхас кодта, уӕд загъта, Чырысти йӕ цард кӕй тыххӕй радта, уыдонӕй иуы дӕр фӕрӕдийын кӕныны бӕсты фӕлтау дзидза кӕй никуыуал бахӕрдзӕн. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 8:13; 10:23, 24, 31–33.)

16. Йе ’фсарм цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ кӕныны бар кӕмӕн нӕ дӕтты, уыдон иннӕтӕн тӕрхон кӕной, уый раст цӕуылнӕ уыдзӕн?

16 Иннӕмӕй та, йе ’фсарм цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ кӕныны бар кӕмӕн нӕ дӕтты, уыдон иннӕтӕм хъуамӕ мӕсты ма кӕной ӕмӕ ма домой, цӕмӕй, алчидӕр йӕхӕдӕг кӕй скъуыддзаг кӕны, уыцы фарстатӕм иууылдӕр сӕ цӕстӕй кӕсой. (Бакӕс Ромӕгтӕм 14:10.) Не ’фсарм хъуамӕ нӕхицӕн уа тӕрхонгӕнӕг, иннӕтӕн нӕ, фӕлӕ. Йесо дӕр дзӕгъӕлы нӕ загъта: «Макӕмӕн тӕрхон кӕнут, ӕмӕ сымахӕн дӕр ничи тӕрхон кӕндзӕн» (Матфейы 7:1, фиппаинаг). Нӕ иуы дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕмбырды иннӕтимӕ быцӕу кӕна, алчидӕр йе ’фсарммӕ гӕсгӕ йӕхӕдӕг кӕй скъуыддзаг кӕны, уыцы фарстаты фӕдыл. Мах архайӕм, цӕмӕй ӕмбырды ноджы фылдӕр уарзондзинад ӕмӕ иудзинад уа, ӕмӕ уый тыххӕй та кӕрӕдзийы ныфс нӕ сӕттӕм, фӕлӕ кӕрӕдзи фидар кӕнӕм (Ромӕгтӕм 14:19).

СЫГЪДӔГ ЦӔСГОМ СТЫР АРФӔДЗИНАД У

Сыгъдӕг ӕфсарм нын царды раст фӕндаг амондзӕн ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ цин ӕмӕ фарнӕй дзаг кӕндзӕн

17. Бирӕтӕн се ’фсармы тыххӕй цы зӕгъӕн ис?

17 Апостол Петр ныффыста: «Уӕ цӕсгом сыгъдӕг уӕд» (1 Петры 3:16). Йегъовӕйы раз нӕ цӕсгом сыгъдӕг уа, уый стыр арфӕдзинад у. Фӕлӕ ацы дунейы адӕмӕй бирӕтӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцауы раз сӕ цӕсгом сыгъдӕг у. Павел дзырдта, кӕмӕндӕрты «сӕ цӕсгом [кӕй] у, буар тӕвд ӕфсӕйнагӕй куы басудзынц, уӕд куыд ницыуал фембары, афтӕ» (1 Тимофеймӕ 4:2). Буар тӕвд ӕфсӕйнагӕй кӕм басудзы, уым баззайы нос, ӕмӕ буар уыцы ран ӕппындӕр ницыуал фембары. Афтӕ бирӕтӕн дӕр се ’фсарм ахӕм носау ницыуал фембары – ӕвзӕр цы у, уымӕй сӕ нал фӕфӕдзӕхсы, сӕ цӕсгом бахӕрынц ӕмӕ сӕм худинаг дӕр ницыуал фӕкӕсы. Бирӕтӕ ма цин дӕр фӕкӕнынц, ӕвзӕрӕй исты куы саразынц ӕмӕ сӕ уый тыххӕй сӕ цӕсгом куы нӕ фӕхӕры, уӕд.

18, 19. а) Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл худа, уый цы пайда хӕссы? б) Раджы кӕуыл ӕрфӕсмон кодтам, уыцы тӕригъӕдты тыххӕй нӕхи куы хӕрӕм, уӕд цы хъуамӕ аразӕм?

