Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4 ХАЙ

Хӕйрӕгмӕ байхъуыстой. Уый сӕ цӕмӕ ӕркодта?

Хӕйрӕгмӕ байхъуыстой. Уый сӕ цӕмӕ ӕркодта?

Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ нӕ байхъуыстой, ӕмӕ амардысты (Райдиан 3:6, 23).

Евӕ калммӕ байхъуыста, ӕмӕ бӕласы дыргъӕй бахордта. Уый фӕстӕ дзы радта Адамӕн дӕр, ӕмӕ дзы уый дӕр бахордта.

Цы бакодтой, уый раст нӕ уыд – тӕригъӕд сарӕзтой. Уый тыххӕй сӕ Хуыцау Дзӕнӕтӕй расырдта.

Тухитӕ кӕнгӕ цардысты сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ дӕр. Фӕстагмӕ базӕронд сты, ӕмӕ амардысты. Уыдон ӕндӕр дунемӕ нӕ ацыдысты. Амардысты, ӕмӕ сӕ цард ууыл фӕци.

Мӕрдтӕ ницы ӕмбарынц, сыджыт фестынц (Райдиан 3:19).

Мах дӕр мӕлӕтӕй хызт не стӕм, уымӕн ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕ рацыдыстӕм. Мӕрдтӕ ницы уынынц, ницы хъусынц ӕмӕ сӕ бон ницы у аразын (Екклесиаст 9:5, 10).

Йегъовӕйы нӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм мӕлой. Тагъд уый мӕрдты райгас кӕндзӕн. Куы йӕм хъусой, уӕд ӕнустӕм цӕрдзысты.