Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

12 СӔР

Дзур, «адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн», ахӕм ныхӕстӕ

Дзур, «адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн», ахӕм ныхӕстӕ

«Уӕ дзыхӕй иу ӕмбыд ныхас дӕр ма схауӕд. Дзурут... адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ» (ЕФЕСӔГТӔМ 4:29).

1–3. а) Йегъовӕ нын цавӕр лӕвар скодта ӕмӕ, адӕймаг уыцы лӕварӕй раст кӕй нӕ пайда кӕны, уый цӕмӕй бӕрӕг вӕййы? б) Цӕмӕй нӕхи Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕкӕнӕм, уый тыххӕй нӕ дзыхыныхас цавӕр хъуамӕ уа?

ЗӔГЪӔМ, зынаргъ дын чи у, уыцы адӕймагӕн машинӕ балӕвар кодтай. Ӕмӕ фӕстӕдӕр базыдтай, машинӕ сонт скъӕрдтытӕ кӕй кодта ӕмӕ кӕйдӕр кӕй скъуырдта. Зын дын нӕ уаид?

2 Адӕймагӕн йӕ бон дзурын кӕй у, уый у Хуыцауы лӕвар. «Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр» Йегъовӕйӕ у (Иаковы 1:17). Ахӕм курдиатӕй хайджын кӕй стӕм, уымӕй хицӕн кӕнӕм цӕрӕгойтӕй. Уый фӕрцы нӕ бон иннӕтӕн ӕрмӕст нӕ хъуыдытӕ дзурын нӕу, фӕлӕ ма не ’нкъарӕнтӕ бамбарын кӕнын дӕр. Фӕлӕ машинӕйыл цӕугӕйӕ куыд ис искӕмӕн зиан ӕрхӕссӕн, афтӕ ис дзыхыныхасӕй дӕр. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн зын куыннӕ вӕййы, не ’нӕрхъуыды, сонт ныхӕстӕй искӕй зӕрдӕ куы фӕриссын кӕнӕм, уӕд.

3 Цӕмӕй нӕхи Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕкӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ дзыхыныхасӕй пайда кӕнӕм, Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ. Йегъовӕ бӕлвырдӕй бамбарын кодта, йӕ зӕрдӕмӕ цавӕр ныхас цӕуы, уый. Библийы фыст ис: «Уӕ дзыхӕй иу ӕмбыд ныхас дӕр ма схауӕд. Дзурут, хъӕугӕ сахат адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, чи уӕм хъуса, уыдонӕн пайда куыд фӕуой» (Ефесӕгтӕм 4:29). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, цы дзурӕм, ууыл цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, нӕхи цавӕр ныхӕстӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, «адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн», ахӕм хорз ныхӕстӕ дзурӕм.

ЦЫ ДЗУРӔМ, УУЫЛ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ХЪУЫДЫ КӔНӔМ?

4, 5. Ӕвзагӕн цы стыр тых ис, уый Библийы ӕмбисӕндтӕй иуӕй-иутӕ куыд ӕвдисынц?

4 Цы дзурӕм, ууыл-иу дзӕбӕх цӕмӕн хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, уымӕн ис цалдӕр аххосаджы. Фыццаг: ныхасӕн ис стыр тых. Ӕмбисӕндты 15:4 стихы фыст ис: «Сабыр ныхас у царды бӕлас, зыгъуыммӕ ныхасӕй та ныфс асӕтты». Донцух чи ӕййафы, уыцы бӕласыл дон куы кӕнай, уӕд фӕстӕмӕ йӕ къабӕзтыл схӕцдзӕн. Раст афтӕ сабыр, фӕлмӕн ныхасӕй дӕр адӕймаг йӕхиуыл схӕцы, ныфс дзы бацӕуы. Фӕлӕ зыгъуыммӕ ныхӕстӕй та адӕймагӕн йӕ ныфс асӕтты. Ӕцӕгдӕр, нӕ ныхӕстӕ кӕмӕндӕр кӕнӕ ӕвдадзы хос уыдзысты, кӕнӕ та йын йӕ зӕрдӕ скъахдзысты (Ӕмбисӕндтӕ 18:21).

