16 УРОК
Хуыцауы кӕй уарзыс, уый ӕвдис
Цӕмӕй дын дӕ хӕларимӕ хорз ахастытӕ уа, уый тыххӕй хъуамӕ йемӕ ныхас кӕнай. Ды фӕхъусыс уымӕ, уый та — дӕумӕ. Иннӕтӕн дӕр йӕ хорзы кой фӕкӕныс. Хуыцауы хӕлар куы уай, уӕд дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнай. Ӕркӕс ма, Библи уый тыххӕй цы дзуры, уымӕ.
Иегъовӕимӕ ӕдзухдӕр куывды мидӕг ныхас кӕн. «Ӕппынӕдзух кувут» (Ромӕгтӕм 12:12, НД).
Кӕс Хуыцауы Ныхас Библи. «Ӕппӕт Фыст у Хуыцауы Удӕй ӕмӕ пайда у сахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, сраст уӕвынӕн» (2 Тимофеймӕ 3:16).
Дзур иннӕтӕн Хуыцауы тыххӕй. «Ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты... ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн» (Матфейы 28:19, 20).
Паддзахады Залмӕ фембӕлдтӕм цу. «Уыдзыстӕм лӕмбынӕг кӕрӕдзимӕ, уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕнгӕйӕ... кӕрӕдзийӕн амондзыстӕм [«кӕрӕдзийы ныфсхаст кӕнӕм», НФ] (Дзуттытӕм 10:24, 25).
Ӕххуыс кӕн Паддзахады хъуыддагӕн. «Алчидӕр хай кӕнӕд йӕ зӕрдӕ куыд зӕгъы, уымӕ гӕсгӕ, ӕнӕхъынцъымӕй ӕмӕ тыххӕй кӕнӕгау нӕ; уымӕн ӕмӕ барвӕндонӕй дӕттӕджы уарзы Хуыцау» (2 Коринфӕгтӕм 9:7).