Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

17 УРОК

Цӕмӕй дӕ хӕлары ма фесафай, уый тыххӕй йын дӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ уай хӕлар

Цӕмӕй дӕ хӕлары ма фесафай, уый тыххӕй йын дӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ уай хӕлар

Хӕлардзинад бындуриуӕг кӕны уарзондзинадыл. Иегъовӕимӕ цас фылдӕр зонгӕ кӕнай, уыйас ӕй фылдӕр уарздзынӕ. Ӕмӕ Хуыцауы тынгдӕр куы бауарзай, уӕд дӕ фылдӕр фӕнддзӕн уымӕн лӕггад кӕнын. Уый дӕ сразӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинаг суай (Матфейы 28:19). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты амондджын бинонтӕм куы ӕрбаиу уай, уӕд уыдзынӕ Хуыцауы хӕлар ӕнустӕм. Уый тыххӕй дӕ цы аразын хъӕуы?

Хуыцауы кӕй уарзыс, уый хъуамӕ ӕвдисай, йӕ закъӕттӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ. «Хуыцауы уарзын уый у, цӕмӕй мах ӕххӕст кӕнӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ; ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ уӕззау не сты» (1 Иоанны 5:3).

Цы базонай, уымӕй дӕ царды пайда кӕн. Йесо уый тыххӕй ӕрхаста цӕстуынгӕ цӕвиттон. Иу зондджын лӕг сарӕзта йӕ хӕдзар къӕдзӕхыл, ӕнӕзонд лӕг та йӕ сарӕзта змисыл. Тыхджын уад куы сыстад, уӕд къӕдзӕхыл арӕзт хӕдзар фидар лӕууыд, змисыл арӕзт хӕдзар та ныккалд. Йесо загъта, зӕгъгӕ йын йӕ ахуырӕдтӕм чи хъусы ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон сты, йӕ хӕдзар къӕдзӕхыл чи самадта, уыцы зондджын лӕджы хуызӕн. Фӕлӕ йын йӕ ахуырӕдтӕм чи хъусы ӕмӕ сӕ чи нӕ ӕххӕст кӕны, уыдон та сты, йӕ хӕдзар змисыл чи самадта, уыцы ӕнӕзонд адӕймаджы хуызӕн. Кӕцы лӕджы фӕзмын дӕ фӕнды? (Матфейы 7:24—27, НФ).

Нывонддзырд раттын. Уый нысан кӕны Иегъовӕйӕн куывды мидӕг зӕгъын, ӕнустӕм дӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уый тыххӕй. Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнгӕйӕ ӕвдисдзынӕ, Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинаг кӕй дӕ, уый (Матфейы 11:29).

Донаргъуыд райсын. «Райс донаргъуыд, ӕмӕ ӕрыхс дӕ тӕригъӕдтӕ, Хицау Йесойы ном ссаргӕйӕ» (Куыстытӕ 22:16, НФ).

Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕн. «Цы кӕнут, ӕппӕтдӕр кӕнут зӕрдиагӕй, куыд адӕймӕгтӕн нӕ, фӕлӕ Хицауӕн [«Иегъовӕйӕн», НД]» (Колоссӕгтӕм 3:23).