5 Ныхасӕн цы стыр тых ис, уый ӕндӕр ӕмбисонд та афтӕ ӕмбарын кӕны: «Ӕнӕрхъуыды адӕймагӕн йӕ ныхӕстӕ сты карды цӕфау» (Ӕмбисӕндтӕ 12:18). Ӕнӕрхъуыды, сонт ныхӕстӕ зӕрдӕйы арф хъӕдгӕмттӕ ныууадзынц ӕмӕ дыууӕ адӕймаджы кӕрӕдзийӕн сызнаг кӕнынц. Чи зоны, дӕуӕн дӕр искуы исчи йе ’нӕрхъуыды ныхӕстӕй дӕ зӕрдӕ кардау барӕхуыста, ӕмӕ йӕ зоныс, уый куыд вӕййы. Фӕлӕ ма уыцы ӕмбисонды ис ахӕм ныхӕстӕ дӕр: «Зондджыны ӕвзаг та у ӕвдадзы хос». Хуыцауы зондӕй чи архайы, уыцы адӕймаг йӕ ныхӕстыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕны ӕмӕ сӕ афтӕмӕй фӕзӕгъы. Ахӕм адӕймаджы ныхӕстӕ рыст зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ байгас кӕнынц, ӕмӕ та дыууӕ адӕймаджы ногӕй балымӕн вӕййынц. Ды дӕхиуыл фӕлмӕн ныхасы стыр тых никуы бавзӕрстай? (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 16:24.) Ныхасӕн стыр тых кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ нӕ фӕнды искӕй зӕрдӕ скъахын. Мах фӕнды, цӕмӕй нӕ ныхӕстӕ иннӕтӕн ӕвдадзы хос уой ӕмӕ-иу сын сӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ байгас кӕной.

Сабыр ныхас хӕссы удӕнцой

6. Ӕвзаджы рохтыл хӕцын зын цӕмӕн у?

6 Фӕлӕ куыдфӕнды ма архайӕм, уӕддӕр нӕ бон нӕ бауыдзӕн алкӕддӕр не ’взаджы рохтыл хӕцын. Цӕуылнӕ? Уый у дыккаг аххосаг: тӕригъӕдджын ӕмӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ дзыхӕй схауы, чи не ’мбӕлы, ахӕм ныхӕстӕ. Ныхӕстӕ зӕрдӕйӕ ссӕуынц, адӕймагӕн та йӕ зӕрдӕ «здӕхт у ӕвзӕрдзинадмӕ» (Райдиан 8:21; Лукайы 6:45). Уӕдӕ ӕвзаджы рохтыл хӕцын тынг зын вӕййы. (Бакӕс Иаковы 3:2–4.) Кӕд не ’взагыл нӕ бар алкӕд нӕ фӕцӕуы, уӕддӕр нӕ бон у бацархайын, цӕмӕй нын уый хуыздӕр уайа. Зӕгъӕм, адӕймаг доны ныхмӕ куы ленк кӕна, уӕд ӕй хъӕудзӕн ӕппӕт тыхтӕй архайын. Уыйау мах дӕр хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй тӕригъӕдимӕ тох кӕнӕм ӕмӕ не ’взаджы рохтыл хӕцӕм.

7, 8. Цы фӕдзурӕм, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы?

