15 УРОК
Хуыцауы хӕлӕрттӕ кӕнынц хорз хъуыддӕгтӕ
Дӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы ӕмӕ кад кӕмӕн кӕныс, ахӕм хӕлар дын куы уаид, уӕд йӕ фӕзмыныл архаис. «Хорз ӕмӕ раст у Хицау [«Иегъовӕ», НД]» (Псалом 24:8). Цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыххӕй нӕ хъуыддӕгтӕ хъуамӕ уой хорз ӕмӕ раст. Библи дзуры: «Хуыцауы фӕзмут, куыд уарзон цӕуӕт, ӕмӕ цӕрут уарзондзинады» (Ефесӕгтӕм 5:1, 2). Уый куыд ис кӕнӕн, уымӕн ис цалдӕр мадзалы.
Цӕттӕ у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ. «Кӕнӕм хорздзинад алкӕмӕн дӕр» (Галатӕгтӕм 6:10).
Хорз кус. «Чи давта, амӕй фӕстӕмӕ мауал дав, фӕлӕ фыдӕбон кӕн [«кус», НФ], дӕхи къухтӕй пайда кӕнгӕйӕ, цӕмӕй дӕ бон уа хъуаг чи у, уымӕн хай бакӕнын» (Ефесӕгтӕм 4:28).
Сыгъдӕг ӕмӕ ӕгъдауджын цард кӕн. «Нӕхи ныссыгъдӕг кӕнӕм буары ӕмӕ уды алы ӕвзӕрдзинӕдтӕй, ӕххӕст кӕнгӕйӕ сыгъдӕгдзинад Хуыцауы тасы» (2 Коринфӕгтӕм 7:1).
Иннӕты уарз. «Уарздзыстӕм кӕрӕдзийы, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад Хуыцауӕй у» (1 Иоанны 4:7).
Цы бӕстӕйы цӕрыс, уыцы бӕстӕйы закъӕттӕ ӕххӕст кӕн. «Алы удгоймаг дӕр уӕд коммӕгӕс... хицауадӕн. Алкӕмӕн дӕр дӕттут цы ӕмбӕлы: кӕмӕн хъалон, хъалон» (Ромӕгтӕм 13:1, 7).