18 Истӕй тыххӕй нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл куы фӕхуды, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ нын не ’фсарм фӕдзуры, раст нӕ бакодтай, зӕгъгӕ. Тӕригъӕд чи ракодта, уымӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл куы ’рхуда ӕмӕ куы ’рфӕсмон кӕна, уӕд ын цыфӕнды стыр тӕригъӕд дӕр хатыргонд ӕрцӕудзӕн. Зӕгъӕм, паддзах Давид стыр тӕригъӕд ракодта, фӕлӕ йын ӕй Хуыцау ныххатыр кодта, уымӕн ӕмӕ зӕрдӕбынӕй ӕрфӕсмон кодта. Цы ӕвзӕр хъуыддаг бакодта, уый куы бамбӕрста ӕмӕ йӕхицӕн фидарӕй куы загъта, Йегъовӕйы закъӕтты сӕрты кӕй никуыуал ахиздзӕн, уӕд йӕхиуыл бавзӕрста, Йегъовӕ тынг хӕларзӕрдӕ кӕй у ӕмӕ цӕттӕ кӕй у хатыр кӕнынмӕ (Псалом 51:1–19; 86:5). Ӕмӕ, зӕгъӕм, нӕ тӕригъӕдыл ӕрфӕсмон кодтам ӕмӕ нын хатыргонд ӕрцыд, фӕлӕ уӕддӕр нӕхи хӕрӕм, уӕд та?

19 Хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ, тӕригъӕд чи ракӕны, уый йӕхи ӕгӕр фефхӕры ӕмӕ йӕхи бирӕ рӕстӕг фӕхӕры, кӕд уый ницыуал пайда вӕййы, уӕддӕр. Ахӕм уавӕрты-иу хъуамӕ «нӕ зӕрдӕтӕ ӕууӕндын кӕнӕм... Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕй стырдӕр [кӕй] у». Ӕцӕгдӕр, кӕд адӕмӕн фӕдзурӕм, зӕгъгӕ нӕ Хуыцау уарзы ӕмӕ нын хатыр кӕны, уӕд уый нӕхи хъуамӕ ма уырна? (Бакӕс 1 Иоанны 3:19, 20.) Стӕй, нӕ цӕсгом сыгъдӕг куы уа, уӕд нӕ зӕрдӕты уыдзӕн фарн ӕмӕ уыдзыстӕм амондджын. Кӕддӕр уӕззау тӕригъӕд чи ракодта, уыдонӕй бирӕтӕ абон ссардтой удӕнцой ӕмӕ ныр сӕ бон у Йегъовӕ Хуыцауӕн сыгъдӕг цӕсгомимӕ лӕггад кӕнын (1 Коринфӕгтӕм 6:11).

20, 21. а) Ацы чиныгӕн йӕ нысан цы у? б) Хуыцау нын цавӕр сӕрибардзинад дӕтты ӕмӕ дзы куыд хъуамӕ пайда кӕнӕм?

20 Ацы чиныг дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ фӕстаг бонты цӕргӕйӕ, дӕ цӕсгом Хуыцауы раз сыгъдӕг уа ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы фарн уа. Алы бон дӕр ахӕм уавӕрты бахауӕм, ӕмӕ нӕ фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, Библийӕ нӕ бон цавӕр закъонӕй кӕнӕ уагӕвӕрдӕй у спайда кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы чиныджы се ’ппӕты кой нӕй. Стӕй дзы, не ’фсармимӕ баст чи у, уыцы фарстатӕй алкӕцыйӕн дӕр комкоммӕ дзуапп не ссардзынӕ. Ацы чиныгӕн йӕ нысан у, цӕмӕй сахуыр уай Хуыцауы закъӕттӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ цӕмӕй афтӕмӕй де ’фсарм сахуыр кӕнай, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын. Моисейы закъонӕй уӕлдай нын «Чырыстийы закъон» амоны, цӕмӕй сӕйраджыдӕр архайӕм фыст закъӕттӕм гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ нын не ’фсарм цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ (Галатӕгтӕм 6:2). Афтӕмӕй Йегъовӕ йӕ адӕмӕн дӕтты стыр сӕрибардзинад. Фӕлӕ нӕ йӕ Ныхас фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕ сӕрибардзинад «ӕвзӕр митӕ ӕмбӕхсынӕн» ма уа (1 Петры 2:16). Ахӕм сӕрибардзинады фӕрцы нын ис диссаджы фадат, Йегъовӕйы куыд тынг уарзӕм, уый равдисынӕн.

