4 УРОК
Дӕ бон куыд у Хуыцауы базонын
Иегъовӕйы базондзынӕ Библи кӕсгӕйӕ. Рагзаманы Хуыцау равзӕрста адӕмы, цӕмӕй йын уыдон йӕ хъуыдытӕ ныффыстаиккой. Уыцы фыстытӕ схуыдтой Библи. Абон Хуыцауимӕ зонгӕ кӕнӕм Библи кӕсгӕйӕ. Библийы Иегъовӕйы ныхас, кӕнӕ йӕ ӕрвыст, кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ ма йӕ хонынц Хуыцауы Ныхас дӕр. Нӕ бон у Библийы ныхӕстыл фидарӕй ӕууӕндын, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ сайгӕ нӕ кӕны. «Гӕнӕн нӕй ӕмӕ Хуыцау фӕсайа» (Дзуттытӕм 6:18). Хуыцауы Ныхасы ис ӕцӕгад (Иоанны 17:17).
Библи у Хуыцауы зынаргъ лӕвӕрттӕй сӕ иу. Уый абарӕн ис уарзӕгой фыды фыстӕгимӕ йӕ сывӕллӕттӕм. Уый нын дзуры Хуыцауы зӕрдӕвӕрдыл — зӕххыл дзӕнӕт кӕй сараздзӕн, ууыл. Уый нын дзуры, Хуыцау йӕ иузӕрдион сывӕллӕттӕн ивгъуыд заманты цы арӕзта, абон сын цы аразы ӕмӕ сын фидӕны цы сараздзӕн, уый тыххӕй. Уый ма нын ӕххуыс кӕны нӕ зындзинӕдтӕ фӕразынӕн ӕмӕ амондджындзинадӕн дӕр (2 Тимофеймӕ 3:16, 17).
Матфейы 10:8). Уымӕй уӕлдай ма дӕ бон у чырыстон фембӕлдтӕм дӕр цӕуын. Уыдон вӕййынц Паддзахады Залты, кувгӕ кӕм кӕнынц, уыцы бынӕтты. Чырыстон фембӕлдтӕм куы цӕуай, уӕд цыбыр рӕстӕгмӕ Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базондзынӕ.
Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты Хуыцауы хӕлӕрттӕ; уыдон дын баххуыс кӕндзысты, Библи цӕуыл ахуыр кӕны, уый базонынӕн. Ӕрмӕст сын зӕгъ, Библи ахуыр кӕнын дӕ кӕй фӕнды, уый. Уый тыххӕй дӕ ӕхца фидын нӕ хъӕуы (Дӕ бон у Хуыцауы йе сфӕлдыстадӕй базонын. Библи дзуры: «Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх» (Уӕвынад 1:1). Иегъовӕ уал фыццаг сфӕлдыста «арв», уый фӕстӕ та — хур. Уӕдӕ нын уыцы хабар Хуыцауы тыххӕй цы дзуры? Уый дзуры, Иегъовӕмӕ стыр тых кӕй ис, ууыл. Ӕрмӕст уымӕн уыд йӕ бон хур сфӕлдисын. Уый ма нын ӕвдисы, Иегъовӕ зондджын кӕй у, уымӕн ӕмӕ нӕ чи тавы, рухс нын чи дӕтты ӕмӕ уӕддӕр йӕ бон басудзын кӕмӕн нӕу, ахӕм хур скӕнынӕн хъуыд зондджындзинад.
Иегъовӕйы сфӕлдыстадӕй бӕрӕг у, кӕй нӕ уарзы, уый. Ахъуыды ма кӕн, зӕххыл цас алыхуызон дыргътӕ зайы, ууыл. Иегъовӕйы бон уыд ӕрмӕст иу дыргъ радтын, кӕннод та уый дӕр нӕ. Фӕлӕ нын Иегъовӕ радта бирӕ алыхуызон адджын дыргътӕ. Уый ӕвдисы, Иегъовӕ канд уарзӕгой Хуыцау кӕй нӕу, фӕлӕ ма тынг хӕларзӕрдӕ, ӕнувыд ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау дӕр (Псалом 103:24).