7 Ӕртыккаг аххосаг: цы дзурӕм, ууыл уымӕн хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ ныхӕсты тыххӕй дзуапп дӕттӕм Йегъовӕйы раз. Адӕмимӕ куыд стӕм, ӕрмӕст ууыл нӕ фӕзынынц нӕ ныхӕстӕ, фӕлӕ ма нын Йегъовӕйы раз цы ном ис, ууыл дӕр. Иаковы 1:26 стихы фыст ис: «Кӕд исчи йӕхи Хуыцауӕн кувӕг адӕймагыл нымайы, йе ’взаджы рохтыл та нӕ хӕцы, уӕд йӕхи сайы, ӕмӕ ахӕмӕн йӕ дин ницы у» *. 11-ӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй нӕ ныхӕстӕ ӕнгом баст сты нӕ лӕггадимӕ. Не ’взаджы рохтыл куы нӕ хӕцӕм ӕмӕ ӕдзух ӕфхӕрӕн, маргныхас куы кӕнӕм, уӕд, Хуыцауы хъуыддаджы цыфӕнды ма аразӕм – ӕппӕт дӕр йӕ цӕсты дзӕгъӕлы уыдзӕн. Уый ахъуыдыйаг у (Иаковы 3:8–10).

8 Куыд федтам, афтӕмӕй тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ дзыхыныхасӕй раст пайда кӕнӕм. Фӕстӕдӕр аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон куыд у ныхасӕй иннӕты фидар кӕнын, ууыл. Ныр та уал ӕркӕсӕм, ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕхи бынтондӕр цавӕр ныхӕстӕй хъуамӕ хизой, уымӕ.

НЫФССӔТТӔН НЫХӔСТӔ

9, 10. а) Абон бирӕтӕ цы дзыхӕй дзурынц? б) Чырыстонӕн цӕуылнӕ ӕмбӕлы ӕнӕфсарм ныхӕстӕ кӕнын? (Ноджыдӕр кӕс фиппаинаг.)

9 Ӕнӕфсарм ныхӕстӕ. Ныртӕккӕ бирӕтӕм худинаг нӕ кӕсы ӕлгъитын, ӕвзӕр дзыхӕй дзурын ӕмӕ ӕнӕуаг ныхас кӕнын. Дзургӕ-дзурын ӕвзӕр ныхӕстӕ уымӕн фӕкӕнынц, ӕмӕ сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ уӕд сӕ ныхӕсты стырдӕр уӕз уыдзӕн кӕнӕ та, цы зӕгъинаг вӕййынц, уый ӕндӕрхуызон куыд зӕгъой, уый нӕ фӕзонынц. Худӕг цыдӕртӕ чи фӕдзуры, уыцы артисттӕ дӕр адӕмы ахудын кӕнынӕн арӕх ӕнӕгъдау ныхӕстӕ фӕкӕнынц. Фӕлӕ ӕнӕфсарм ныхӕстӕ худӕг не сты. Иу-2 000 азы размӕ апостол Павел Колоссты ӕмбырдӕн уынаффӕ радта, уӕ дзыхӕй «иу ӕнӕфсарм ныхас дӕр» макуы схауӕд, зӕгъгӕ (Колоссӕгтӕм 3:8). Ефесы ӕмбырдӕн та загъта, ӕцӕг чырыстӕттӕм «ӕнӕфсарм хъазӕн ныхӕстӕн» сӕ кой дӕр кӕй хъуамӕ ма уа (Ефесӕгтӕм 5:3, 4).

10 Ӕнӕфсарм ныхӕстӕ Йегъовӕйӕн дӕр ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыдонӕн дӕр ӕнад сты. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, ӕвзӕр дзыхӕй дӕр уый тыххӕй нӕ дзурӕм. Павел «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ» куы ранымадта, уӕд дзы скодта «чъизи хъуыддӕгты» кой, ӕмӕ уыдонмӕ та хауы ӕвзӕр, чъизи дзыхӕй дзурын дӕр (Галатӕгтӕм 5:19–21). Ацы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Чырыстонӕн цалдӕр хатты уынаффӕ куы раттой, фӕлӕ уӕддӕр куы нӕ фӕсмон кӕна ӕмӕ дарддӕр тынг ӕнӕгъдау ӕмӕ ӕнӕфсарм ныхас куы кӕна, уӕд ӕй ӕмбырдӕй дӕр ацух кӕндзысты *.

