Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 СӔР

Хуыцау кӕй уарзы, уыдоны уарз

Хуыцау кӕй уарзы, уыдоны уарз

«Зондджынтимӕ чи цӕуы, уый суыдзӕн зондджын» (ӔМБИСӔНДТӔ 13:20).

1–3. а) Библийы ӕмбӕлтты тыххӕй цы фыст ис? б) Нӕ бон куыд у, хорзырдӕм ныл чи фӕзындзӕн, ахӕм ӕмбӕлттӕ ссарын?

АДӔЙМАГ губкӕйӕ уӕлдай нӕу – йӕ алыварс цы уыны ӕмӕ цы хъусы, уый дзы ахъары. Арӕхдӕр кӕимӕ вӕййӕм, нӕ рӕстӕг кӕимӕ фервитӕм, уыдонӕн сӕ зондахаст, сӕ уаг ӕмӕ се ’гъдау, стӕй сӕ миниуджытӕ фӕзмын куыд райдайӕм, уый хатт ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕнӕм.

2 Уӕдӕ Библи дӕр дзӕгъӕлы нӕ зӕгъы: «Зондджынтимӕ чи цӕуы, уый суыдзӕн зондджын, ӕнӕзӕндтимӕ чи лымӕн кӕны, уый та фыдбылызы бахаудзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 13:20). Ацы ӕмбисонды дзырд, искуы иу хатт кӕимӕ фембӕлӕм, уыцы адӕмыл нӕ цӕуы. Ам ныхас «цӕуын» амоны, адӕймаг ӕдзух кӕимӕ вӕййы, уыдонимӕ лымӕн кӕнынмӕ. Уый ма ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы адӕмы уарзы. Искӕй куы фӕуарзӕм, уӕд та нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй уый хуызӕн уӕм. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у: зынаргъ нын чи у, уыцы адӕймаджы зондахаст ныл тынг фӕзыны йе хорзырдӕм, йе та ӕвзӕрырдӕм.

3 Цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй нӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ агурӕм, хорзырдӕм ныл чи фӕзындзӕн, ахӕм ӕмбӕлттӕ. Куыд сӕ ис ссарӕн? Хуыцау кӕй уарзы, уыдоны куы уарзӕм, уӕд, йе ’мбӕлттӕ чи сты, уыдон суыдзысты не ’мбӕлттӕ дӕр. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ кӕмӕ ис, уыдонӕй хуыздӕр ӕмбӕлттӕ нын чи хъуамӕ уа! Цӕй уӕдӕ базонӕм, Хуыцау цавӕр адӕмы уарзы, уый. Уый хорз куы ’мбарӕм, уӕд нын бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн хорз ӕмбӕлттӕ ссарын.

ХУЫЦАУ КӔЙ УАРЗЫ?

4. а) Йегъовӕйӕн уый бар цӕмӕн ис, ӕмӕ йӕхицӕн хӕлӕрттӕ лӕмбынӕг ӕвзара? б) Йегъовӕ Авраамы йӕ хӕлар цӕмӕн схуыдта?

4 Йегъовӕ йӕхицӕн хӕлӕрттӕ лӕмбынӕг ӕвзары. Ӕмӕ йын уымӕн бар дӕр ис. Йегъовӕ у Дунедарӕг Стыр Хуыцау, ӕмӕ йӕ хӕлар уай, уый стыр кад у. Уӕдӕ Йегъовӕ йӕхицӕн цавӕр хӕлӕрттӕ ӕвзары? Йӕ ныфс ыл чи дары ӕмӕ йыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи ӕууӕнды, ахӕмты. Ӕркӕсӕм Авраамы хабармӕ. Авраам уыди диссаджы уырнындзинады хицау. Иухатт ын Хуыцау загъта, дӕ фырты нывондӕн ӕрхӕсс, зӕгъгӕ. Фыдӕн уымӕй стырдӕр фӕлварӕн цы хъуамӕ уа *. Фӕлӕ уӕддӕр Авраам, «зӕгъӕн ис, ӕмӕ Исахъы нывондӕн ӕрхаста». Уый фидарӕй уырныдта, ӕмӕ йӕ «Хуыцау мӕрдтӕй дӕр райгас кӕндзӕн» (Дзуттӕгтӕм 11:17–19). Ахӕм уырнындзинад ӕмӕ коммӕгӕсдзинады тыххӕй йӕ Йегъовӕ схуыдта йӕ хӕлар ӕмӕ уымӕй равдыста, куыд тынг ӕй уарзта, уый (Исай 41:8; Иаковы 2:21–23).

