Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

11 УРОК

Ныууадз мӕнг дин!

Ныууадз мӕнг дин!

Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнай. Сӕ бон куы уаид, уӕд иу адӕймаджы дӕр Хуыцауӕн кувын нӕ бауадзиккой. Куыд архайынц ууыл? Уыдон фыццаджыдӕр пайда кӕнынц мӕнг динӕй (2 Коринфӕгтӕм 11:13—15). Дин мӕнг у, Библийы цы ӕцӕгад ис, ууыл куы нӕ ахуыр кӕна, уӕд. Мӕнг дин у мӕнг ӕхцайы хуызӕн — йӕ хуыз афтӕ у, цыма ӕцӕг у, фӕлӕ йын аргъ нӕй. Уый дӕ, гӕнӕн ис, фыдбылызы дӕр баппара.

Динты мӕнгдзинад ӕцӕгады Хуыцау Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ никуы цыд ӕмӕ нӕдӕр цӕудзӕн. Йесойы рӕстӕджы уыд, амарынмӕ йӕ чи хъавыд, иу ахӕм динон къорд. Уыдон ӕнхъӕлдтой, Хуыцауӕн куыд куывтой, уый раст уыд. Уыдон загътой: «Иу Фыд нын ис, Хуыцау». Йесо ууыл сразы? Нӕ! Уый сын загъта: «Уӕ фыд у хӕйрӕг» (Иоанны 8:41, 44). Абон дӕр бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, Хуыцауы кувджытӕ кӕй сты, фӕлӕ ӕцӕгӕй та сты Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты лӕггадгӕнджытӕ! (1 Коринфӕгтӕм 10:20).

Ӕвзӕр бӕласыл ӕвзӕр дыргътӕ куыд зайы, афтӕ мӕнг дин дӕр ӕвзӕрын кӕны, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи кӕны, ахӕм адӕмы. Адӕмы ӕвзӕр миты тыххӕй дуне байдзаг хъизӕмӕрттӕй. Алы ран ис фенӕн ӕнӕгъдаудзинад, хӕстытӕ, къӕрныхдзинад, ӕфхӕрд, фыдмӕрдтытӕ ӕмӕ фыдмитӕ. Уыцы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ хӕст сты цавӕрдӕр диныл, фӕлӕ сӕ сӕ дин нӕ разӕнгард кӕны хорз хъуыддӕгтӕм. Уыдон цалынмӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ нӕ ныууадзой, уӕдмӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ не суыдзысты (Матфейы 7:17, 18).

Мӕнг дин адӕмы ахуыр кӕны гуымирытӕм кувыныл. Хуыцау дзуры, цӕмӕй гуымирытӕм ма кувӕм. Ӕмӕ уый раст у. Исчи демӕ ныхас кӕныны бӕсты ӕрмӕст дӕ къамимӕ куы ныхас кӕнид, уӕд уый дӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуид? Уыцы адӕймаг дын ӕцӕг хӕлар уаид? Нӕ, уымӕн гӕнӕн нӕй. Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй адӕм дзурой ӕнӕуд цыртытӕ ӕмӕ нывтимӕ нӕ, фӕлӕ йемӕ (Рацыд 20:4, 5).

Мӕнг дин дзуры, хӕсты рӕстӕджы кӕй ис адӕмы марӕн, уый. Йесо загъта, Хуыцауы хӕлӕрттӕ сӕ кӕрӕдзийы кӕй уарздзысты. Мах, кӕй уарзӕм, уыдоны нӕ марӕм (Иоанны 13:35). Адӕймаг цыфӕнды ӕвзӕр куы уа, уӕддӕр нын уый марыны бар нӕй. Йесомӕ йе знӕгтӕ ӕрцахсынмӕ куы ӕрбацыдысты, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгты йӕ сӕрыл тох кӕнын нӕ бауагъта (Матфейы 26:51, 52).

Мӕнг дин дзуры, зӕгъгӕ, фыдгӕнджытӕ хъизӕмар кӕндзысты зындоны арты. Библийы та дзырдӕуы, тӕригъӕд мӕлӕтмӕ кӕй кӕны (Ромӕгтӕм 6:23). Иегъовӕ у уарзондзинады Хуыцау. Уӕдӕ цымӕ ахӕм уарзӕгой Хуыцауӕн йӕ бон у адӕмы ӕнустӕм хъизӕмарӕй марын? Ницы хуызы! Дзӕнӕты уыдзӕн ӕрмӕстдӕр, Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы дин цӕуы, уый (Раргомад 15:4). Сайтаны мӕнгдзинадыл бындуриуӕггӕнӕг динтӕ та се ’ппӕт дӕр фесӕфдзысты.