11, 12. а) Искӕй кой кӕнгӕйӕ нӕ ныхӕстӕ зиан кӕд хӕсдзысты? б) Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ искӕй фыдкой кӕнынӕй сӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизой?

11 Фыдкой кӕнын. Адӕймаг искӕй кой куы фӕкӕны, уӕд уый алы хатт ӕвзӕр нӕ вӕййы. Зӕгъӕм, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ фӕдзурӕм, чидӕр донаргъуыд кӕй райста кӕнӕ кӕйдӕр бафидар кӕнын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ дӕр сӕ кӕрӕдзийыл тыхстысты ӕмӕ-иу кӕрӕдзийы тыххӕй цавӕрдӕр хабӕрттӕ дзырдтой (Ефесӕгтӕм 6:21, 22; Колоссӕгтӕм 4:8, 9). Фӕлӕ-иу адӕймаг хабӕрттыл къӕхтӕ ӕмӕ къухтӕ куы бафтауа кӕнӕ искӕй сусӕг хабӕрттӕ куы дзура, уӕд йӕ ныхӕстӕ хӕсдзысты зиан. Ноджы ӕвзӕрдӕр та уый у, ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ фыдкоймӕ дӕр рахизынц, ӕмӕ уый та хорз никуы вӕййы. Фыдкой у, адӕймагӕй мӕнг ныхӕстӕ куы кӕнай, истытӕ йыл куы ӕрымысай ӕмӕ йыл цъыф куы калай. Зӕгъӕм, фарисейтӕ Йесо Чырыстийӕ мӕнг ныхӕстӕ кодтой, цӕмӕй йыл адӕм ма ӕууӕндыдаиккой (Матфейы 9:32–34; 12:22–24). Фыдкой арӕх хыл дӕр расайы (Ӕмбисӕндтӕ 26:20).

12 Адӕймаг йе ’взаджы рохтыл куы нӕ хӕца ӕмӕ иннӕтӕй цъыфкалӕн ныхӕстӕ куы кӕна кӕнӕ ӕмбырды иудзинад куы хала, уӕд Йегъовӕ уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсдзӕн. Уый йе сӕфт уыны, «ӕфсымӕрты кӕрӕдзийы ныхмӕ чи кӕны», уыдонӕй (Ӕмбисӕндтӕ 6:16–19). «Фыдкойгӕнӕг»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырд диа́болос у Сайтанӕн йӕ иннӕ ном, ома «Хӕйрӕг». Уыцы фыдкойгӕнӕг кӕны Хуыцауы фыдкой, цъыф ыл калы (Раргомад 12:9, 10). Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ нӕ ныхӕсты тыххӕй хӕйрӕджытӕ схонӕн уа. Ӕмбырды фыдкойӕн ӕмӕ цъыфкалӕн ныхӕстӕн бынат нӕй. Уыдӕттӕ ӕркӕнынц тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕм, зӕгъӕм, «загъдмӕ» ӕмӕ, чырыстӕттӕ «къордтыл» кӕй ныддихтӕ вӕййынц, уымӕ (Галатӕгтӕм 5:19–21). Уӕдӕ искӕй тыххӕй цы хабар фехъуыстай, уый-иу искӕмӕн радзурыны размӕ ахъуыды кӕн: «Уый ӕцӕг хабар у? Куы йӕ радзурон, уӕд уый уарзондзинадыл дзурӕг уыдзӕн? Уӕвгӕ йӕ дзурын хъӕуы, искӕмӕн исты пайда ӕрхӕсдзӕн?» (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 4:11.)

13, 14. а) Ӕфхӕрӕн ныхас адӕймагыл куыд фӕзыны? б) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, ӕппынӕдзух иннӕты чи ’фхӕры, уый йӕхи тӕссаг уавӕры ӕппары?