5. Йегъовӕ цы зӕрдӕ дары, иузӕрдион ыл чи у ӕмӕ йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдонмӕ?

5 Йегъовӕ тынг аргъ кӕны иузӕрдиондзинадӕн ӕмӕ коммӕгӕсдзинадӕн. Ӕмӕ йыл цыфӕнды уавӕрты дӕр иузӕрдион чи вӕййы, уыдоны тынг уарзы. (Бакӕс 2 Самуилы 22:26.) Ацы чиныджы 1-аг сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн адджын сты, чи йӕ уарзы ӕмӕ йӕ коммӕ уый тыххӕй чи кӕсы, уыцы адӕм. Ӕмбисӕндты 3:32 стихы фыст ис: «Рӕстзӕрдӕ чи у, уыдон... сты йе ’ввахс хӕлӕрттӕ». Йӕ закъӕттӕ йын чи ӕххӕст кӕны, уыдоны Йегъовӕ «суазӕг кӕны йӕ цатыры», ома сӕ бон у, цӕмӕй йын лӕггад кӕной ӕмӕ йӕм кӕдфӕнды дӕр кувой (Псалом 15:1–5).

6. а) Йесойы кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? б) Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, йӕ Фырты йын чи уарзы, уыдонмӕ?

6 Йегъовӕ уарзы, йӕ иунӕг Фырты йын чи уарзы, уыдоны. Йесо Чырысти загъта: «Чи мӕ уарзы, уый мын мӕ ныхӕстӕ ӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ мӕ Фыд уарздзӕн, ӕмӕ йӕм мах ӕрцӕудзыстӕм ӕмӕ йемӕ ӕрцӕрдзыстӕм» (Иоанны 14:23). Йесойы кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Йӕ фӕдзӕхстытӕ йын куы ӕххӕст кӕнӕм, уымӕй. Уымӕ хауы хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын дӕр (Матфейы 28:19, 20; Иоанны 14:15, 21). Нӕ уарзондзинад ма бӕрӕг уыдзӕн, «йӕ къахвӕдтыл» куы цӕуӕм, уымӕй дӕр. Ома, кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр хъуамӕ, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй йӕ ныхасӕй ӕмӕ хъуыддагӕй фӕзмӕм (1 Петры 2:21). Йегъовӕ куы фӕуыны, йӕ Фырты йын чи уарзы, уыдон йӕ къахвӕдтыл цӕуыныл ӕппӕт хъарутӕй кӕй архайынц, уӕд ын уый тынг ӕхсызгон вӕййы.

7. Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ нӕ хӕлӕрттӕ дӕр цӕмӕн хъуамӕ уой?

7 Уӕдӕ базыдтам, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕм уа фидар уырнындзинад, уой иузӕрдион ӕмӕ коммӕгӕс, стӕй Йесойы ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ уарзой. Алчидӕр нӕ хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Цымӕ ахӕм миниуджытӕ ме ’мбӕлттӕм ис ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнынц? Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ мӕ хӕлӕрттӕ дӕр систы?» Кӕд афтӕ у, уӕд уый тынг хорз у. Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ йӕ удыхъӕды чи фидар кӕны ӕмӕ хорз хабар зӕрдиагӕй чи хъусын кӕны, уыцы адӕм ныл хорзырдӕм фӕзындзысты – уыдонмӕ кӕсгӕйӕ нӕ дарддӕр дӕр фӕнддзӕн нӕ цардӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын. (Кӕс рамкӕ « Хорз ӕмбал схонӕн кӕй ис?».)

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ХАБӔРТТӔЙ ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНӔМ

8. Радзур, ацы адӕм кӕрӕдзийӕн цавӕр ӕмбӕлттӕ уыдысты, уымӕй дӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы: а) Ноемин ӕмӕ Руф; б) ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы; в) Павел ӕмӕ Тимофей.