21 Йегъовӕйы тыххӕй фыццаг хатт цыдӕртӕ куы базыдтай, уӕд райдыдтай иу ахсджиаг хъуыддаг аразын – райдыдтай дӕ зондӕй архайын ӕмӕ афтӕмӕй дӕ «зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын» ахуыр кӕнын (Дзуттӕгтӕм 5:14). Ӕмӕ цӕмӕй уый дарддӕр дӕр аразай, уый тыххӕй Хуыцаумӕ кув, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ растдӕр куыд уыдзӕн бакӕнын, уый бамбарынӕн ӕмӕ, цы уынаффӕтӕ рахӕссай, уыдонмӕ гӕсгӕ архайынӕн. Де ’фсарм Библимӕ гӕсгӕ куы сахуыр кӕнай, уӕд дын уый царды стыр пайда хӕсдзӕн. Компас бӕлццонӕн фӕндаг куыд фӕамоны, афтӕ дын де ’фсарм ӕххуыс кӕндзӕн, дӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ кӕмӕй рухс кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссынӕн. Афтӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай нӕ фӕкӕндзынӕ.

^ 5 абз. Кӕд Дзуттаг Фыстыты дзырд «ӕфсарм» иу хатт дӕр не ’мбӕлы, уӕддӕр Иовы хабарӕй ӕмӕ ӕндӕр ахӕм цӕвиттонтӕй бӕрӕг у, дзырд ӕфсармыл кӕй цӕуы. Дзырд «зӕрдӕ» арӕх фӕамоны адӕймагӕн йӕ удыхъӕдмӕ. Фӕлӕ Иовы ныхӕстӕй куыд зыны, афтӕмӕй ацы дзырд фӕамоны ӕфсарммӕ дӕр. Чырыстон Грекъаг Фыстыты, ӕфсарммӕ, кӕнӕ цӕсгоммӕ, чи амоны, уыцы грекъаг дзырд ӕмбӕлы иу-30 хатты.

^ 8 абз. Библийӕ бӕрӕг у, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл мацӕмӕй худа, уый алы хатт фаг кӕй нӕ вӕййы. Зӕгъӕм, Павел загъта: «Мӕнӕн мӕ цӕсгом сыгъдӕг у. Фӕлӕ уӕддӕр уымӕй рӕстгӕнӕг нӕ фестадтӕн – Йегъовӕ мын у тӕрхонгӕнӕг» (1 Коринфӕгтӕм 4:4). Йӕ рӕстӕджы Павел чырыстӕтты куы ӕфхӕрдта, уӕд йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ницӕмӕй худт. Ӕмӕ абон чырыстӕтты чи ’фхӕры, уыдонмӕ дӕр, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ, цы аразынц, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуы. Уӕдӕ ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ цӕсгом сыгъдӕг уа нӕхи раз дӕр ӕмӕ Хуыцауы раз дӕр (Хъуыддӕгтӕ 23:1; 2 Тимофеймӕ 1:3).

^ 11 абз. Бирӕ дохтырты хъуыдымӕ гӕсгӕ, алкоголиктӕн бӕрцӕй нуазын дӕр не ’мбӕлы. Уыдонӕн нозтӕй бӕрц зонын нысан кӕны, ӕппындӕр кӕй хъуамӕ ма нуазой.