13 Ӕфхӕрӕн ныхас. Гыццыл раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй ныхасӕй ис зӕрдӕ скъахӕн. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу хатт не ’ппӕт дӕр фӕзӕгъӕм, фӕстӕдӕр кӕуыл фӕфӕсмон кӕнӕм, ахӕм цыдӕртӕ. Фӕлӕ Библийы фыст ис, чырыстӕттӕ хӕдзары дӕр ӕмӕ ӕмбырды дӕр сӕхи цавӕр ныхӕстӕй хъуамӕ хизой, уый тыххӕй. Павел чырыстӕттӕн бафӕдзӕхста: «Ныууадзут алы фыдӕх, маст, знӕт, хъӕр-хъӕлӕба, ӕфхӕрӕн ныхас» (Ефесӕгтӕм 4:31). Ӕндӕр тӕлмацты «ӕфхӕрӕн ныхас» раивтой ахӕм дзырдтӕй: «фыдкой», «маргӕвзаг» ӕмӕ «ӕлгъыст». Адӕймагӕн ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ куы кӕной, уыимӕ йыл ӕппынӕдзух фаутӕ куы ’вӕрой, фидистӕ ӕмӕ йын уайдзӕфтӕ куы кӕной ӕмӕ йӕ куы дӕлӕмӕ кӕной, уӕд йӕхимӕ зӕххӕй сисинаг дӕр нал кӕсдзӕн. Ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ уӕлдай тынгдӕр сывӕллоны фӕлмӕн зӕрдӕ амарынц (Колоссӕгтӕм 3:21).

14 Библи карзӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй макӕй ӕфхӕрӕм. Ӕппынӕдзух иннӕты чи ’фхӕры, алы ӕвзӕртӕ сын чи дзуры, уый йӕхи тӕссаг уавӕры ӕппары. Фӕивынӕн ын куы ’ххуыс кӕной, фӕлӕ уӕддӕр йӕ кӕнон куы кӕна, уӕд ӕй ӕмбырдӕй дӕр ацух кӕндзысты. Куы нӕ фӕива, уӕд Хуыцауы Паддзахады арфӕдзинӕдтӕй дӕр ӕнӕхай фӕуыдзӕн (1 Коринфӕгтӕм 5:11–13; 6:9, 10). Уӕдӕ нӕ ныхӕстӕ иннӕтӕн зиан куы хӕссой, стӕй мӕнг ӕмӕ рӕхуыст ныхӕстӕ куы кӕнӕм, уӕд сын сӕ ныфс сӕтдзыстӕм, ӕмӕ афтӕмӕй та Хуыцауы уарзтӕй нӕхи ӕнӕхай фӕкӕндзыстӕм.

«АДӔЙМАДЖЫ ЧИ БАФИДАР КӔНДЗӔН», АХӔМ НЫХӔСТӔ

15. Адӕймаджы цавӕр ныхӕстӕ бафидар кӕнынц?

15 Нӕ бон куыд у дзурыны курдиатӕй, Хуыцауы куыд фӕнды, афтӕ пайда кӕнын? Куыд бакастыстӕм, афтӕмӕй нӕ Хуыцауы Ныхас разӕнгард кӕны, цӕмӕй дзурӕм, «адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ» (Ефесӕгтӕм 4:29). Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, нӕ ныхӕстӕй иннӕты куы бафидар кӕнӕм ӕмӕ сӕ ныфс куы бауадзӕм, уӕд. Ахӕм ныхӕстыл та фӕхъӕуы дзӕбӕх ахъуыды кӕнын. Библийы нӕй, «иннӕтӕн пайда чи уыдзӕн», ахӕм ныхӕсты номхыгъд, нӕй дзы фыст, уый ӕмӕ уый дзур, уый ӕмӕ уый та ма дзур, зӕгъгӕ (Титмӕ 2:8). Цӕмӕй-иу нӕ ныхӕстӕй иннӕты «бафидар кӕнӕм», уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм ӕртӕ хуымӕтӕг, фӕлӕ ахсджиаг хъуыддаджы: нӕ ныхӕстӕ хъуамӕ иннӕтӕн пайда хӕссой, хъуамӕ дзурӕм, ӕцӕг цы у, уый ӕмӕ нӕ ныхӕстӕ хъуамӕ уой фӕлмӕн. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ. (Кӕс рамкӕ « Мӕ ныхӕстӕй иннӕты фидар кӕнын?».)