8 Библийы фыст ис, йӕхицӕн хорз ӕмбӕлттӕ чи равзӕрста ӕмӕ уый хорзырдӕм кӕуыл фӕзынд, бирӕ ахӕм адӕмы тыххӕй. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыдысты Ноемин ӕмӕ йӕ чындз Руф, Вавилонмӕ кӕй акодтой, уыцы ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы, стӕй Павел ӕмӕ Тимофей (Руф 1:16; Данел 3:17, 18; 1 Коринфӕгтӕм 4:17; Филиппӕгтӕм 2:20–22). Фӕлӕ ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм, Давид ӕмӕ Ионафан кӕрӕдзийыл куыд ӕнувыд уыдысты, ууыл.

9, 10. Давид ӕмӕ Ионафан кӕрӕдзийыл афтӕ ӕнувыд цӕмӕн уыдысты?

9 Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Давид Голиафы куы амардта, уӕд «Ионафаны зӕрдӕйӕн афтӕ адджын сси, ӕмӕ йӕ йӕхи удау бауарзта» (1 Самуилы 18:1). Ионафан ӕмӕ Давид тынг балымӕн сты, кӕд дзы Ионафан бирӕ хистӕр уыди, уӕддӕр. Ӕмӕ цалынмӕ Ионафан хӕсты нӕ фӕмард, уӕдмӕ кӕрӕдзийыл тынг ӕнувыд уыдысты (2 Самуилы 1:26) *. Цымӕ ацы дыууӕ ӕмбалы кӕрӕдзийыл афтӕ тынг цы баста?

10 Давид ӕмӕ Ионафан кӕрӕдзийыл афтӕ ӕнувыд уымӕн уыдысты, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы уарзтой ӕмӕ сӕ тынг фӕндыд, цӕмӕй йыл алкӕддӕр иузӕрдион уыдаиккой. Царды сын ӕппӕты ахсджиагдӕр уыд Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын. Алкӕмӕ дӕр сӕ уыди, иннӕйы зӕрдӕмӕ чи цыди, ахӕм миниуджытӕ. Ионафаны дисы куыннӕ бафтыдтаид уыцы ӕрыгон лӕппуйы хъӕбатырдзинад ӕмӕ, Йегъовӕйы ном скадджын кӕныныл куыд зынгзӕрдӕйӕ архайдта, уый. Давид дӕр Ионафанӕн куыннӕ аргъ кодтаид, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй уыд ӕмӕ йе ’мбалыл йӕхицӕй тынгдӕр кӕй тыхст, уый тыххӕй. Ӕркӕсӕм-ма, Давид уӕззау уавӕры куы уыд, уӕд Ионафан куыд бакодта, уымӕ. Ионафаны фыд, паддзах Саул, Давиды марынмӕ хъавыд, ӕмӕ Давид ӕдзӕрӕг быдырмӕ алыгъд ӕмӕ уым цард. Ионафан Давидыл афтӕ иузӕрдион уыд, ӕмӕ йӕм ацыд, цӕмӕй йӕ «Хуыцауы ныфсӕй бафидар кодтаид» (1 Самуилы 23:16). Давид куыд цин кодтаид, йӕ зынаргъ ӕмбал ӕм куы ’рбацыд ӕмӕ йын йӕ ныфсыл ныфс куы бафтыдта, уӕд! *

