Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

9 ХАЙ

Зӕхх Дзӕнӕт кӕд суыдзӕн?

Зӕхх Дзӕнӕт кӕд суыдзӕн?

Адӕмы дудгӕбӕттӕй бӕрӕг у, тагъд Дзӕнӕт кӕй уыдзӕн (Лукайы 21:10, 11; 2 Тимофеймӕ 3:1–5).

Библийы нӕ рӕстӕджы тыххӕй фыст уыд, зӕгъгӕ, адӕм уыдзысты ӕхцауарзаг, ӕгъатыр, уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсдзысты.

Уыдзӕн стыр зӕххӕнкъуыстытӕ, хӕстытӕ, адӕм хӕринагхъуаг ӕййафдзысты ӕмӕ низтӕ сбирӕ уыдзысты. Уыцы хабӕрттӕ абон уынӕм нӕхи цӕстӕй.

Чырысти ма загъта, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд кӕй ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххыл дӕр (Матфейы 24:14).

Хуыцауы Паддзахад фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн (2 Петры 3:13).

Йегъовӕ тагъд ӕвзӕр адӕмы се ’ппӕты дӕр фесафдзӕн.

Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ ӕфхӕрд баййафдзысты.

Хуыцаумӕ чи хъусы, уыдон фервӕздзысты, ӕмӕ цӕрдзысты рӕстаг ног дунейы. Уым адӕм ницӕмӕйуал тӕрсдзысты, кӕрӕдзийыл ӕууӕнддзысты ӕмӕ кӕрӕдзи уарздзысты.