16, 17. а) Иннӕтӕй цӕмӕн хъуамӕ ӕппӕлӕм? б) Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй, стӕй бинонтӕй алкӕмӕй дӕр цӕй тыххӕй вӕййы раппӕлӕн?

16 Иннӕтӕй зӕрдиагӕй ӕппӕл. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырысти зонынц, адӕймагӕй ӕппӕлын кӕй хъӕуы (Матфейы 3:17; 25:19–23; Иоанны 1:47). Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр хъуамӕ иннӕтӕй зӕрдиагӕй ӕппӕлӕм. Цӕмӕн? Ӕмбисӕндты 15:23 стихы фыст ис: «Куыд хорз у, йӕ афоныл кӕй зӕгъай, ахӕм ныхас!» Ахъуыды кӕн: «Зӕрдиагӕй мӕ куы раппӕлынц, уӕд мын уый ӕхсызгон нӕ вӕййы? Нӕ фӕныфсджындӕр вӕййын ӕмӕ ме уӕнгтыл не схӕцын?» Ӕцӕгдӕр, зӕрдиагӕй дӕ куы раппӕлынц, уӕд фембарыс, чидӕр дыл кӕй хъуыды кӕны, цы сарӕзтай, уый ӕнӕбафиппайгӕ кӕй нӕ фӕци ӕмӕ дӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕ уыд. Ахӕм ныхӕстӕ дӕ ныфс бауадзынц ӕмӕ дӕ бафӕнды ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайын. Уӕдӕ, кӕй дӕ раппӕлынц, уый дын кӕд ӕхсызгон вӕййы, уӕд дӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ иннӕтӕй ма ӕппӕлай? (Бакӕс Матфейы 7:12.)

17 Дӕхи афтӕ сахуыр кӕн, цӕмӕй-иу иннӕты хорз миниуджытӕ уынай, ӕмӕ-иу сӕ стӕй раппӕл. Зӕгъӕм, ӕмбырды фехъуыстай хорз раныхас, уыныс, ӕрыгон хъусынгӕнӕджы ӕмбырды хъуыддӕгты фылдӕр архайын кӕй фӕнды, йе та ацӕргӕ хо кӕнӕ ӕфсымӕр ӕмбырдтӕм кӕй цӕуы, кӕд ыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой ӕмӕ йын уый ӕнцон нӕу, уӕддӕр. Ахӕм адӕмӕй-иу зӕрдиагӕй куы раппӕлай, уӕд-иу сыл базыртӕ базайдзӕн ӕмӕ сӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Лӕг ӕмӕ ус дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕной ӕмӕ кӕрӕдзийӕ ӕппӕлой (Ӕмбисӕндтӕ 31:10, 28). Уӕлдайдӕр сывӕллӕттӕ дидинӕгау райхӕлынц, куы сын фӕаргъ кӕнынц ӕмӕ, кӕй хъӕуынц, уый куы фембарынц, уӕд. Дидинӕджы хур ӕмӕ дон куыд хъӕуы, афтӕ сывӕллӕтты дӕр хъӕуы, цӕмӕй сӕ ӕппӕлой ӕмӕ сын дзурой, зӕрдӕ сӕ кӕй рухс кӕны. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕй ӕппӕлут сӕ хорз миниуджыты ӕмӕ сӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй. Афтӕмӕй ныфсджындӕр кӕндзысты ӕмӕ уӕд ноджы тынгдӕр архайдзысты, раст цы у, уый аразыныл.