11. Ионафан ӕмӕ Давиды хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

11 Ионафан ӕмӕ Давиды хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Фыццаджыдӕр ууыл, ӕмӕ ӕмбӕлтты хъуамӕ кӕрӕдзийыл бӕтта, сӕ цардӕй Хуыцауы зӕрдӕ кӕй рухс кӕнынц, уый. Мах хъуамӕ нӕхи бӕттӕм, цӕуыл ӕууӕндӕм, ууыл чи ’ууӕнды, уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ мах цӕстӕй чи кӕсы ӕмӕ, Хуыцауыл алкӕддӕр иузӕрдион уа, уый кӕй фӕнды, уыдоныл. Ахӕм ӕмбӕлттӕ нын куы уа, уӕд нӕ бон уыдзӕн кӕрӕдзийы фидар кӕнын ӕмӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауын: нӕ бон уыдзӕн нӕ кӕрӕдзийӕн нӕ хъуыдытӕ, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ ӕмӕ алыхуызон цымыдисаг хабӕрттӕ дзурын. (Бакӕс Ромӕгтӕм 1:11, 12.) Ахӕм хорз ӕмбӕлттӕ ссарӕн ис Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн. Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, ӕмбырдтӕм чи цӕуы, уыдон нын се ’ппӕт дӕр хорз ӕмбӕлттӕ уыдзысты? Нӕ, уый афтӕ нӕу.

КУЫД ИС ХОРЗ ӔМБӔЛТТӔ ССАРӔН?

12, 13. а) Суанг чырыстӕтты ’хсӕн дӕр ӕмбӕлттӕ лӕмбынӕг ӕвзарын цӕмӕн хъӕуы? б) Фыццаг ӕнусы ӕмбырдты цавӕр адӕм уыд ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Павел чырыстӕтты цӕмӕй фӕдзӕхста?

12 Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын не ’мбӕлттӕ Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн ӕххуыс кӕной, уӕд хъуамӕ суанг ӕмбырды дӕр нӕхицӕн ӕмбӕлттӕ лӕмбынӕг ӕвзарӕм. Мыййаг дӕм диссаг кӕсы, ӕмбырды дын алчи хорз ӕмбал кӕй нӕ уыдзӕн? Фӕлӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Бӕласӕн йӕ дыргътӕй иутӕ иннӕтӕй фӕстӕдӕр куыд срӕгъӕд вӕййынц, афтӕ ӕмбырды дӕр иуӕй-иуты фылдӕр рӕстӕг фӕхъӕуы, цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суой. Уӕдӕ алы ӕмбырды дӕр хабар афтӕ у: се ’ппӕт ӕмхуызон фӕлтӕрдджын нӕ вӕййынц (Дзуттӕгтӕм 5:12–6:3). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ногты кӕнӕ, йӕ уырнындзинад афтӕ фидар кӕмӕн нӕу, уыдоны дӕр уарзӕм ӕмӕ сӕ ӕгӕр бирӕ нӕ домӕм. Хъуамӕ сын ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна (Ромӕгтӕм 14:1; 15:1).

13 Хатт нӕ ӕмбырды цавӕрдӕр уавӕры тыххӕй уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы, кӕимӕ лымӕн кӕнӕм, ууыл ахъуыды кӕнын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ дзы чидӕртӕ, гӕнӕн ис, чырыстӕттӕн куыд не ’мбӕлы, сӕхи афтӕ дарой, иннӕтӕ та кӕмӕдӕр сӕ зӕрдӕйы маст хӕссын райдайой кӕнӕ та ӕдзух хъуыр-хъуыр кӕной. Фыццаг ӕнусы ӕмбырдты дӕр уыди ахӕм адӕм. Кӕд чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр иузӕрдион уыдысты, уӕддӕр дзы иуӕй-иутӕ сӕхи раст нӕ дардтой. Коринфы ӕмбырды чидӕртӕ чырыстон ахуырӕдтӕй кӕцыдӕртыл кӕй не ’ууӕндыдысты, уый тыххӕй апостол Павел уыцы ӕмбырд бафӕдзӕхста: «Ма рӕдийут. Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц» (1 Коринфӕгтӕм 15:12, 33). Павел Тимофейы фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, суанг чырыстӕттӕй дӕр чидӕртӕ сӕхи, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ дардзысты. Ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй ахӕмтӕй йӕхи хызтаид ӕмӕ семӕ ма лымӕн кодтаид. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 2:20–22.)

14. Павел чырыстӕтты цӕмӕй фӕдзӕхста, уымӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у?

