Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

6 УРОК

Дзӕнӕт хӕстӕг у!

Дзӕнӕт хӕстӕг у!

Абон зӕххыл цы ӕвзӕр цаутӕ цӕуы, уыдонӕй бӕрӕг у, Дзӕнӕт тагъд кӕй уыдзӕн. Библийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Дзӕнӕты хӕдразмӕ скӕндзӕн уӕззау рӕстӕг. Мах абон цӕрӕм уыцы рӕстӕджы! Библи развӕлгъау цы цауты тыххӕй дзырдта, уыдонӕй иу-цалдӕрмӕ ӕркӕсӕм.

Стыр хӕстытӕ. «Сыстдзысты адӕм адӕмыл ӕмӕ паддзахад паддзахадыл» (Матфейы 24:7). Уыцы пехуымпарад ӕцӕгдӕр сӕххӕст. 1914 азӕй уыд дыууӕ дунеон хӕсты ӕмӕ ма бирӕ гыццылдӕр хӕстытӕ. Уым фӕмард милуангай адӕймӕгтӕ.

Сыстдзӕн низтӕ. Уыдзӕн «ранӕй-рӕтты... низтӕ» (Лукайы 21:11). Цымӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у? О. Рак, зӕрдӕйы низ, рӕуджыты низ, тӕфсӕг, СПИД ӕмӕ ӕндӕр низтӕ ахастой милуангай адӕймӕгты цард.

Хӕринаджы хъуагдзинад. Ӕгас зӕххыл хӕринаг кӕмӕн нӕ фаг кӕны, уыдон тынг бирӕ сты. Алы аз ӕххормагӕй амӕлы милуангай адӕймӕгтӕ. Уый дӕр амоны, Дзӕнӕт тагъд кӕй уыдзӕн, уымӕ. Библи дзуры: «Скӕндзӕн стонг рӕстӕг» (Маркы 13:8, МСЕ).

Зӕххӕнкъуыстытӕ. «Уыдзӕн... иуӕй-иу бынӕтты зӕххӕнкъуыстытӕ» (Матфейы 24:7). Уыцы пехуымпарад дӕр сӕххӕст нӕ рӕстӕджы. 1914 азӕй абоны онг зӕххӕнкъуыстыты амард милуан адӕймагӕй фылдӕр.

Фыдгӕнджытӕ. Адӕм уыдзысты «ӕхца уарзаг» (НФ) ӕмӕ «хиуарзон». Уыдон уыдзысты, «Хуыцауӕй фылдӕр адджын цард чи уарзы, — ахӕмтӕ» (НФ). Сывӕллӕттӕ уыдзысты «ныййарджытӕн ӕгоммӕгӕс» (2 Тимофеймӕ 3:1—5). Абон ахӕм адӕм бирӕ кӕй ис, уыимӕ не сразы уыдзынӕ? Уыдон Хуыцауӕн кӕй нӕ кад кӕнынц, уый сын фаг нӕу, фӕлӕ ма, Хуыцауы базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн дӕр маст кӕнынц.

Фыдракӕндтӕ. Уымӕй уӕлдай ма «ӕнӕзакъондзинад сарӕх» уыдзӕн (Матфейы 24:12). Ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, цалдӕр азы размӕ фыдракӕндтӕ афтӕ арӕх кӕй нӕ уыдысты, ууыл. Адӕм алы ран дӕр тӕрсынц къӕрныхтӕй, фӕлитой адӕмӕй кӕнӕ фыдгӕнджытӕй.

Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕвдисынц, Хуыцауы Паддзахад хӕстӕг кӕй у, уый. Библи дзуры: «Куы фенат уыдон ӕххӕстгӕнгӕ, зонут, Хуыцауы Паддзахад хӕстӕг кӕй у» (Лукайы 21:31). Цымӕ цы у Хуыцауы Паддзахад? Уый у Хуыцауы уӕларвон хицауад, ӕмӕ уый скӕндзӕн зӕххыл Дзӕнӕт. Хуыцауы Паддзахад баивдзӕн ӕппӕт адӕймагон хицауӕдтӕ (Данелы 2:44, БГТ).