18, 19. Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ныфсыл ныфс цӕмӕн хъуамӕ ӕфтауӕм ӕмӕ уый куыд ис аразӕн?

18 Иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтау. Йегъовӕ тынг тыхсы, «ныфссаст чи у», уыдоныл (Исай 57:15). Йӕ Ныхас нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй «кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм» ӕмӕ, «ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдауӕм» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:11, 14). Уӕдӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй ныфссаст чи у, уыдоны бафидар кӕныныл кӕй архайӕм, уый Хуыцау кӕй уыны ӕмӕ йын ӕхсызгон кӕй у.

Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, нӕ ныхӕстӕй иннӕты куы бафидар кӕнӕм, уӕд

19 Дӕ бон куыд у, ныфссаст чи у кӕнӕ йӕхимӕ чи ныхъхъуыста, ахӕм чырыстоны бафидар кӕнын? Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ йын йӕ уавӕр ды хъуамӕ фӕивай. Арӕх адӕймаджы цалдӕр хуымӕтӕг ныхасы йеддӕмӕ ницы фӕхъӕуы. Зӕгъ ын, кӕй йыл тыхсыс. Кӕд ӕй бафӕнда, уӕд Йегъовӕмӕ иумӕ скувут. Йегъовӕйӕ кур, цӕмӕй уыцы адӕймагӕн баххуыс кӕна, иннӕтӕ дӕр ӕмӕ йӕ Хуыцау дӕр тынг кӕй уарзынц, уый бамбарынӕн (Иаковы 5:14, 15). Ахӕм адӕймагӕн ма зӕгъӕн ис, ӕмбырды куыд тынг хъӕуы ӕмӕ йын хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕй аргъ кӕнынц (1 Коринфӕгтӕм 12:12–26). Библийӕ йын бакӕс, Йегъовӕ йыл кӕй тыхсы, уый бӕрӕг кӕмӕй у, ахӕм стих (Псалом 34:18; Матфейы 10:29–31). Ныфссаст адӕймагӕн «хорз ныхас» зӕгъынӕн дӕ рӕстӕг куы не ’вгъау кӕнай ӕмӕ йемӕ зӕрдиагӕй куы ныхас кӕнай, уӕд бамбардзӕн, кӕй йӕ уарзынц ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕнынц, уый. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 12:25.)

20, 21. Уынаффӕ дӕтгӕйӕ цӕуыл хъӕуы хъуыды кӕнын?

20 Хорз уынаффӕ. Не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын хатт фӕхъӕуы уынаффӕ раттын дӕр. Библи нын дзуры: «Уынаффӕмӕ хъус ӕмӕ зондамынд дӕ зӕрдӕмӕ ис, цӕмӕй дӕ зондджын адӕймаг рауайа» (Ӕмбисӕндтӕ 19:20). Уынаффӕтӕ ӕрмӕст хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ фӕдӕттынц. Зӕгъӕм, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн фӕдӕттынц уынаффӕтӕ (Ефесӕгтӕм 6:4). Фӕлтӕрд хойӕн йӕ бон вӕййы ӕрыгондӕр хойӕн уынаффӕ раттын (Титмӕ 2:3–5). Адӕмы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ-иу уынаффӕ афтӕ ратдзыстӕм, цӕмӕй-иу адӕймагӕн йӕ ныфс ма асӕтта. Уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ: уынаффӕ раттын нӕ цӕмӕн фӕнды, нӕ уынаффӕйы бындур цы у ӕмӕ йӕ куыд дӕттӕм.