14 Павел чырыстӕтты цӕмӕй фӕдзӕхста, уымӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у? Ӕвзӕрырдӕм ныл чи фӕзындзӕн, ахӕм адӕмимӕ хъуамӕ ма лымӕн кӕнӕм мадӕр ӕмбырды, мадӕр ӕндӕр искуы (2 Фессалоникӕгтӕм 3:6, 7, 14). Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый хъахъхъӕнын хъӕуы. Рох дӕ ма уӕд, адӕймаг губкӕйӕ уӕлдай кӕй нӕу – йе ’мбӕлтты зондахаст дзы ахъары ӕмӕ уыдоны хуызӕн свӕййы. Губкӕ чъизи доны куы нытътъыссай, уӕд сыгъдӕг дон не сцъирдзӕн. Уӕдӕ кӕд, ӕвзӕр зондыл нӕ чи аразы, уыдонимӕ лымӕн кӕнӕм, уӕд нӕ хорзӕй ницӕуыл сахуыр кӕндзысты (1 Коринфӕгтӕм 5:6).

Хорз ӕмбӕлттӕ ссарӕн ис нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ’хсӕн

15. Йегъовӕ йӕ царды фыццаг бынаты кӕмӕн ис, ахӕм ӕмбӕлттӕ ӕмбырды куыд ис ссарӕн?

15 Фӕлӕ уӕддӕр, хорз ӕмбӕлттӕ нын чи уыдзӕн, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ бирӕ ис (Псалом 133:1). Йегъовӕ йӕ царды фыццаг бынаты кӕмӕн ис, ахӕм ӕмбӕлттӕ ӕмбырды куыд ис ссарӕн? Дӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ куы фидар кӕнай ӕмӕ дӕ цард Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ куы аразай, уӕд сӕ агурын дӕр нӕ хъӕудзӕн – йӕ зондахаст дӕ зондахасты хуызӕн кӕмӕн у, уыдон дӕ сӕхӕдӕг ссардзысты. Фӕлӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕнцад ма бад. (Кӕс рамкӕ « Хорз ӕмбӕлттӕ куыд ссардтам».) Агур, дӕумӕ чи нӕй ӕмӕ дӕ дӕхи удыхъӕды дӕр фидар кӕнын кӕй фӕндид, уыцы миниуджытӕ кӕмӕ ис, ахӕм ӕмбӕлттӕ. Архай Библийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, «уӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх байгом кӕнут», зӕгъгӕ, ӕмӕ дӕхицӕн ӕмбӕлттӕ агур алы адӕмыхӕттытӕй дӕр (2 Коринфӕгтӕм 6:13; бакӕс 1 Петры 2:17). Стӕй ӕмбӕлттӕ ӕрмӕст де ’мгӕртты ’хсӕн ма агур. Ионафан дӕр Давидӕй бирӕ хистӕр уыди. Хистӕртӕ царды бирӕ цыдӕртӕ федтой, ӕмӕ сты фӕлтӕрдджын. Уымӕ гӕсгӕ сӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзынӕ.

КӔРӔДЗИ КУЫ НӔ БАМБАРӔМ, УӔД ЦЫ ИС САРАЗӔН?

16, 17. Чырыстӕттӕй нӕ исчи куы фӕхъыг кӕна, уӕд ӕмбырд ныууадзын раст цӕуылнӕ уыдзӕн?

16 Ӕмбырды адӕм алыхуызон кӕй сты ӕмӕ алыхуызон уавӕрты кӕй схъомыл сты, уымӕ гӕсгӕ хатт не ’хсӕн исты дӕр рауайы. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ не ’мчырыстӕттӕй исчи фӕхъыг кӕна (Ӕмбисӕндтӕ 12:18). Не ’хсӕн ма исты рауайы, кӕрӕдзи раст кӕй нӕ бамбарӕм кӕнӕ алцӕмӕ иухуызон цӕстӕй кӕй нӕ кӕсӕм, уый тыххӕй. Мыййаг нын ахӕм зындзинӕдтӕ цӕлхдур суыдзысты ӕмӕ ӕмбырд ныууадздзыстӕм? Кӕд Йегъовӕйы ӕмӕ, уый кӕй уарзы, уыдоны ӕцӕгдӕр уарзӕм, уӕд ууыл хъуыды дӕр нӕ акӕндзыстӕм.

