Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

12 УРОК

Мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?

Мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?

Мӕлӕт ӕмӕ цард сты бынтон алыхуызон уавӕртӕ. Мӕлӕт у, цыма адӕймаг тарфынӕй баци, ахӕм уавӕр (Иоанны 11:11—14). Мӕрдтӕн сӕ бон нӕу хъусын, уынын, дзурын ӕмӕ истӕуыл хъуыды кӕнын (Екклесиаст 9:5, 10). Мӕнг дин дзуры, зӕгъгӕ, мӕрдтӕ ацӕуынц ӕнӕуынгӕ дунемӕ, цӕмӕй уым сӕ мард фыдӕлтимӕ цӕрой. Фӕлӕ Библи ууыл нӕ ахуыр кӕны.

Чи амард, уыдоны бон нӕу махӕн нӕдӕр ӕххуыс кӕнын, нӕдӕр нӕ хъыгдарын. Адӕм арӕх марды бонтӕ фӕкӕнынц кӕнӕ мӕрдтӕн нывӕндтӕ фӕхӕссынц, зӕгъгӕ сын уый ӕхсызгон у. Уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, уымӕн ӕмӕ уый дӕр Сайтаны мӕнгдзинӕдтӕй у. Уымӕй уӕлдай ма уый мӕрдты дӕр нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕгас не сты. Мах хъуамӕ мӕрдтӕй мадӕр тӕрсгӕ кӕнӕм, мадӕр сын кувгӕ кӕнӕм. Мах хъуамӕ кувӕм ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн (Матфейы 4:10).

Мӕрдтӕ ногӕй цӕрдзысты. Иегъовӕ мӕрдты райхъал кӕндзӕн, цӕмӕй дзӕнӕтон зӕххыл цӕрой. Фӕлӕ уый уыдзӕн фидӕны (Иоанны 5:28, 29; Куыстытӕ 24:15). Хуыцауы бон мӕрдты райхъал кӕнын у, дӕ бон фынӕй адӕймаджы райхъал кӕнын куыд у, афтӕ (Маркы 5:22, 23, 41, 42).

Адӕм нӕ мӕлынц, зӕгъгӕ, уыцы мӕнг хъуыды у Сайтан Хӕйрӕгӕй. Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты фӕнды адӕмы баууӕндын кӕнын, мӕрдты удтӕ кӕй нӕ мӕлынц ӕмӕ адӕмӕн низтӕ ӕмӕ ӕндӕр зындзинӕдтӕ кӕй хӕссынц, ууыл. Сайтан иуӕй-иу хатт адӕмы фӕсайы фынтӕ ӕмӕ цӕстылуайӕнты уылты. Мӕрдтимӕ ныхас кӕныныл чи архайы, уый Иегъовӕйӕн ӕнӕуынон у (Дыккаг закъон 18:10—12).