Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 УРОК

Дӕ иууыл хуыздӕр хӕлар у Хуыцау

Дӕ иууыл хуыздӕр хӕлар у Хуыцау

Хуыцауы хӕлар суӕвынӕй хуыздӕр ницы ис. Хуыцау дӕ ахуыр кӕндзӕн, амондджынӕй ӕмӕ фӕрнӕй куыд ис цӕрӕн, ууыл; уый дӕ ссӕрибар кӕндзӕн бирӕ мӕнг уырнындзинӕдтӕй ӕмӕ ӕвзӕр ахуыртӕй. Уый дын хъусдзӕн дӕ куывтытӕм. Ӕххуыс дын кӕндзӕн, цӕмӕй мацӕуыл тыхсай ӕмӕ дзы ныфсджын уай (Псалом 70:5; 72:28). Уӕззау рӕстӕджы Хуыцау де ’нцой балӕудзӕн (Псалом 17:19). Уымӕй уӕлдай ма дын Хуыцау ӕнусон цард дӕр балӕвар кӕндзӕн (Ромӕгтӕм 6:23, НФ).

Хуыцауимӕ хорз ахастыты куы уай, уӕд дын Хуыцауы хӕлӕрттимӕ дӕр уыдзӕн хорз ахастытӕ. Уыдон суыдзысты дӕ хӕлӕрттӕ дӕр. Бӕлвырддӕрӕй та дын уыдон уыдзысты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты хуызӕн. Уыдон дын ӕхсызгонӕй радзурдзысты Хуыцауы тыххӕй, ӕххуыс дын кӕндзысты ӕмӕ дӕ фидар кӕндзысты.

Мах Хуыцауы хуызӕн не стӕм. Хуыцауимӕ хӕлардзинадмӕ куы тырнай, уӕд хъуамӕ зонай иу ахсджиаг хъуыддаг: Хуыцауимӕ хӕлардзинад дыууӕ адӕймаджы хӕлардзинады хуызӕн нӕу. Уый у махӕй бирӕ хистӕр, бирӕ зондджындӕр ӕмӕ бирӕ тыхджындӕр. Раст куы зӕгъӕм, уӕд уый у нӕ Хицау. Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ суӕм, уӕд ӕм хъуамӕ хъусӕм ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ ӕххӕст кӕнӕм. Уый нын алкӕддӕр уыдзӕн пайда (Исай 48:18).