17 Йегъовӕ не Сфӕлдисӕг кӕй у ӕмӕ цӕргӕ дӕр уый фӕрцы кӕй кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ уый аккаг у, цӕмӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ йыл алкӕддӕр иузӕрдион уӕм (Раргомад 4:11). Уымӕй уӕлдай, иугӕр ӕмбырдӕн бындур Йегъовӕ ӕрӕвӕрдта, уӕд хъуамӕ ӕмбырдыл дӕр иузӕрдион уӕм (Дзуттӕгтӕм 13:17). Уӕдӕ нӕ ӕмбырдӕй исчи куы фӕхъыг кӕна кӕнӕ искӕмӕй куы фӕфыдӕнхъӕл уӕм, уӕд афтӕ никуы бакӕндзыстӕм, цӕмӕй йӕ фыдӕнӕн ӕмбырд ныууадзӕм. Ӕмӕ йӕ уӕвгӕ куыд хъуамӕ ныууадзӕм?! Мах Йегъовӕ нӕ фӕхъыг кодта. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ адӕмы дӕр никуы ныууадздзыстӕм! (Бакӕс Псалом 119:165.)

18. а) Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад уа? б) Чи нӕ фӕхъыг кӕны, уымӕн куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййӕм?

18 Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ архайӕм, цӕмӕй ӕмбырды уа фарн ӕмӕ иудзинад. Йегъовӕ афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ, кӕй уарзы, уыдон хъуамӕ ӕххӕст уой. Уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ иннӕтӕм уымӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Кӕй сӕ уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ сын сӕ рӕдыдтытӕ лыстӕг сасирӕй не луарӕм, стӕй нӕ рох нӕу, не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм ӕмӕ арӕх кӕй рӕдийӕм (Ӕмбисӕндтӕ 17:9; 1 Петры 4:8). Уарзондзинад нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн алкӕддӕр «зӕрдӕйӕ хатыр кӕнӕм» (Колоссӕгтӕм 3:13). Фӕлӕ уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Адӕймаг нӕ кӕй фӕхъыг кодта, ууыл ӕдзух куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕм нӕ зӕрдӕйы маст хӕссын райдайдзыстӕм. Чи зоны, хъуыды кӕнӕм, уадз ӕмӕ йӕ рӕдыд бамбара, зӕгъгӕ. Ӕцӕгӕй та уымӕй нӕхицӕн хӕсдзыстӕм зиан. Чи нӕ фӕхъыг кодта, уымӕн куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд стыр арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййӕм (Лукайы 17:3, 4). Уый фӕрцы нӕ зӕрдӕты вӕййы фарн, ӕмбырды та – иудзинад. Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй бахъахъхъӕнӕм, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый (Матфейы 6:14, 15; Ромӕгтӕм 14:19).

СЕМӔ УЫН «ИУМӔЙАГӔЙ МАЦЫУАЛ УӔД»

19. Библийы афтӕ загъд кӕй тыххӕй ис, семӕ уын «иумӕйагӕй мацыуал уӕд», зӕгъгӕ?

19 Иуӕй-иу хатт нын ныхас кӕнын дӕр нал фембӕлы, раздӕр ӕмбырдӕй чи уыд, ахӕм адӕймагимӕ. Афтӕ вӕййы, адӕймаг Хуыцауы закъоны сӕрты куы ахизы, фӕлӕ куы не ’рфӕсмон кӕны ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ӕмбырдӕй куы ацух кӕнынц, науӕд мӕнг ахуырӕдтӕ парахат кӕнын куы райдайы кӕнӕ ӕмбырдыл йӕ къух куы сисы, уӕд. Хуыцауы Ныхас бӕлвырдӕй дзуры, цӕмӕй нын ахӕм адӕмимӕ «иумӕйагӕй мацыуал уа» *. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 5:11–13; 2 Иоанны 9–11.) Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уый не ’мбал кӕнӕ нӕ бинонтӕй исчи куы вӕййы, уӕд нын ацы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын тынг зын вӕййы. Ахӕм уавӕры, Хуыцау куыд зӕгъы, афтӕ кӕндзыстӕм? Кӕд о, уӕд уымӕй равдисдзыстӕм, иузӕрдион ыл кӕй стӕм ӕмӕ нын йӕ закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕй у. Дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕ иузӕрдиондзинадӕн ӕмӕ коммӕгӕсдзинадӕн тынг аргъ кӕны.

