Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

1 УРОК

Хуыцау дӕ хоны, цӕмӕй йӕ хӕлар суай

Хуыцау дӕ хоны, цӕмӕй йӕ хӕлар суай

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлар уай. Искуы дӕ бауырныдтаид, куы дын загътаиккой, зӕгъгӕ, дӕ бон у Дун-дунейы ӕппӕты номдзыддӕр Гоймаджы хӕлар уӕвын? Рагзаманы цард Авраам, ӕмӕ уый хуынд ӕрцыд Хуыцауы хӕлар (Иаковы 2:23). Библи ма ноджыдӕр дзуры, Хуыцауы хӕлар чи уыд ӕмӕ тынг арфӕгонд чи уыд, ахӕм бирӕ адӕймӕгты тыххӕй. Абон адӕмтӕ ӕппӕт бӕстӕтӕй дӕр систы Хуыцауы хӕлӕрттӕ. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай.

Адӕймаджы хӕлар уӕвынӕй Хуыцауы хӕлар уӕвын хуыздӕр у. Хуыцау йӕ иузӕрдион хӕлӕртты фыдӕнхъӕл никуы фӕкӕны (Псалом 17:26). Хуыцауы хӕлар уӕвын цыфӕнды хъӕздыгдзинадӕй дӕр хуыздӕр у. Хъӕздыг адӕймаг куы амӕлы, уӕд йе ’хца кӕмӕндӕр баззайынц. Фӕлӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕм цы хъӕздыгдзинад ис, уый сын никӕй бон у байсын (Матфейы 6:19).

Чи зоны дӕ иуӕй-иутӕ ма уадзой Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ исын. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ ма уадзой де ’мбӕлттӕй дӕр иуӕй-иутӕ ӕмӕ дӕ бинонтӕ дӕр (Матфейы 10:36, 37). Кӕд дыл иннӕтӕ худынц кӕнӕ дӕм ӕртхъирӕн кӕнынц, уӕд дӕхимӕ ратт фарст: «Кӕй фӕндон ӕххӕст кӕнын мӕ фӕнды — адӕмы ӕви Хуыцауы?» Ахъуыды ма кӕн: исчи дӕ хӕрын куы нӕ уадзид, уӕд ӕм байхъусис? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Хӕринаг дӕ хъӕуы, цӕмӕй цӕрай. Хуыцауы бон та у дӕуӕн ӕнусон цард радтын! Уӕдӕ дӕ макуы мачи бахъыгдарӕд, Хуыцауы хӕлар уӕвынӕн дӕ цы хъӕуы аразын, уый базонын (Иоанны 17:3).