Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

8 УРОК

Чи сты Хуыцауы знӕгтӕ?

Чи сты Хуыцауы знӕгтӕ?

Хуыцауы фыддӕр знаг у Сайтан Хӕйрӕг. Уый у Иегъовӕйы ныхмӕ растӕг уӕларвон фӕлдисонд. Сайтан ма абон дӕр тох кӕны Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕмӕн дӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕны. Сайтан у фыдбылыз. Уый у мӕнгдзурӕг ӕмӕ лӕгмар (Иоанны 8:44).

Ӕндӕр уӕларвон фӕлдисондтӕ дӕр Сайтанмӕ байхъуыстой ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ растадысты. Библи сӕ хоны хӕйрӕджытӕ. Сайтанау хӕйрӕджытӕ дӕр сты адӕмы знӕгтӕ. Уыдон адӕмы хъизӕмарӕй куы фӕмарынц, уӕд сын вӕййы тынг ӕхсызгон (Матфейы 9:32, 33; 12:22). Иегъовӕ ӕнустӕм скуынӕг кӕндзӕн Сайтаны ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты. Адӕмы тухӕнӕй бирӕ нал мардзысты (Раргомад 12:12).

Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы хӕлар уай, уӕд хъуамӕ ма кӕнай, Сайтаны цы фӕнды, уый. Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджытӕ Иегъовӕйӕ се сӕфт уынынц. Уыдон сты Хуыцауы знӕгтӕ, ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй ды дӕр Хуыцауы знаг суай. Ды хъуамӕ аскъуыддзаг кӕнай, кӕй коммӕ кӕсдзынӕ — Сайтаны ӕви Иегъовӕйы. Кӕд дӕ фӕнды ӕнустӕм цӕрын, уӕд хъуамӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнай. Сайтан адӕмы сайынӕн бирӕ мадзӕлттӕй пайда кӕны, ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр йӕ къӕппӕджыты бахауынц (Раргомад 12:9).