21 Адӕймаг уынаффӕмӕ байхъусдзӕн ӕви нӕ, уый фыццаджыдӕр, уынаффӕ чи дӕтты, уымӕй аразгӕ у. Ахъуыды кӕн: «Уынаффӕмӕ байхъусын мын ӕнцон кӕд вӕййы?» Куы йӕ зонай, уынаффӕ дын чи дӕтты, уый дыл зӕрдиагӕй кӕй тыхсы, уынаффӕ дын, мӕсты дӕм кӕй у, уый тыххӕй кӕй нӕ дӕтты ӕмӕ дӕ йӕхицӕн кӕй ницы агуры, уӕд ӕм хуыздӕр байхъусдзынӕ. Уӕдӕ уынаффӕ дӕтгӕйӕ уыдӕттӕ дӕ зӕрдыл дар. Уымӕй уӕлдай ма цӕмӕй уынаффӕ пайда ӕрхӕсса, уый тыххӕй йӕ бындур хъуамӕ уа Хуыцауы Ныхас (2 Тимофеймӕ 3:16). Уынаффӕ дӕтгӕйӕ комкоммӕ Библийӕ стих бакӕсӕм ӕви нӕ, уӕддӕр алы уынаффӕ дӕр хъуамӕ уа Библимӕ гӕсгӕ. Уымӕ гӕсгӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ архайой, цӕмӕй иннӕтӕн сӕхи хъуыдытӕ ма хъарой. Стӕй хъуамӕ Фыстад ма зыгъуыммӕ кӕной, цӕмӕй афтӕ мачи фенхъӕла, цыма сӕ хъуыдытӕ Библимӕ гӕсгӕ раст сты. Уынаффӕ куыд дӕттӕм, уымӕй дӕр кӕнгӕ у, адӕймагӕн пайда уыдзӕн ӕви нӕ. Уынаффӕ йын хӕларзӕрдӕйӕ куы раттӕм, уӕд ӕм ӕнцондӕрӕй байхъусдзӕн ӕмӕ йӕхимӕ ницӕйаг не ’ркӕсдзӕн (Колоссӕгтӕм 4:6).

22. Нӕ бон дзурын кӕй у, уыцы курдиатӕй дӕ куыд фӕнды пайда кӕнын?

22 Дзырд дӕр ыл нӕй, нӕ бон дзурын кӕй у, уый у Хуыцауы зынаргъ лӕвар. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ ныхӕстӕй зиан макӕмӕн хӕссӕм. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, ныхасӕн цы стыр тых ис, уый: иннӕтӕн цы фӕзӕгъӕм, уымӕй сӕ кӕнӕ бафидар кӕнӕм, кӕнӕ та сын сӕ ныфс асӕттӕм. Цӕй уӕдӕ уыцы лӕварӕй пайда кӕнӕм, чи нын ӕй радта, уыцы Хуыцауы куыд фӕнды, афтӕ – иннӕты-иу бафидар кӕнӕм. Ӕмӕ сын уӕд нӕ ныхӕстӕ уыдзысты ныфсы хос, ӕмӕ мах та Хуыцауы уарзтӕй хайджын уыдзыстӕм.

^ 7 абз. «Ницы»-йӕ цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый ма тӕлмац ӕрцыд дзырдбастӕй «ницы пайда» (1 Коринфӕгтӕм 15:17).

^ 10 абз. Библимӕ гӕсгӕ «чъизи хъуыддӕгтӕм» бирӕ алыхуызон тӕригъӕдтӕ хауы. «Чъизи хъуыддӕгтыл» нымад чи у, уыдонӕй алкӕцы барадон комитеты ӕвзаринаг нӕ вӕййы. Фӕлӕ адӕймаг куы нӕ фӕсмон кӕна ӕмӕ дарддӕр тынг чъизи хъуыддӕгтӕ куы кӕна, уӕд ӕй ӕмбырдӕй ацух кӕндзысты (2 Коринфӕгтӕм 12:21; Ефесӕгтӕм 4:19; кӕс 2006 азы 15 июлы «Сторожевая башня», «Вопросы читателей»).