20, 21. а) Адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый Йегъовӕйы уарзондзинадыл дзурӕг цӕмӕн вӕййы? б) Ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ зондӕй цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

20 Йӕ тӕригъӕдыл чи не ’рфӕсмон кӕны, уыдоны ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый Йегъовӕйы уарзондзинадыл дзурӕг у. Ӕмӕ уый фӕрцы махӕн дӕр ис фадат, Йегъовӕйы сыгъдӕг ном ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ кӕй уарзӕм, уый равдисынӕн (1 Петры 1:15, 16). Стӕй афтӕмӕй ӕмбырд сыгъдӕгӕй баззайы. Уый фӕрцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ хызт вӕййынц, йӕ тӕригъӕдыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыцы адӕймаджы ӕвзӕр зондахастӕй. Ӕмӕ дарддӕр дӕр зӕрдӕрухсӕй Хуыцауӕн фӕлӕггад кӕнынц, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕзонынц, ацы фыддунейы ӕппӕты ӕдасдӕр бынат ӕмбырд кӕй у (1 Коринфӕгтӕм 5:7; Дзуттӕгтӕм 12:15, 16). Адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый ма дзурӕг вӕййы, Хуыцау ӕй кӕй уарзы, ууыл дӕр. Уый фӕрцы уыцы адӕймаг, чи зоны, йӕхимӕ ’рцӕуа ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн цы къахдзӕфтӕ хъӕуы скӕнын, уыдон скӕна (Дзуттӕгтӕм 12:11).

21 Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй, кӕимӕ лымӕн кӕнӕм, уыдон ныл тынг ӕндавынц. Уымӕ гӕсгӕ, ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ хъуамӕ зондӕй архайӕм. Йегъовӕ кӕй уарзы, уыдоны куы уарзӕм ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ мах хӕлӕрттӕ дӕр куы суой, уӕд махӕй хуыздӕр ӕмбӕлттӕ никӕмӕн уыдзӕн. Ӕмӕ ахӕм ӕмбӕлттӕй цӕуыл сахуыр уӕм, уый нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ цардӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм.

^ 4 абз. Йегъовӕ Авраамӕн афтӕ кӕй загъта, уый амыдта, йӕхӕдӕг йӕ иунӕг Фырты нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзӕн, уымӕ (Иоанны 3:16). Йегъовӕ Авраамы нӕ бауагъта Исахъы нывондӕн ӕрхӕссын, фӕлӕ йын радта фыр, цӕмӕй нывондӕн уый ӕрхастаид (Райдиан 22:1, 2, 9–13).

^ 9 абз. Давид Голиафы куы амардта, уӕд «нырма сывӕллон» уыди, ӕмӕ Ионафан куы фӕмард, уӕд та Давидыл цыди 30 азы бӕрц (1 Самуилы 17:33; 31:2; 2 Самуилы 5:4). Ионафан амард, 60 азы бӕрц ыл куы цыд, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ Давидӕй уыдаид иу-30 азы хистӕр.

^ 10 абз. 1 Самуилы 23:17 стихӕй бӕрӕг у, Ионафан Давиды куыд бафидар кодта, уый: 1) загъта йын, цӕмӕй ма тарстаид; 2) ныфс дзы бауагъта, Саулы къухмӕ нӕ бахаудзынӕ, зӕгъгӕ; 3) йӕ зӕрдыл ын ӕрлӕууын кодта, Хуыцау цы загъта, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ паддзах кӕй суыдзӕн; 4) расомы йын кодта, йӕ зӕрдӕ йыл кӕй нӕ сивдзӕн; 5) загъта йын, суанг ма Саул дӕр кӕй зоны, Давидыл иузӕрдион кӕй у, уый.

^ 19 абз. Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой кӕнӕ ӕмбырдыл йӕ къух чи систа, уыдонимӕ нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм, уый тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис Уӕлӕмхасӕны, статьяйы «Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыдонимӕ нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм?».